Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ зынгсирвæзтæй бахъахъхъæныны республикон къамисы æмбырд.

Сæйрагдæр дзы ныхас цыдис, ацы бонты республикæйы цы тыхджын къæвдатæ фæуарыд, уыдоны фæстиуджытæ аиуварс кæныны тыххæй. Арæх кæй уарыд, стæй Терчы дон чи æфсады, уыцы цъититæ тайын кæй райдыдтой, уый аххосæй цæугæдæтты æмвæзад дæр фæуæлдæр.

Къæвдаты дæттæ стыр зиæнттæ ракодтой хъæууон хæдзарадæн, бирæ рæтты бахъыг дардтой хидты, фехæлдысты цæугæдæтты дамбæтæ, канализациты коллектортæ хъыгдард баййæфтой æмæ бирæ æндæр фыдбылызтæ. Ныридæгæн æрдзон фыдбылызтæ иуварсгонд цæуынц. Теркæн уал, уæззау техникæйы æххуысæй, йæ донвæд баивтой, стæй, фондз тоннæйы йæ уæз кæмæн у, ахæм æфсæн-бетон блоктæй коллектор бафидар кодтой. Куыстытæ дарддæр цæуынц.

  «Республикæйы Сæргълæууæг нын нæ размæ хæс сæвæрдта. Абон цы фарстатыл дзырдтам, уыдон иууылдæр баст сты цæрджыты æдасдзинадимæ. Уымæ гæсгæ сæ æвæстиатæй аиуварс кæнын хъæуы. Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрадæн, Росводресурсы фæзуатон филиалæн бафæдзæхстон, цæмæй иумæйагæй бацæттæ кæной республикæйы æппæт цæугæдæттæн сæ донвæд расыгъдæгкæныны пълан. Цæмæй фарста лыггонд æрцæуа, паддзахадон æххуыс уа, уый тыххæй та æвæстиатæй бацæттæ кæнын хъæуы бæлвырдгæнæн гæххæттытæ», – банысан кодта Дзанайты Барис.

 

Æппæт дæр – рæзгæ  фæлтæрæн

Фæстаг азты Дзæуджыхъæуы уыййас рæсугъд æмæ хиирхæфсæн бынæттæ фæзынд æмæ сыл туристтæ дæр бадис кæнынц. Æхсызгон у экологон уагæй сыгъдæг трамвайтыл нæ зæрдæ кæй нæ сивтам, уый дæр. Ацы транспорт Уæрæсейы регионты арæх нал у, махмæ та сæ ногтæй ивынц.

Уый нæ, фæлæ ма нæм æрæджы фæзынд трамвайимæ баст ног проект. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæндонæй йæ скодтой амалхъомтæ Гуырцъыты Марат, Пухаты Георгий æмæ Хетæгкаты Тæирбег. Проекты фæлгæтты депойы кусджытæ рацарæзтой иу вагон. Скодтой йыл нывтæ. Ис дзы буфет адджинæгтимæ, 30 адæймаджы бынат æмæ чысыл стъолтæ. Тематикон трамвайы æвдыст цæудзысты мультипликацион кинонывтæ, уыдзæн дзы цай æмæ адджинæгтæй ацаходæн. Трамвайыл цæуæггаг уыдзæн лæвар.

Трамвай цæуын райдыдта фыццæгæм майæ æмæ ссис горæты фидауц. Ахæм лæварæн стыр аргъ скодтой канд сывæллæттæ нæ, фæлæ сæ ныййарджытæ дæр. Бон цалдæр хатты цæудзæн Сабырдзинады проспекты Уæлахизы фæзæй. Горæты уынгты æрзилгæйæ-иу æрбаздæхдзæн уыцы бынатмæ.

Уымæй дарддæр, Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2024 азмæ нæ республикæйы æппæт скъолаты дæр фæзындзæн театртæ.

Куыд фехъусын кодта, афтæмæй скъолаты театрты фарстайæн ис стыр ахадындзинад. Канд ахуыргæнæндæтты нæ, фæлæ æппæт республикæйы инфраструктурæ дæр нымад уыдзæн театрты фæзтыл. Сывæллæттæн уыдзæн театртæм æрбацæуыны æмæ алыхуызон мастер-къласты архайыны бар.

Министры ныхасмæ гæсгæ, ныридæгæн республикæйы скъолаты архайынц 63 театры. Скъолатæ æмгуыст кæндзысты профессион театртимæ. Режиссертæ æмæ аивады сгуыхт архайджытæ æвзонг актертæн сæ дæсныйады лыстæг фæзилæнты тыххæй хабæрттæ радзурдзысты, стæй сын мастер-къластæ амондзысты.

                                                        Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.