Куыд сæвзæры уæ сæрты нæ ноггуырд паддзахады искæйы   

бæрн бакæныны фæнд, уæлдайдæр та дæс хаттæй фылдæр

куынæг кæй къухтæй æрцыдыстæм, уыдоны бæрны?

Иу кæнæ иннæ адæймаг зонд базыдта, зæгъгæ, уæд уый хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ зонд базоныны фæстæ уый йæ раздæры рæдыдтытæ сфæлхатт кæнын размæ арф æмæ биноныгæй асагъæс кæндзæн.

Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузин «Комсомольская прадва»-йæн йæ интервьюйы цы хъуыдытæ загъта, уыдонæй хатдзæг саразæн ис, Уæрæсе Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы равзæрст политикон размæцыды ныхмæ æрлæууинаг кæй нæу. Ацы хъуыды раздæр та фидаргонд æрцыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн алыгъуызон бадзырдты руаджы. Уымæй дарддæр ма Уæрæсе ацы фарсты фæдыл йæ æнаивгæ политкон цæстæнгас æвдисы алы æмæ алы официалон арфæйы фыстæджыты нæ паддзахады разамынадмæ. Йæ алкæцы фидиуæны дæр официалон Мæскуы фидарæй зæгъы, дыууæ бæстæйы æхсæн фидардæр кæй кæндзысты хъуыддагон æмæ хæларадон ахастытæ. Цы дзуры, уый æххæст дæр кæны ныр аст æмæ ссæдз азы дæргъы. Уæдæ ныхасыл хæйрæг не ʻууæнды, ам та ныхас фидаргонд цæуы хъуыддагæй æмæ махæн цы æфсон ис, цæмæй уыйбæрц æвдисæнæдтыл ма æууæндæм?

Хъыгагæн, бирæтæ сæхи цæттæ кæнынц, нæ размæдзыды æмдзугæнæг ныл сайдæй куы разила, ног, æнæнхъæлцау царды уавæрты куы ныххауæм… уæд нæ хъарм бынæттæй ма фæиппæрд уæм, зæгъгæ. Æмæ афтæмæй уыдон ирон адæмы национ хиæмбарынады фарст сусæг-æргомæй ныгæнынмæ хъавынц се ʻнæрхъуыды æмæ æнæсæрфат зондахасты аххосæй. Уыдонæй чидæртæ сæ мадæлон æвзагыл дзурын сæ сæрмæ дæр нæ хæссынц, æмæ иронау чи дзуры, уыдон та «хъæууон»-ыл, ома, фæстæзадыл нымайынц. Бæргæ, ныры дуджы ма нæм хъæууон цард йæ цырены куы уаид, хъæууонтыл нымад куы уаиккам, уæд уыдон дзырдæй махыл ницы æрцæуид.

Йе, фæлæ уыцы адæм сæ фыруæзданæй хатыр ракурынц ирон адæмæй, «мæ худинагæн, иронау æвзæр зонын æмæ уырыссагау дзурдзынæн», кæнæ «уæртæ хъæуы кæрон иу лæг ис, иронау чи нæ дзуры, æмæ æз уырыссагау дзурдзынæн». Æмæ уыцы æфсæнттæ æрфидар сты нæ адæмы æхсæн, уыцы «мæ худинагæн», зæгъгæ, кады æвдисæн сси, иронау чи нæ дзуры, уыдонæн.

Раздæхæм Уæрæсейы мидхъуыддæгты министры хæдивæг Галузины ныхæстæм. Уый зæгъы, зæгъгæ, Гуырдзыстоны разамонджытæн зондзонæн сты 2008 азы æмæ уый размæйы хæсты цаутæ, æмæ уый тыххæй ныр архайдзысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ сабыр амæлттæй бафидауыныл. Уæд æвзæры фарст: кæд зонд базыдтой, уæд нæ ныхмæ хæцæнгарз нал сисдзысты, уыцы гæххæттыл сæ къух цæуылнæ фыссынц? Науæд кæд не ʻмбæстæгтæй бирæтæ, гуырдзыимæ фидауыны фарс чи лæууы, уыдонæй уыцы фарст цæмæннæ искæмæ фæзыны?

Мæнæ куыд зæгъы нæ адæмы тыххæй Уæрæсейы раздæры разамонджытæй иу: «Мах ирæттæн сæхицæй ирондæр никуы уыдзыстæм», ома, фыццаджыдæр ирон адæм сæхæдæг хъуамæ зоной сæхи, стæй сын уымæ гæсгæ аргъ кæндзысты æцæгæлæттæ дæр.

