Адæймаджы æнæниздзинад сæйраджыдæр баст у, цы хæлц хæры æмæ дон нуазы, уыдонимæ. Нæ дуджы, раздæры азтимæ абаргæйæ, сарæхдæр сты алыхуызон низтæ. Адæймаджы организмыл та алцыдæр тых у æмæ барвæндонæй ма хъуамæ цыбыр кæнæм нæ царды бонтæ. Уавæр фæкарздæрис фæстаг 70-80-æм азты, адæймаг алыхуызон маргхимикаттæй пайда кæнын куы райдыдта, уый фæстæ. Уымæ гæсгæ бынтондæр къух сисын хъæуы химикаттыл. Бирæтæ бафæрсдзысты, æмæ зæгъгæ æнæ уыдон куыд тох кæнæм алы-хуызон низтæ æмæ уырынгонты ныхмæ. Уыдон бæсты спайдагæнæн ис бирæ алыхуызон сыгъдæг биологион мадзæлттæ æмæ препараттæй, æрдз нын лæварæн цы зайæгойтæ ратта, уыдонæй.  Мах нырæй фæстæмæ нæ газеты фæрстыл мыхуыр кæндзыстæм æнæ химикаттæй хъæздыг тыллæг куыд æмæ цы хуызы æркæнæн ис, уый.

Махæй нæ фылдæрæн ис хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ æмæ сæм алчидæр хорз куы базила, уæд æркæндзæнис йæ бинонты фаг дыргътæ æмæ халсартæ. Зæхмæ та базилын хъæуы æрдзон зæхгуысты методæй æмæ афтæмæй æрзайын кæндзыстут экологион æгъдауæй сыгъдæг æмæ хъæздыг тыллæг. Уый тыххæй мæр хъуамæ уа хъацæнджын органикон буарадтæй, сæйраджыдæр æм фаг бахæссын хъæуы фаджыс æмæ фæнык. Фæлæ алцы дæр бæрцæй. Уымæн æмæ уыдон зæххы фаг куы нæ уой, уæд сæ нымæц цъус уыдзæн алыхуызон микроорганизмтæ æмæ къæвдайы уаллæттæн дæр, уыдон та сты нæ сæйраг æххуысгæнджытæ, уыдон хъæздыг кæнынц зæххы мæр. Афтæмæй мæрмæ зылд æрцæудзæн æрдзы закъæттæ æмæ агротехникон фæт-койтæм гæсгæ.

Уырынгонтæ æмæ алыхуызон саскътæ зайæгойты зонынц сæ тæфмæ гæсгæ, æмæ сын æнæмæнг се ‘хсæнты раннæйрæтты ныссадзын хъæуы алыхуызон, тæф чи кæны ахæм кæрдæджытæ, куыд зæгъæм, настурци, битына, календула, нуры æмæ æндæртæ. Афтæмæй уырынгонтæ схæццæ вæййынц æмæ нал фæзонынц, кæцы зайæгойы сой бацъирой, уый. Уымæй дарддæр ацы тæфгæнаг  зайæгойтæм æртæхынц бирæ æндæр пайдайы уырынгонтæ æмæ сæ мах маргæй куы бапырх кæнæм, уæд куынæг кæнæм уыдон дæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ халсарты тыллæг æмгъуыдæй 2-3 къуыри раздæр æркæнынæн ахъаз кæй сты «теплые грядки», кæй хонæм, уыдон. Фæстæдæр уын радзурдзыстæм уыдон куыд саразын хъæуы, уый тыххæй дæр.

Зæрдыл дарын хъæуы уый æмæ рынчын кæй кæнынц æрмæстдæр æдых æмæ лæмæгъ зайæгойтæ. Цæвиттонæн æрхæсдзынæн пъамидормæ зилыны хъуыддаг. Рæстмæ зылд сæм куы нæ вæййы, уæд сæрды æмбисы фæрынчын вæййынц фитофторайæ. Йæ аххосаг вæййы уымæл уæлдæфы уылæнтимæ низхæссæг грибок куы бахауы зайæгойтæм. Уымæ гæсгæ фыццаджыдæр кæрæдзимæ хъуамæ сагъд уой 50-60 сантиметры дæрддзæгæн, сæ быны æмæ алфæмблай хъуамæ æмбæрзт уа кæрдæгæй, науæд хырхы фадæнтæй. Хонынц æй «мульчирование». Дыккаджы та сын сæ бинаг сыфтæртæ хъæуы æртонын, цæмæй се ‘хсæнты уæлдæф сæрибарæй зила. Стæй сæ бапырх хъæуы биологион æгъдауæй активон буарадтæй, нурыйы дон, кæнæ та сылыйæ, донимæ йæ схæццæкæнгæйæ.  Æмæ сæйраджыдæр та иу бынаты дыккаг аз уыцы культурæйæн байтауæн кæнæ ныссадзæн нал ис.

Агротехникон фæткойтæ æмæ нын зæхкуысты бирæ цæвиттонтæ куыд æвдисынц, афтæмæй æрмæстдæр æнæниз зæххыл ис æнæниз æмæ хæрзгъæд дыргътæ æмæ халсартæ æрзайын кæнын. Уый тыххæй фыццаджыдæр æмбæлон æгъдауæй базилын хъæуы зæххмæ. Органикон хъацæнтæй дарддæр мæр хъæздыг кæнынц сидераттæ кæй хонæм, уыдон. Урс горчицæ, фецили, люпин, хъæбæрхор, хъæдуронтæ æмæ æндæр ахæмтæ сæ уидæгтæй зæххы уæллаг цъармæ сцъирынц микро æмæ макроэлементтæ æмæ сын сæ фæстæ цы зайæгойтæ байтауæм, уыдон тыллæг вæййы бæркадджындæр.

ЛохтыДжамбулат,

Дыргъдонгуыстгæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.