Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитет къорд азты дæргъы кæны йæ хæрзиуæгон архайд, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй тыхст уавæры чи бахауы, уыцы æмбæстæгтæн. 1989-1992 æмæ 2008-æм азты конфликтты рæстæджы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны хъысмæт базонын æмæ бынат рабæрæг кæнын у Комитеты ахсджиагдæр хæстæй сæ иу. Организаци архайы, се ‘нцой лæууы Хицауадимæ, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны бинонтимæ иумæ сæ хъысмæт сын базоныны тыххæй. Комитет æбæрæгæй фесæфæг 11 бинонтæн бакодтой хæлцадон æххуыс æмæ ма афтæ гигиенæйы фæрæзтæй дæр. Сæ кусджытæ æмæ эксперттæ программæйы фæлгæтты уыдысты 10 зæрдæхсайгæ ныгæд бынæтты æмæ сорганизаци кодтой 6 мадзалы, чи фесæфт, уыдон бинонтæн психосоциалон æххуыс бакæныны тыххæй. Бакодтой ма гуманитарон æххуыс алыхуызон гигиенæйы комплекттæ æмæ уæлæдарæсæй дæр.

Дарддæр дæр æххуыс кæны иууыл æвæрæздæр категорийы цæрджытæн. Зæгъæм, 239 адæймагæн æрвыл квартал дæр бакæнынц гуманитарон æххуыс хæлцад æмæ гигиенæйы фæрæзтæй. Цæвиттон, ивгъуыд аз хæлцадон пакетты иумæйаг бæрц уыд 2, 901 æмæ ахæм хуызы æххуыс гигиенæйы фæрæзтæй та уыд 967. Уымæй дарддæр ма 125 æвæрæз бинонтæн баххуыс кодтой сугæй фæйнæ 4 кубометры.

Бинонты бастдзинад сæндидзын кæнын æмæ се нцой балæууыны фæлгæтты Комитет æххуыс кæны, конфликтты фæстиуæгæн йæ хæстæджытæ æмæ хиуæттимæ бастдзинад кæмæн нал ис, уыдонæн. Фадат сын дæтты Сырх Дзуары Ныстуан хиуæттæм арвитынæн, кæнæ та сын баххуыс кæны телефонон бастдзинадæй. Номхуындæй  та Комитет бинонты уæнгты ‘хсæн æххуысы охыл ауагътой 34 телефонон æмæ 19 видеодзæнгæрæджы, 13 бинонты уæнгты та баиу кодтой æмæ афтæ дарддæр. Сырх Дзуары Комитет йе ‘ххуысы хай бакæны, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй йе нæниздзинадæй чи фæтыхсы, уыдонæн æндæр медицинон уагдæттæм сæ фæхæццæ кæныны тыххæй. Ахæм архайд ивгъуыд аз бакодта 242 хатты. Ноджы ма ортопедион æххуыс бакодта æмбæстæгтæн ахæм хуызтæй, куыд инвалидон коляскæтæ 5, 3 фæлысты лæдзгуытæй, ходуноктæ 4, 3 протезы æмæ 4 та – лыстæг лæдзгуытæ.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.