Цалдæр азы размæ Уæрæсейы зындгонд политикон архайæг, уæды рæстæджы Европæйы æдасдзинад æмæ æмгуыстады организацийы Уæрæсейы делегацийы сæргълæууæг Петр Толстой, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы тыххæй гуырдзыстойнаг уацхæсджыты гуымир фарстæн дзуапп радта:

 «Гуырдзыстон йæ ныфс бахаста Хуссар Ирыстоны адæмы марынмæ. Уыцы хъуыддаг бафидаргонд æрцыд Еврокамисы хатдзæгты фæрцы. Гуырдзыстоны дзуапп раттын бахъæудзæн уыйбæрц адæмы амарыны тыххæй. Уый фæдыл Саакашвили дзуапп хъуамæ радта Гаагайы тæрхондоны раз. Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз та никуыуал, никуыуал бацæудзысты Гуырдзыстоны скондмæ! Уый никуы уыдзæн…»

Хуыцауæй разы, Уæрæсейы минæвæрттæ рæстæгæй рæстæгмæ сæ фæнд-видардзинад кæй равдисынц Ирыстоны уавæры фæдыл. Фæлæ мах кæд суыдзыстæм æцæг ирæттæ, нæ адæмы фидæныл фæндвидарæй куыд лæууæм, нæ сæйраджы æмцæдисоныл æууæндын куыд фæразæм? Æууæнк та, кæнæ ис, кæнæ нæй. Æнæууæнк адæймаг йæхæдæг дæр æнувыд никуы вæййы, æдзух кæны дывæнд æмæ гуызаввæйы амæттаг. Афтæмæй та нæй фидæны цард аразæн. Цæвиттон, махæн нæ къухы цы хæзна ис, хæдбар паддзахады хуызы, уый сæ дæларм радав-бадав кæнынц бирæтæ, куы йæ кæмæн хъарынц, куы кæмæн. Цæмæн? Уымæн æмæ сæ тасы уд æрвиты уыцы фæндæгтыл. Бирæтæ зæгъынц: «Æфсад нæм нæй, æхсæнад дихтæ сты, нæ хъæбатыртæ фæмард сты гуырдзыимæ хæсты. Куыд ма бафæраздзыстæм хæстон уавæрты?». Куыд, зæгъгæ, фыццаджыдæр æууæнчы фæрцы.

Хъуамæ æууæндæм, цы фæндаг равзæрстам, уый раст кæй у æмæ нæ хъæбатырты тугæй фидаргонд. Хъуамæ æууæндæм, нæ зæххыл уазджытæ кæй не стæм. Уымæн та фæстаг рæстæджыты цы стырдæр æвдисæн ис, уый у Уанеты Захары номыл ХИЗИИ зонадон кусæг Джиоты Залинæйы бындурон зонадон куыст нæ фыдæлтæ скифты историйы фæдыл. Уый йæ хатдзæгты фыссы: «…Скифтӕ историон аренӕйы фӕзынынц  нӕ эр. агъ. VIII ӕнусы Раззаг Азимӕ сӕ хӕстон балцы фӕрцы. Иртасджыты къухы цы фыст ӕрмӕджытӕ ис, уыдон, этнографийы, мифологи ӕмӕ археологийы зонӕнтӕ ӕвдисӕн сты, Хуссар Кавказы нӕ эр.агъ. VIII – VII ӕнусты кӕй уыди, Раззаг Ази ӕмӕ ӕгас Хуссар Кавказ йӕ дӕлбар кӕмӕн бахаудысты, уыцы хъомысджын скифаг импери. Скифаг империйы ныппырхы фӕстӕ Хуссар Кавказы территорийыл сырӕзтысты паддзахадтӕ скифтӕ-киммерийӕгты комкоммӕ хайадисты фӕрцы. Уыдон систы ацы политикон арӕзтӕдты класстӕ-этносуӕздӕттӕ..»

Ацы æмæ бирæ æндæр зонадон хатдзæгты фæрцы Джиоты чызг нæ адæмæн дæтты стыр æууæнчы бындур, цæмæй, мах Ирыстоны уазджытæ стут, зæгъгæ, уыцы ныхасæй сын сæ зæрдæйы уаг мачи хала. Хъыгагæн, ацы зонадон куыст бынат нæ ары Ирыстоны историйы чиныджы, фæлæ ацы фарстыл дæр дзурын хъæуы бæстон æмæ ныфсджынæй. Мах та, раст цыма нæ дарæсы фæджджийы зынджытæ дарæм, уыйау нæм зын кæсы нæ паддадзахады хæдбардзинады бæрны бацæуын. Мæн та, нæ хæдбардзинадæй нын фæлхас чи кæны, уыдонæн фæнды æрымысын, цæй бæрц фæндагыл рацыдыстæм, цæмæй абон уыцы номы аккаг суыдаиккам.

Куыд сæвзæры уæ сæрты нæ ноггуырд паддзахады искæйы бæрн бакæныны фæнд, уæлдайдæр та дæс хаттæй фылдæр куынæг кæй къухтæй æрцыдыстæм, уыдоны бæрны?

