Куыд зонæм, афтæмæй гагадыргътæй æппæты тагъддæр æмæ раздæр сцæттæ вæййы æрыскъæф. Æрыскъæф садзы-нæн иууыл хуыздæр рæстæг у августы мæйы кæронæй суанг октябры мæймæ дæр. Уалдзæ-джы йæ куы ныссадзай, уæд дын нæ ратдзхæн тыллæг, иугай гагадыргътæй дарддæр. Фæлæ йæ ацы афон куы ныссадзай, уæд дын иннæ аз сæрддæргъы дæт-дзæнис æмбæлон тыллæг.

Æрыскъæф хауы бирæазон зайæгойтæм. Иудадзыгдæр йæ сыфтæ вæййынц цъæх. У дыууæ хайæ конд – уидæгтæ æмæ къудзитæй. Къудзитыл фæзыны чысыл къуыбыргæндтæ. Куыдфæстагмæ уыдонæй разайы «рихитæ». Йæ «рихитæ» разынынц йæ тыллæг æфснайд куы æрцæуы, уæд. Уымæн æмæ уымæй размæ æрыскъæф мæрæй цы хæринаг исы, уый хардзгонд фæцæуы тыллæгæрзад æмæ сыфтыл. Æрыскъæфы къуыбыртæ арæхдæр фæзынынц фыццаг æртæ азмæ, уый фæстæ сæ ны-мæц фæкъаддæр вæййы. Ацы гагадыргъмæ ахæм биологон миниуджытæ кæй ис, уымæ гæсгæ йæм хъæуы цæст дарын.

Æрыскъæфыл «рихитæ» зайын куы райдайы, уæд æм уæлдай хуыздæр зилын фæ-хъæуы. Хъуамæ арæхдæр цæуа рывд. Уыимæ йын йæ «рихитæ» се ‘ппæт уадзын нæ хъæуы. Кæс æмæ дзы ставддæр чи уа, уый ныууадз, иннæты хъуамæ скуынæг кæнай. Æрыскъæфы æртæ азæй фылдæр уадзын нæ хъæуы, стæй йæ тыллæг кæны къаддæрæй-къаддæр. Иууыл хъæздыгдæр тыллæг фæдæтты дыккаг æмæ æртыккаг аз. Уый фæстæ йæ хъæуы ивын, «рихитæ» цы ног къудзитæй равзæры, уыдонæй. «Рихиты» рæзты рæс-тæджы мæр хъæуы фæлмæн кæнын. Уый вæййынц майы фыццаг бонты. Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ æрыскъæфæн йæ тыллæг куы сисынц, уæддæр ма фæрæзынц йæ сыфтæ. Зымæджы уазæлттæм йæ сыфтæ бахус вæййынц æмæ уалдзæджы ногтæ фæзынынц. Бынтон æндæргъуызон сты æрыскъæфæн йæ уидæгтæ иннæ гагадыргътæй. Уидаг мæры ацæуы 10-15 сантиметры, иуæй-иу хатт та ноджы арфдæр. Æрыскъæф тынг бирæ уарзы хуры хъарм æмæ рухс. Уыимæ æнæфæразон у хуры тæвдæн дæр, уæлдайдæр мæры уымæлад цъус куы вæййы, уæд. Гæнæнуæвгæйæ йæ садзын нæ хъæуы фаг рухс кæм нæ хæццæ кæны, ахæм рæтты, уымæн æмæ кæд «рихитæ» уадзы, дидинæг фæкалы, уæддæр йæ тыллæг зæрдæйыфæндиаг нæ вæййы. Дидинæг калыны рæстæджы йæм уымæлад фаг куынæ хæццæ кæна, уæд лыстæг рауайынц йæ дыргътæ, иннæмæй та æмгъуыдæй раздæр æрызгъæлынц. Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй æрыскъæфы уымæлад тынгдæр фæхъæуы апрелы мæйы.

Уæлдæфы хъæрмад æмæ уымæлад цас æмбæлы, уыйбæрц куы уой, уæд тыллæг вæййы бирæ хæрзаддæр æмæ ставддæр. Уыимæ хуыздæр рауайы сæкæр, туагад æмæ æндæр минералон буарадтæй. Рæстæмбис хъæрмад хъуамæ уа 28-30 градусы, уымæлад та – 85-90 процентыл. Æрыскъæфæн йæ тыллæг æфснайгæйæ къæвдатæ арæх куы вæййы, уæд æвзæр-æрдæм фæзынынц продукцийы хæрзгъæддзинадыл.

