Цæгат Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн цы илциисæн пункт ис, уый фæстагмæ тынгæй-тынгдæр дзырдтаг кæны. Транспорт куыд фылдæр кæны, афтæ сын ахизынæн нал фаг кæны. Уæлдайдæр, уæзласæн транспортæн. Фæлæ йæ аххосаг бирæ транспорт нæу, фæлæ æрдзон уавæртæ. Куыд зонæм, афтæмæй ацы фæндаг у Уæрæсейы Гуырдзыстон, Турк, Сомихстон æмæ бирæ æндæр паддзахадтимæ чи бæтты, ахæм. Уымæ гæсгæ дзы бирæ змæлд ис. Уæзласæн машинæтæ ласынц товар алы ‘рдæм уыцы илциисæн пунктыл æмæ уыдон цы зындзинæдтæ æвзарынц, уымæн ныхæстæй зæгъæн нæй. Æрдзыхъæды чысыл фехæлды тыххæй дæр та Гуырдзыстон йæхи ‘рдыгæй фарс æрæхгæны, хæххон фæндæгтыл ахизынæй тас кæй у, уымæ гæсгæ. Æрмæст Ирыстоны ‘рдыгæй фарс æрæмбырд вæййы цалдæргай мин «Камаз»-тæ æмæ сæ фæндаг байгом кæнынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, хатт мæйгæйтты лæууын бахъæуы. Кæрæдзи фæдыл ныррæнхъ вæййынц Кæсæджы ‘рдыгæй æрбацæуæны, Æрхонкæмæ фæндагыл, Джызæлы ‘рдыгæй… Канд сæхæдæг нæ фыдæбон кæнынц, фæлæ хъыг дарынц фæндæгтыл иннæ транспорты змæлд. Уым хæстæг цæрджытæ, сæ бон кæмæн куыд у, афтæ сын балæггад кæнынц. Волонтертæ, аргъуанты кусджытæ сын тæвд хæринаг баласынц, дон. Фæлæ ма бахæрыны уæлдай адæймаджы йæхимæ базилынмæ бирæ цыдæртæ хъæуы æмæ уыцы уавæртæ та нæй. Республикæйы разамынд рагæй дзуры, илциисæн пункты куыст бындуронæй раивын кæй хъæуы, аразгæ дæр дзы цыдæр уавæртæ скодтой, фæлæ мæйгæйтты цæрыны домæнтæн дзуапп нæ дæттынц.

Уæллаг Ларсы илциисæн пункты цы уавæр сæвзæрд, уый бынаты равзарыны тыххæй республикæмæ æрбацыдысты туркаг уазджытæ: Турчы минæвар Уæрæсейы Джихан Гелери æмæ фæндæгты куысты фарстаты тыххæй уы-наффæгæнæг дыууæ паддзахады ‘хсæн Серкан Айылдыз. Уыдон фембæлдысты Æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан, илциисæн пункты хицау Алексей Бреусов æмæ иннæ бæрнон адæймæгтимæ.

Уазджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй Турчы разамынды тыхсын кæны илциисæн пункты уавæр, Цæгат Ирыстоны ‘рдыгæй уæзласæн машинæтæ бирæ кæй фæлæууынц, уыдонимæ туркаг шофыртæ дæр, уый. Сæ ныхас-мæ гæсгæ, канд фыдæбон нæ кæнынц, фæлæ фесæфы бирæ товар.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд радзырдта, афтæмæй уавæр февзæрдæр ацы азы райдайæнæй. Æрдзон уавæрты аххосæй транспорт урæд æрцыд бирæ хæттыты. Уымæн æмæ фыдбылыз куы æрцæуа, уæд дзуапп раттын бахъæудзæн республикæйы разамынды.

Томайы фырт ма ранымадта, бахъуаджы рæстæджы шофыртæн цы уавæртæ арæзт æрцыд, уыдон:фысымуат, хинайæн æмæ схъармгæнæн пункттæ, сæ хъус сæм дарынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады, патрулон посты æмæ паддзахадон инспекцийы кусджытæ, сæ бон у медицинон æмæ социалон æххуыс райсын…

Фæлæ, уæддæр, исты ахадгæдæр мадзæлттæ кæй хъæуы саразын, уыцы хъуыдымæ æрцыдысты уазджытæ æмæ фысымтæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй рацаразынмæ хъавынц илциисæн пункт, хъуамæ азы кæронмæ фæуа, фæлæ уый уавæр бындуронæй нæ аивдзæн. Æвзæр боныхъæды рæстæг уæддæр машинæтæн ахизæн нæ уыдзæн. Турчы минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ, ахизæн пунктæй хуыздæр уаид Гуырдзыстоны ‘рдыгæй уыцы бæрзонд, къæдз-мæдз хохаг фæндæгтæм базилын, тæссаг бынæтты бæрзонд æфсæйнаг бордюртæ сæвæрын. Уый бирæбæрцæй фæахъаз уаид уавæр аивынæн. Туркæгтæ уыцы фæндон фехъусын кæнинаг сты Гуырдзыстоны фарсæн дæр. Кæд сразы уой сæ фæндоныл, уæд та цæттæ сты баххуыс кæнынмæ.

 

ЦЪÆЙМÆ  ТА  РАЗДÆХДЗÆН  ЙÆ  РАЗДÆРЫ  КАД

Хистæр фæлтæр æй хорз хъуыды кæнынц, советон дуджы заман Цъæйы курортты ном куыд нæрыд, уый. Цæгат Ирыстоны хуыздæр уæлдæф æмæ курорттæ кæм ис, уый, туристты нымадмæ гæсгæ, уыд Цъæй.

Фæлæ бæстæйы ныппырхы фæстæ, заууатмæ æрцыдысты уыцы курорттæ дæр. Хицæн адæймæгтæ ма дзы цыдæртæ сарæзтой, æцæг ын раздæры ахадындзинад нал ис. Фæлæ та ныр Алагиры районы разамынд архайы улæфыны ног программæйыл бакусын, курортты куыст абоны домæнтæм гæсгæ рацаразын, уыимæ сног кæнын лыжæтыл бырæн курорты куыст дæр.

Районы разамынды хъуыдымæ гæсгæ, цалдæр азы фæстæ куыддæр Мамысон скуса, афтæ Цъæймæ къаддæр адæм цæудзæн, уымæ гæсгæ хъæуы рæстæгыл ацы куыстытæ бакæнын.

Ныртæккæ цæттæ цæуы амынд курортты рæзты ног прог-раммæ. Уыцы программæмæ гæсгæ курорттæн лæвæрд æрцæудзæн ног статус дæр. Организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы азы кæронмæ улæфæн бынæтты иу хай скусдзæн.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.