Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады пресс-службæ нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хореографион скъола-студийы ансамбль «Кафт»-ы хайадисджытæ баулæфдзысты зындгонд æхсæнадæмон сæрдыгон лагерь «Артек»-ы.

«Сау денджызы былгæрон сывæллæтты иууыл стырдæр курорт – «Артек»-ы 15-æм июлæй 4-æм ав-густмæ баулæфдзысты хореографион скъола-студийы хъомылгæнинæгтæ. Ацы хъуыддагыл мах дæр сæмбæлдыстæм стыр цины æнкъарæнтимæ», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады кусæг Уалыты Зарæйы ныхæстæм гæсгæ, марты мæйы Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæн уыд фембæлд сывæллæтты æхсæнадæмон центр «Артек»-ы къухдариуæгадимæ æмæ уыцы фембæлды фæлгæтты баныхас кодтой, цæмæй Хуссар Ирыстонæй 30 сывæллоны бæрц ацы аз хайад райсой æхсæнадæмон фестиваль «Артек»-ы æмæ уыимæ иумæ баулæфой сæрдыгон лагеры.

«Хуссарирыстойнаг сывæллæттæ æртæ къуырийы дæргъы хайад исдзысты æхсæнадæмон фестиваль «Наш дом-Земля»-йы. Ацы мадзæлттæ фыццаджыдæр организацигонд цæуынц Артекы традицитæ дарддæр кæныны хъуыддаджы тыххæй, цæмæй æппæт дунейы сывæллæттæм кæрæдзимæ гуыра хæлардзинад æмæ уарзондзинад. Ацы фестивалы сæйраг æмæ цымыдисон цау уыдзæнис «Национ культурæты армукъа». Мадзалы фæлгæтты 71 бæстæйы фæсивæд «артекæгтæн» радзурдзысты сæ райгуырæн бæстæты тыххæй æмæ сæ базонгæ кæндзысты сæ культурæ æмæ æгъдæуттимæ», – зæгъынц пресс-службæйы.

Ацы æхсызгон хъуыддаджы тыххæй Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Радæ арфæ ракодта УФ-йы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæн, сæ фарсмæ кæй балæууыд æмæ сын активонæй кæй æххуыс кæны культурæйы фадыджы. «Банысан кæнын мæ фæнды уый æмæ Уæрæсейы нæ минæварад бахъуыды рæстæджы æдзухдæр кæй вæййы нæ фарсмæ. Гасситы Знауыры архайд æмæ æххуысы руаджы скъуыддзаг цæуынц Культурæйы министрады дæлведомствойон уагдæтты материалон базæ фæхуыздæр кæныны фарстатæ, афтæ ма баххуыс кæны Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн Уæрæсейы уагъдцæуæг мадзæлтты хайад райсыны хъуыддаджы дæр», – банысан кодта министр.

                 ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.