Уæрæсейаг «Ветеранские вести», «Военный синдикат Сербии» æмæ сербаг ветеранты организаци «Царь Душан Сильный» 2023 азы январы æмбисы сарæзтой сразыдзинад Ан-диаты Альберты номыл мысæн майдан сфидар кæныны фæдыл, Сербийы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл чи тох кодта, уæрæсейаг уыцы бархионты мысынады тыххæй, – хъусын кæны информацион агентад «Ветеранские вести».

Фондз факты зынгæ æмзæххоны тыххæй

  1. 1990 азы апрелы мæйы Андиайы фырт ацыд Сербимæ æмæ хъæбатырæй хæцыд Косовойы сепаратистты ныхмæ, уыд югославийаг æфсады 549-æм моторизацигонд бригадæйы снайпер æмæ хъахъхъæдта Албани æмæ Македонийы ‘хсæн арæн.
  2. Косово æмæ Метохийы карз тохты Альберт уæззау цæф фæцис, фæлæ дарддæр хæцыд цалынмæ нæ ахауд, уæдмæ. Иудзæстонæй баззад хъæбатыр лæппу. Рынчындоны кæрон-мæ не ‘рлæууыдис – ралыгъд фронтмæ, æмæ уæд та фæцæф ис йæ къух.
  3. Сербийы косовойаг хæсты ветеранæн кодтой стыр кад æмæ-иу æй арæх фæхуыдтой алыгъуызон мадзæлттæм. Иухатт цытджын мадзалы рæстæджы Альберт загъта, зæгъгæ, «мæ цæст сафгæ нæ фæкодтон, æз æй Косовойы ныууагътон» æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, йын, æгæрыстæмæй, Косовомæ æрцæуынæн куы ницы æфсон уа, уæд-дæр æрбаздæхдзæн йæ цæст ссарынмæ.
  4. Хæсты фæстæ бархион баззад Сербийы. Уым йæхицæн æркодта цардæмбал æмæ сын райгуырд фырт Лазарь.
  5. Андиаты Альберт цардæй ахицæн Белграды цур Батайницайы клиникæйы. Сербийы дзыллон информацийы фæрæзтæ фыстой, зæгъгæ, хъайтары амæлæт нынкъуысын кодта сербаг æхсæнады зæрдæтæ.

 

Мысинæгтæ хъайтары тыххæй

Сербийы Андиаты Альберты нымайынц хъайтарыл. «Уый йæ фæстæ ныууагъта æцæг ирон, ирд гоймаджы ном. Уыд æнахуыр хæларзæрдæ, бæстон адæймаг. Æнæнхъæлæджы, бархион æгъдауæй ацыд Ирыстонæй Сербимæ хæцынмæ, йæ цард сбаста æфсымæрон бæстæимæ æмæ йæ туг ныккалдта сербиаг дуртыл. А-дунейæ йæ ацыд мын тынг зын уыдис. Йæ хъæбатыр фырты фесæфта Ирыстон, Серби æмæ Уæрæсе дæр», – банысан кодта æфсæддон эксперт Владислав Шурыгин.

Андиаты Альбертимæ бирæ азты дæргъы хæлар уыд  æфсæддон уацхæссæг Александр Сладков. Йæ амæлæт ын нымайы йæхи трагедийыл. Уый йемæ базонгæ Сербимæ йæм репортаж аразынмæ куы æрцыд, уæд. «Æнæферохгæнгæ адæймаг, тынг зондджын, оригиналон йæ фæлгæндзты, оригиналон йæхи философийы. Дунейы алы къуымты бирæ адæмимæ ныхас кодтон, фæлæ мын Альберт мæ мысынады ныууагъта уæлдай ирддæр фæд. Уыд тынг хæрзæгъдау адæймаг, æцæг хæлар. Йæ алы ныхасæн дæр уыд арф хъуыды. Дзургæ бирæ нæ кодта,  фæлæ йæ алы дзырды фæстæ дæр лæууыд æнæхъæн философи. Кæй зæгъын æй хъæуы, Андиайы фырт у Ирыстоны сæрыстырдзинад», – загъта Александр Сладков.

Хъыгаг у, цардæй ахæм адæймæгтæ кæй ацæуынц, уый. Адæймаджы фæнды, цæмæй уыдон алыхатт дæр сæрæгас уой, уымæн æмæ ахæмтимæ Зæххыл ис фылдæр рухс æмæ рæстдзинад. Уыимæ ацы знæт æмæ æгъатыр рæстæджыты тынг хъæуынц ахæм адæймæгтæ…

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.