Фестиваль «Сыгъзæрин зымæг» йæ куыст фæци хæрзаудæн акцийæ. Цы æфтийæгтæ дзы райстæуыд, уыдонæй æлхæд æрцыд лæвæрттæ бирæсывæллонджын бинонтæн.

Сабиты циндзинад у æппæты æнæлаз, цардхæссæг æмæ тæмæнкалгæдæр. Хорздзинад таугæйæ мах хæстæг цæуæм нæ нысанмæ  сабитæ сæ мидбыл цæмæй худой, цæмæй махæн та нæ зæрдæтæ батæфсой æмæ сæм бакæла рухс.

Кæд æмæ «Сыгъзæрин зымæг» иуцалдæр сывæллонæн иучысыл уæддæр фæамондджындæр кодта сæ цард, уæддæр уый дæр у стыр уæлахиз. Уадз æмæ хæрзиуæджы хуры тын ацы аз уæлдай хуыздæр фæкæнæд нæ уарзт æмæ аудындзинадæй хъуаг чи у, уыдонæн.

Фæсивæды хъæппæрисджын къордæй раздæр куыд фехъуыстам, афтæмæй ногазон армуркæйы сæйраг хъуыды уыди гуманитарон. «Диссæгты зымæгон бæстæ»-йы армуркæйы алыгъуызон рæвдауæнтæ, къухæй кæндтытæ, ногазон хъазæнтæ чи балхæдта, нæ «алæмæтон» хæринæгтæй чи ацаходыдта, уыцы адæм сæ бон куыд уыд, афтæ сæ хай бахастой арфæйаг хъуыддагмæ. Уыдон сты æцæг диссæгтæ аразджытæ.

Хорз у, адæм кæрæдзийæн сæ зæрдæйы хъарм, сæ зæрдиаг аудындзинад æмæ сæ уарзт кæй лæвар кæнынц. Уымæн æмæ сабиты уырны хæрзиуæг кæй ис, æмæ æнхъæлмæ кæсынц диссæгтæм. Уыцы æууæнчы раз царды никæцы зындзинæдтæ æмæ низтæ фæлæудзысты.

Æцæг диссаг цæмæй æрцæуа, уый тыххæй никуы бахъæуынц диссаджы гæрзтæ, нæдæр Митын Дадайы лæдзæг, нæдæр кæлæнгæнæджы хостæ. Уымæн йæ гуырæнтæ нæ зæрдæты сты. Æмæ уæдæ æрмæст нæхицæй аразгæ у аргъау уыдзæн æви нæ, уый…

Цы æхцайы фæрæзтæ нæм æрбафтыд, уыдонæй мах барухс кодтам фондз бирæсывæллонджын бинонты зæрдæтæ. Зæронд Ногазы хæдразмæ мах фæуазæг стæм Тыджыты, Челеты, Козаты, Саулохты æмæ Хъуылымбегты бинонтæм.

«Фæнды нæ зæрдиг бузныджы ныхæстæ зæгъын Тыбылты Леонидæн йæ хъусдарды æмæ нæ бинонтæн цы стыр циндзинад балæвар кодта, уый тыххæй. Ног азы къæсæрыл, æцæгæйдæр, æрцæуы диссæгтæ, æмæ уый мах арæхæй арæхдæр уынæм.

14 январы, мах, рахдæр-иу куыд уыди, афтæ æрвыстам не ‘хсæв нæ уарзон легойæ хъазгæйæ, афтæмæй мæ хъус адардтон, уынджы ‘рдыгæй цы уынæр цыди, уымæ. «Нана, уазджытæ нæм»,- загъта мын мæ чысыл лæппу. Уый уæдмæ зыдта хъуыддаг. Æз æддæмæ ракастæн, æмæ федтон Президенты Администрацийы кусæг æрыгон лæппуты тыргъы лæугæйæ. Уыдон нын ракодтой ногазон арфæтæ æмæ нæм нымдгæнгæйæ æрбалæвæрдтой лæвæртты хызын. Уый мæнæн æцæгæйдæр уыди æнæнхъæлæджы цау.

Бирæсывæллонджын бинонтыл нæ разамонджыты аудындзинад æнкъардæуы æдзухдæр. Хуыцау нын нæ Президенты хайджын скæнæд æнæ-низдзинад, хæрзиуджытæ æмæ æвидийгæ тых æмæ удыхъаруйæ», – загъта Челеты бинонты æфсин.

РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды номыл йæ бинонты æмæ йæхи номæй йæ бузныджы ныхæстæ æрвыста Цхинвалы цæрæг Плиты Юзæ, йæ алыварсон æххуыс æмæ ахъазы тыххæй.

Куыд зонæм, афтæмæй фестиваль-армукæ æмæ хæрзаудæн акци уагъд æрцыдысты РХИ-йы Президенты финансон æххуысы фæрцы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауады пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.