РХИ-йы Хицауады уыд УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн Сразыдзинад реализаци кæныны фæдыл РХИ æмæ УФ-йы Иумæйаг къамисы рабадт, кæцы æркаст Хуссар Ирыстоны территорийыл æфсæддон службæйы рæстæджы дыууæ паддзахадон Хъахъхъæнынады министрадты æфсæддон службæгæнджытæй æмæ Мидхъуыддæгты министрадты кусджытæй травмæтæ чи райстой, уыдоны инвалиддзинады документтæ дыууæ бæстæйы дæр банымайыны фарстмæ.

Уæрæсейаг фарсæрдыгæй рабадты хайад райстой УФ-йы Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министры хæдивæг Алексей Вовченко, УФ-йы Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады инвалидты хъуыддæгты фæдыл департаменты директор Дмитри Лигомин, хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй та – РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Сиукъаты Наирæ, Мидхъуыддæгты министрады барадон ифтонгад æмæ дунеон æмгуысткæнынады управленийы хистæр Сиукъаты Артур, Æнæниздзинад хъахъхъæныны бæрнон кусæг Джусойты Димитр, афтæ ма Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны дыууæ министрады æндæр офи-циалон минæвæрттæ.

Æмбырды, кæцы цыд видеоконференц-бастдзинады форматы, уынаффæ цыдис, Сразыдзинады уагæвæрдтæй пайда кæнгæйæ чи сæвзæрынц, уыцы фарстатыл, координаци æрцыдысты йæ реализаци кæныны фæдыл дарддæры къахдзæфтæ.

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй службæйæ чи ссæрибар, уыцы æфсæддон службæгæнджытæ æмæ мидхъуыддæгты органты кусджыты инвалиддзинад бæлвырдгæнæг документты дыууæ фарсæрдыгæй банымайын уыдонæн фадат ратдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы закъондæттынадмæ гæсгæ пенсион ифтонгад равзарын, цы бынаты цæры, уымæ гæсгæ æмæ уый та æвæрццагæй бандавдзæн æмбæстæгты банысангонд категорийы социалон уавæрыл.

Ныртæккæ куыст цæуы кæрæдзийы интерестæ, позицитæ æмæ архайдтытæ æрбæстон кæныныл, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг сты бæлвырд юридикон æмбарынадæн æмæ бадзурæг фæрсты бартæ æмæ хæстæ бафидар кæнынæн.

Иумæйаг къамисы сæйраг хæс у Сразыдзинад эффективонæй ифтонг кæнын.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.