Уæрæсейы империйы ныппырхы фæстæ, 1917 азы 26 майы Гуырдзыстон хæдбардзинад куы расидт, уæд уайтагъд бафæлвæрдта Хуссар Ирыстоны территори йæхи бакæнынмæ. Уыцы хъуыддаг ирæтты ‘рдыгæй расайдта карз ныхмæлæууынад. Уыцы аз, ома 1917 азы 6-9 июны Дзауы хъæуы уагъд цыд Хуссар Ирыстоны Националон Советы фыццаг съезд. Съезды делегаттæ уыдысты алыгъуызон политикон партиты минæвæрттæ – эссертæ, анархисттæ, большевиктæ æмæ афтæ дарддæр. Съезд националон фарсты фæдыл сæрмагонд уынаффæйы бафидар кодта ирон адæмы бар сæ сæрибар хæдуагæвæрды фæдыл.

«Кæд кавказы адæмтæ райсой территориалон-националон автономитæ, уæд ирæттæн, иу националон автономийы хуызы бар ис, цæмæй сæхæдæг сæрибарæй сбæлвырд кæной сæ хæдуагæвæрд», – дзырдæуы райсгæ документы. Гуырдзыстон рацыд ахæм уынаффæйы ныхмæ. Гуырдзыстоны хицауады ныфс уыд Бындурæвæрæг Æмбырдæй, фæлæ йæ ныппырхы фæстæ цæхгæр фæивта йæ политикон курс. Уæдæй фæстæмæ Гуырдзыстон райдыдта ирæтты этникон æмæ политикон хæдуагæвæрды фæдыл цыфæнды архайд дæр цъист кæнын, иунæг методыл дæр æлгъ нæ кæнгæйæ.

1920 азы 8 июны хуссайраг ирæттæ растадысты сæ националон интересты сæ-рыл, ныддæрæн кодтой гуырдзиаг отрядты æмæ бацахстой Цхинвал. Уый фæдыл Хуссар Ирыстоны Ревкомы бардзырды дзырдæуы Хуссар Ирыстоны «Онæй Душетмæ» Советон хицауад расидын æмæ «Советон Уæрæсеимæ» баиуы тыххæй.

Гуырдзыстонæн Хуссар Ирыстоны Советон хицауад расидын ссис формалон æфсон Хуссар Ирыстоны уæрæхмасштабон куынæггæнæг операци ауадзын æмæ ирон адæмы физикон æгъдауæй скуынæг кæнынæн.

1920 азы 7 июны гуырдзиаг куынæггæнæг экспедицийы хистæр, булкъон Чхеидзе Гуырдзыстоны хицауадæй ракуырдта Хуссар Ирыстоны хъæутæ басудзыны бар. Ахæм бар ын, кæй зæгъын æй хъæуы, лæвæрд æрцыд. 1920 азы 17 июнæй райдайгæйæ гуырдзиаг æфсæдтæ практикон æгъдауæй басыгътой Хуссар Ирыстоны алы хъæу дæр. Уыдæтты тыххæй Филипп Махарадзе фыста:

«Мах не рлæудзыстæм уыцы æбуалгъдзинæдтæ æмæ хъæддаг митæ фыссыныл, кæцытæ арæзтой лæгмар Джугъелийы сæргълæудæй гуырдзиаг æфсад æмæ гвардионтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн. Уыдон нæ хицæн кодтой зæронды æрыгонæй, нæлгоймагы сылгоймагæй, хотыхджыны æнæхотыхджынæй. Гуырдзиаг лæгмартæ сæхи дардтой, куыд сырдтæ æмæ хъæддæгтæ. Уыдон алкæй дæр мардтой æнæвзаргæйæ, сæ разы цæуылдæриддæр æмбæлдысты, уыдон пырх кодтой, сыгътой».

Мæнæ уыдон та, Лев Троцкий «рыцарь грузинского национального движения» кæй хуыдта, уыцы Валико Джугъелийы бонæгæй:

«Нæ алфæмблайы судзынц ирон хъæутæ… Кусæг кълас æмæ со-циализмы интерестæм ахасты мах уыдзыстæм æгъатыр. О, уыдзыстæм. Æз æнцойзæрдæ æмæ сыгъдæг намысимæ кæсын сыгъдæттæ æмæ фæздæджы къуыбылæйттæм».

Уыцы тугуарæн геноцидæй ма аирвæзын кæмæн бантыст, уыдон сæ ных сарæзтой Цæгат Ирыстонмæ. Уыдон уыдысты 50 мин адæймаджы бæрц. Цæгатмæ хызтысты хæхты сæрты, Зикъарайы æфцæгыл. Лигъдæттæн сæ бæрæг хай аскъуыдысты уазал æмæ стонгæй, чи сыл сыстад, уыцы алыгъуызон хæцгæ низтæй.

Хуссар Ирыстоныл æрцæугæ зиæнттæ (1918-1920 азты геноциды фæдыл парламентон къамисы зонæнтæм гæсгæ):

Амардтой 387 нæлгоймаджы, 372 сылгоймаджы, 110 сывæллоны – 669 адæймаджы. Лыгъды æмæ эммиграцийы рæстæджы амард 1906 нæлгоймаджы, 1203 сылгоймаджы, 1734 сывæллоны – 4143 адæймаджы. Иууыл иумæ амард 4812 адæймаджы. Тыхми бакондæуыд 62 сылгоймагæн. Басыгътой 4227 хæдзары. Ныххафтой 1268 хæдзары. Атардтой 19764 сæры ставдкъах фос, 46428 сæры лыстæгкъах фос. Фесæфтис 4077 стуры. Бынтондæр фесæфт 1920 азы Хуссар Ирыстоны тыллæг. Фактон æгъдауæй Хуссар Ирыстоны ныллæууын кодтой сæфты фæндагыл…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.