Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Джыгкайты Аланæн, бæрнон бынатмæ нысан кæй æрцыд æмæ кæцы баст у 1989-1992, 2004-2008 азты Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архайдтыты хайадисджытæн æппæтварсон æххуыс бакæныныл.

«Куыст здæхт у сæ хъуагдзинæдтæ аиуварс кæнын æмæ сæм хъусдард аздахынмæ. Уыдонмæ ахæм хъусдард нæ уыд бирæ азты дæргъы. Махмæ ис проект, кæцыйы фæрцы мах фæнд кæнæм ног азы фæстæ санаторон-курортон хоскæнынмæ хæстон архайдтыты ветеранты арвитын. Афтæ ма махмæ плæнтты ис орден «Уацамонгæ»-йы кавалертæн куыстмыздмæ бафтауын. Ды дæхæдæг уыдтæ хæстон архайдтыты хайадисæг æмæ хорз зоныс нæ хъахъхъæнджыты æппæт хъуагдзинæдтæ æмæ проблемæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ды æппæт дæ разылæууæг хæстыл фæтых уыдзынæ æмæ махæн нæ бон суыдзæн Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ сæрибардзинады сæрыл йæ цард  нывондæн чи æрхаста, уыцы адæмæн бузныг зæгъын», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæхи фарсæрдыгæй, Джыгкайты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн ахæм æууæнкы тыххæй.

«Æз хорз зонын нæ хæстон архайдтыты ветеранты проблемæтæ. Тынг æхсызгон мын у, ды уыцы темæйыл кæй æрдзырдтай, фыццаг бонæй фæстæмæ лæууыдысты республикæйы сабырад чи хъахъхъæдта, уыдоны темæйыл. Архайдзынæн, цæмæй пайда æрхæссон, равдисон хорз фæстиуджытæ, цы бынаты кусдзынæн, уым», – загъта уый.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.