Æрыскъæфы сорттæ æдæппæт сты 2000 бæрц. Фæлæ се ‘ппæт мах уавæрты нæ дæттынц хорз тыллæг. Бæрæг куыд у, афтæмæй иууыл хуыздæр тыллæг дæттынц ахæм сорттæ, куыд «Машук», «Выставочная», «Фестивальная», «Восток», «Королевская-100»,  «Восход» æмæ æндæртæ.

Ацы культурæйы садзын хъæуы фæлмæн æмæ хорз куыстгонд зæххыты. Садзын æй нæ хъæуы раздæр хъæдындз, памидор, джитри, нуры æмæ æндæр халсæрттæ кæм уыд, ахæм хуымты, кæннод та мæр-мæ йæ ныссадзыны размæ бахæссын хъæуы чъыры тæнгъæд ссад. Уый фæстæ йæ хъæуы къахын æмæ хæмпус кæнын.

Æрæджыйы онг дæр ма амыдтой, зæгъгæ, æрыскъæф садзын хъæуы августы мæйы. Фæлæ уый раст нæу. Уымæн æмæ æвзартæ цæттæ нæма вæййынц, июлы-августы цы «рихитæ» фæзыны, уыдоныл фаг нæма вæййынц фидар уидæгтæ æмæ сыфтæ. Уымæ гæсгæ тæссаг у хуры хъарммæ куы фæсахъат уой. Садзгæйæ æнæмæнг мæрыл пырх кæнын хъæуы дон. Алы метры фæзуатыл дæр дон кæнын хъæуы дыууæ литры бæрц. Хъуамæ æвзарæнтæ уой æнæсахъат, хæрзмыггаг. Уыимæ сыл бирæ уа уидæгтæ. Алы æвзарыл дæр хъуамæ уа 2-3 сыфы. Æрыскъæфы æвзартæ куы ныссадзай, уæд ма сыл хъуамæ ба-пырх кæнай дон. Садзын та йæ хъæуы асæст боны. Уæд хуыздæр схæцы.

Зонын хъæуы уый дæр æмæ æппæты тæссагдæр æрыскъæфæн у зулкъ. Йæ зæнг ын ахæры æмæ хус кæнын райдайы. Уый зымæгиуат кæны мæры, æрыскъæфы къудзиты æмæ сыфты. Зулкъ цы сыф бахæра, уый уайтагъд æмпылын райдайы. Зулчъытæ кæм фæзыной, уыцы зайæгойты хъæуы хлор æмæ чъыры тæнгъæдæй бапырх кæнын. Уый фæстæ сæ сыджыты бын фæкæн. Уымæй уæлдай ма æрыскъæфæн стыр зиан хæссы даргъбырынкъ хъæндил кæй хонынц, уый дæр. Йæ хуыз у сау æмæ йæ æнцонтæй ис сыфты ‘хсæн фенæн. Ацы цæрæгой зымæги-уат кæны зæронд сыфты ‘хсæн. Фидар у уазалæн. Æйчытæ ра-уадзы æмæ сæ равзæры чысыл зулчъытæ. Алы хъæндил дæр уалдзæг рауадзы 40-50 айчы.

Æрыскъæфыл бахæцы алыгъуызон низтæ дæр, уæлдайдæр та æрвгъуыз зокъониз. Сахъат кæны куыд сыфтæ, афтæ зæнджы æмæ суанг тыллæджы дæр. Цæмæй зайæгойыл ма бахæца, уый тыххæй йæ рагуалдзæджы хъæуы нитрафонæй бапырх кæ-нын. Дæс литры доныл ныккæнын хъæуы 200 граммы. Ахæм химикат куынæ уа, уæд спайда кæнын хъæуы бордойаг тæнгъæдæй.

Медицинæйы куыд бæрæг у, афтæмæй æрыскъæфы бирæ ис витаминтæ С, А, Б. уымæ гæсгæ уый стыр ахъаз у адæймаджы æнæниздзинадæн.

КОЦТЫ Фаридæ,

талахъомылгæнæн станцы, зайæгойтæ

хъахъхъæныны хайады сæйраг специалист

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.