Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы куыд уыд, афтæ ныр дæр фæсчъылдымы адæм, уыцы нымæцы хуссарирыстойнаг адæм дæр иу ран нæ бадынц, аразынц алыгъуызон гуманитарон акцитæ æмæ афтæмæй æххуыс кæнынц хæстонтæн. Чи хæрзаудæн концерттæ сорганизаци кæны, чи финансон фæрæзтæ æмбырд кæны, чи та хæстонтæн йæ машинæ балæвар кæны. Иу дзырдæй кæмæн куыд йæ бон у, афтæ архайы æмæ æххуыс кæны фронты уæвæг лæппутæн.

ФРОНТÆН – ТАЙМУРАЗЫ КОНД ЦЪЫНДАТÆ

Фронты хæстонтæн йæ быд цъындатæй хæрзаудæн æххуыс кæны Цæгат Ирыстоны Заманхъулы цæрæг Таутиаты Таймураз. Цыбыртæй уæ базонгæ кæндзыстæм йæ цардвæндагимæ. Йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ æвзонг лæппу ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы арæзтадон техникуммæ. Йæ диплом куы райста, уæд æм æрсидтысты советон æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Украинæйы. Уый куыд зæгъы, афтæмæй советон дуджы дæр бандеронтæ тынг тызмæг адæм уыдысты, салдаттимæ сæхи æгъатырæй дардтой, æфхæрдтой сæ хъæуа, нæ хъæуа, уæддæр.

Таймураз йе ‘мбæстагон хæс куы бафыста, уæд æрæздæхт йæ фыды уæзæгмæ. Йæ ныййарджытæн æххуыс кæнынæй, куысты сæргъ æрлæууынæй райдыдта йæ цард. Бирæ рæсугъд фæндтæ йæм уыд, фæлæ… Иу бон æнамонд хабар æнхъæлмæ каст заманхъуйлаг сæрæн лæппумæ. Бахауд фыдбылызы. Йæ удæн ницы уыд, фæлæ йæ къæхтыл нал слæууыд, коляскæмæ æрхаудта. Æмæ ныр 32 азы цæры коляскæйы æххуысæй, у 1-æм къорды инвалид.

Таймураз кæд фæсахъат, уæддæр йæхимæ нæ ныхъуыста, йæ ныфс нæ асаст. Йæхимæ уыййас хъарутæ ссардта æмæ царды гуылфæнты размæ цыд æмæ ныр дæр цæуы. Заманхъулы цæрджытæ йæ иууылдæр зонынц фæсмын цъындатæ дæсны бийæгæй. Ацы куыст кæны ныр 30 азы дæргъы. Фæлæ зымæгон рæстæджы уæлдай æнæвдæлондæр вæййы. Архайы фылдæр цъындатæ сбийыныл, цæмæй сæ Украинæйы хæстон лæппутæн æрвита. Фарон зымæджы дæр-иу сын арвыста æмæ ацы аз январы мæйы та 30 фæлысты радта хæрзаудæн фонд – «Быть добру»-мæ. Тынг тыхсы хæстон лæппутыл. Æххуыс сын кæны йæ бон цæмæй у, уыцы лæвæрттæй. Йæхицæн дæр æнæзонгæ не сты Украинæйы зымæгон хъызт уазæлттæ. Йæхиуыл сæ уым службæ кæнгæйæ бавзæрста.

Таймуразы ныхæстæм гæсгæ йын æндæхтæ балхæнынц йæ хæстæджытæ, йæ сыхæгтæ. Йе Минтæ та йын тæбын æндæхтæ сыхаг Кæсæгы республикæйæ æрбаласта. Уырдæм, сæрмагондæй, уыдоны тыххæй ацыд. Къуыбылæйттæ стухынмæ та йын баххуыс кæнынц йæ социалон кусæг Куыдзиаты Зæринæ æмæ йæ сыхаг Хъуысаты Фиолеттæ.

Таймуразы кæд хъæздыг лæг схонæн нæй, уæддæр йæ бон куыд у, афтæ æххуыс кæны йæ хъæубæстæн, дæс мины сын радта бæлæстæ балхæнынæн. Æфснайæн зиуты рæстæджы вæййы сæ фарсмæ. Сæ хъæуы Культурæйы хæдзары  мадзæлттæм æй фæхонынц кадджын уазæгæй. Йæ ныййарджытæй сæрæгас ничиуал у, фæлæ йæ хорз сыхбæстæ æмæ хъæубæстæ сты йæ фарсмæ. Архайынц, цæмæй йæхи иунæгæй ма æнкъара цыппар къулы ‘хсæн. Уæлдай бузныг у Заманхъулы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Хадыхъаты Мухадинæй. Ивгъуыд азы ын йæ 60 азы юбилеймæ диссаджы бæрæгбон сарæзта, кусартæн ын фыс дæр йæхи номæй балхæдта.