Гуырдзыстоны премьер-министр Иракли Кобахидзе, стæй сыхаг паддзахады Уæ-рæсейы ʻрдæм здæхт политикты хъуыды «Ирыстон æмæ Абхазы сабырадон амæлттæй раздахын»-ы тыххæй æппындæр ницы фарст æвзæрын кæны адæймагмæ, уымæн æмæ уыцы æнæбындур æмæ æнæрхъуыды фæндтæм цы фарст хъуамæ æвзæра? Фыццаджыдæр уал, ахæм арæхстджынæй, цæуылнæ ис ахъуыдыгæнæн дæлдæр бацамынд фарстытыл:

  1. Ирон хæстонтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдонæй исты бæрæг зонæнтæ раттын.
  2. Ирон адæмæй чи фæмард, уыдонимæ баст трагикон цаутæн сæ нымæц æмæ гуырахстмæ гæсгæ геноциды ном раттын.
  3. Ирыстоны сыгъд хъæутæ æмæ исбоны зианы аргъ бафидын.
  4. Ирон адæмы ныхмæ фыдракæндтæн адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндты ном æмæ уыцы гæнджытæн аккаг æфхæрд радтын.

Ацы фарстытæн нæхи адæмы иуæй-иу минæвæртты цæсты кæд ницы аргъ ис, уæд уыцы фарсæй цы хъуамæ радомæм? Кæд ын аргъ ис, уæд та ацы фарстытæн сæ сæрты цæмæн хизынц нæ «фидауынгæн-джытæ»?

Æрæджы, социалон хызæгты фæзынд, Гуырдзыстон Уæрæсеимæ йæ дипломатон ахастытæ æрнывыл кæныны фæдыл кæй кусы, уый фæдыл æрмæджытæ. Мыхуыргæнджытæй иу уыди «Эхо Кавказа» (УФ-йы нымад у фæсарæйнаг агентыл), иннæтæ амыдтой гуырдзыстойнаг зонæнты фæсауæрц «Мтавари»-мæ. Уыдон та сæхæдæг амыдтой сусæг зонæнтæ хæсджытæм. Сусæг уыдысты æви нæ, уæддæр ацы хъуыдыйы æрбаппæрст развæд сгарыны хуызæн уыди. Чизоны, кæйдæрты фæндыди æхсæнады хъуыды бавзарын. Мæнмæ гæсгæ, Галузин дæр йæ интервьюйы уымæн дзырдта, адæмы хъуыды Гуырдзыстоны фидауыны фæнды ныхмæ у, зæгъгæ, уымæн æмæ ахæм бæрнон адæймаг адæмы хъуыды æнæ сахуыргæнгæйæ хатдзæгтæ нæ сараздзæн.

Уац мыхуырмæ цæттæ куы кодтам, уæд: «Гуырдзыстоны парти «Сабырады сæраппонд æмзæрдæ» бахатыди Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ, цæмæй дыууæ бæстæйы æхсæн аивдæуа визæйон фæтк. Уый фæдыл партийы уæнгтæ ныффыстой видеофидиуæн…». Уыцы фидиуæн парахатгонд у социалон хызæгты, уыцы нымæцы «Sputnik»-ы дæр. Ацы цаутæ дызæрдыгдзинад сæвзæрын кодтой нæ адæмы зæрдæты. Бирæтæ цæвиттонæн хастой Хæххон Карабахы хъысмæт, æцæг ууыл разы нæ уыдысты адæмы фылдæр хай, уымæн æмæ Карабахы политикон статус æндæр уыди, Уæрæсейы æрдыгæй цæдисоны хуызы йæ сæрыл рахæцынæн та ницы бындур уыди.

Уæдæ, Уæрæсейы мидхъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузин интервьюйы мидис уыди ахæм: «Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатт нæ равдыстой се ʻппæрццаг ахаст сæ хæдбардзинады арæнтæ сын æбæлвырд скæнынмæ æмæ сæ гуырдзыйы дæлбар бакæнынмæ хъавджытæм. Уыимæ иумæ «хуыздæр фидæнмæ» иунæг раст къахдзæфыл нымайынц сæ хæдбардзинад сын куы банымайой, уый».

Йæ ацы ныхæстæй, стæй дыууæ æфсымæрон паддзахады уавæрмæ йæ цæстæнгас иумæйагæй дæр дзурæг у, хъуыддæгтæ хорз кæй зоны æмæ нæ адæмы хъысмæт йæ зæрдæмæ хæстæг кæй исы. Æцæг, раст зæгъын хъæуы, æнкъарæнты бындурыл фидæн амайæн нæй, фæлæ махæн не ʻмцæдисон Уæрæсеимæ нæ ахастытæ фидаргонд сты æнкъарæнтыл нæ, фæлæ фидар ныфс бавæрæн кæмæй ис, ахæм бадзырдтыл, стæй нæ иумæйаг истори æмæ хæлар бастдзинæдтыл.

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.