Активондзинады уавæры ацыдысты Парламенты æвзæрстытæ Цхинвалы районы Къостайыхъæуы №21 æвзарæн фадыджы дæр. Сæ райдайыны рæстæг кæд нæма уыд, уæддæр æмбæстæгты иу хай æрбамбырд сты астæуккаг скъолайы кæртмæ æмæ æнхъæлмæ кастысты се ‘мбæстагон хæс кæд сæххæст кæндзысты. Уæдмæ байгом сты дуæрттæ æмæ æмбæстæгтæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ хызтысты мидæмæ. Хъæлæс дæтджыты      ‘хсæн фыццæгтæ уыдысты Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал, Джиоты Владимир, Мамиты Мзия, Хуыбиаты Мурман, Цхуырбаты Лев, Мæлдзыгаты Ахмæт, Нарик, Ходы хъæуы цæрджытæ Кокойты Фатимæ, Гæбæраты Ирæ æмæ æндæртæ. Æвзарджытæй алчи дæр хъæлæс дæтта йæ зæрдæмæ æввахсдæр чи лæууыд, адæмы цард фæхуыздæр кæнынæй сæ фылдæр ныфс кæмæй уыд, ахæм кандидат æмæ партийæн.

Зæгъын хъæуы, æвзарджытæ боны дæргъы кæй уыдысты активон æмæ кæй ацыдысты сабыр уавæры. Нæ республикæйы æмбæлон органтæ фæстаг рæстæджы тынг архайынц хъæууон цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæныныл. Уый  æнкъарынц Къостайыхъæуы цæрджытæ дæр æмæ сæ бузныг сты.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.