Ахæм хорз адæм кæй ис Таутиаты Таймуразы фарсмæ, уый йæ кæны цардмæ разæнгард. Хорздзинæдтæ фæуын йæхи дæр уымæн фæнды æмæ йын æнтысгæ дæр кæны.

Æрæджы Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы сæрдар Лалыты Левæ Таймуразы схорзæхджын кодта «Дети войны»-йы майданæй, бакодта йын зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр æмæ дзы баззад райгондæй. Ацы хорз хабарыл бацин кæнынмæ Таутиайы фырты алыварс æрбалæууыдысты йæ сыхæгтæ, Заманхъулы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Хадыхъаты Мухадин, Культурæйы хæдзары директор Æгайты Алинæ, скъоладзаутæ æмæ æндæр уазджытæ.

– Ацы лæвар дын ахæм хъарутæ æмæ тыхтæ раттæд æмæ-иу æм куы æркæсай, уæд-иу дæ зынтæ куыд ферох кæнай æмæ де ‘нæниздзинад та тыхджындæр куыд фæуа, – загъта йын Лалыты Лев.

Ветеранты советы сæрдарæн та йæ аудындзинады, се ‘мхъæуккаджы сын кæй æрхъуыды кодта, уый тыххæй йæхи æмæ хъæубæсты номæй арфæйы ныхæстæ загъта Хадыхъаты Мухадин.

Бузныг загътой Таутиаты Таймуразæн фронтæн йæ хæрзаудæн акцийы тыххæй.

 

ФРОНТÆН 88-АЗДЗЫД СЫЛГОЙМАДЖЫ ÆХХУЫС

Цæгат Ирыстон-Аланийы Æрыдоны районы Хурыхъæуы 88-аздзыд цæрæг Битарты-Плиты Замирæ йæхи къухтæй фронты хæстонтæн сбыта 20 фæлысты хъарм цъындатæ æмæ сæ арвыста фронтмæ. 3 мин сомы та радта Донбассы нæ дæлхæйттæн техникон фæрæзтæ самал кæныны тыххæй. Сылгоймаг ма ахæм ауыдындзинад равдыста сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианы 2022 азы октябры мæйы  æмæ 2023 азы декабры дæр. Афтæмæй фронтмæ арвыста 77 фæлысты фæсмын цъындатæ æмæ йæ пенсийæ та – 9 мин сомы.

Замирæйы  цыппар æфсымæры хайад истой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Сылгоймаг хорз хъуыды кæны уыцы карз хæсты уæззаудзинæдтæ æмæ ныр тынг тыхсы нæ лæппуты тыххæй æмæ куыд йæ бон у, афтæ сыл ауды.

Нæ горæты цæрæг Хъæцмæзты Татьянæ дæр тынг хорз æмбары зымæгон уазал рæстæджыты хæстонтæ уæлдай стырдæр зындзинæдтæ кæй æвзарынц, уый æмæ сфæнд кодта ирон хæстонтæн къуымбил цъындатæ сбийын. Уазал æмæ стонгæй бирæгъ дæр тæрсы. Ивгъуыд аз фронтмæ ирон хæстонтæ арвыста 50 фæлысты хъарм цъындатæ. Ацы аз та арвыста 33 фæлысты. Татьянæйæн йæхи лæппу дæр ныр 6 мæйæ фылдæр хайад исы сæрмагонд æфсæддон операцийы.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ нæ чысыл Хуссар Ирыстонæй æфсæддон операцийы кæй архайы 1100 фылдæр адæймаджы. Уымæн æмæ Уæрæсейы нымайынц сæ дыккаг Райгуырæн бæстæйыл. Уыдон сты контрактонтæ, мобилизацигонд æфсæддонтæ, бархионтæ… Уыдонæй Уæлахизы сæраппонд сæ цард радтой 32 хæстонæй фылдæр.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы, æфсад æмæ адæм фронты æмæ фæсчъылдымы кæрæдзимæ æнгом кæй æрбалæууыдысты, æмхуызон æвæрæн кæй бахастой Уæлахизмæ, уый руаджы знаг дæрæн æрцыд. Уый бахынцгæйæ, абон дæр адæм слæууыдысты нæ хæстон лæппуты фарсмæ стыр Уæлахизы сæраппонд. Иумæйаг тых та хæхтæ фæлдахы…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.