Хæрзаудæн магазин «Рухсы тын» нæ республикæйы иумæйагахуырадон скъолайы ахуыргæнинæгты хоны йæхимæ, цæмæй сæхи сфæлындзой скъолайы дарæсæй. Ацы акци райдыдта августы мæйы райдианы æмæ адарддæр уыдзæнис, цалынмæ скъолайы уæлæдарæс иууылдæр уæрст не ‘рцæуа, уæдмæ. Магазинмæ хуынд цæуынц æххуысхъуаг бинонты сывæлæттæ. Уыдонæн сæ  бон у сæхицæн æнæаргъæй  скъолайон уæлæдарæс цалдæр хуызы формæтæ равзарын.. Сæ фылдæр сты нæуджытæ, фæлæ дзы ис ахæмтæ дæр, кæцыты æрбахастой ныййарджытæ, уымæн æмæ сæ сывæллæттæ сæрды мæйты айрæзтысты æмæ сæ нал хъæуынц. Ацы хæрзаудæн магазины иницатор æмæ йæ сæргълæууæг Хъуылымбегты Ленæ зæгъы, зæгъгæ, сæрмагондæй магазин гом æрцыд æххуысхъуаг адæмæн, фæлæ, зæгъгæ, уадз æмæ æрбацæуой æндæртæ дæр, равзарæнт сæхицæн скъоламæ цытæ сæ хъæуы, уыдæттæ. Магазины ма ссарæн ис канцелярон æрмæджытæ æмæ  ахуыргæнæн чингуытæ дæр.

Хъуылымбегты Ленæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ хæрзаудæн магазинмæ æрбахæсæн ис алыппæт дæр – уæлæдарæс, къахыдарæс, хъазæнтæ, хæлцадон продукттæ, гæрзтæхсæн фæрæзтæ æмæ æндæр ахæмтæ. «Не мбæстæгты  хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ  цалдæр азы фæд- фæдыл кæнынц хæрзаудæн архайд, иузæрдион æххуыс кæнынц бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонтæн. Уыдон сæ нæмттæ рахъæр кæнын нæ фæфæнды æмæ сæ мах дæр нæ фæзæгъæм. Фæлæ нæм ногæй цы дарæс ис, уыдон балхæдтой уыцы сусæг хæрзиуæггæнджытæ», –  зæгъы Хъуылымбегты Ленæ. Уый ма зæгъы, зæгъгæ, ардæм цы дзаумæттæ æрбахæсынц, уыдон кæд хорз уавæры вæййынц, уæдæр сæ Ленæ æмæ йе ‘ххуысгæнæг чызджытæ ныхсынц, ныииту сæ кæнынц æмæ сæ афтæмæй радтынц. «Рухсы тын»-ы уазæг арæх вæййынц Ленингоры районы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ, Дзау æмæ Цхинвалы интернатты ахуыргæнинæгтæ, пансионат «Аудындзинад»-ы æвæгæсæг зæрæдтæ æмæ нæ республикæйы бирæсывæллонджын бинонтæ. «Рухсы тын»-ы кусджытæ сидынц нæ республикæйы æмбæстæгтæм, цæмæй сæм  ‘хуысы къух фæдарой. Кæмæй нæ пайда кæнынц, ахæм дзаумæттæ æрбахæссой. Уыдон сæ кæд нал пайда кæнынц, уæддæр не хсæн разыны ахæмтæ æмæ сæ зæрдиагæй фæагурынц. Ныртæккæ ахæм рæстæг у æмæ нæ адæм хъуамæ кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууой æмæ зын рæстæджыты кæрæдзийæн æххуыс хъом уой.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.