2002 азы онг ацы бæрæгбон хуындис «Уæрæсейы паддзахадон суверенитеты тыххæй Деклараци райсыны бон». Фæстæдæр ын йæ ном схуыдтой Уæрæсейы бон.

1990 азы 12-æм июны Уæрæсейы Федерацийы адæмон депутатты съезд райста Уæрæсейы паддзахадон суверенитеты тыххæй Деклараци. Уым сæрмагондæй нысан æрцыд, зæгъгæ  бæстæйы æппæт территорийыл фидар цæуы Уæрæсейы Конституци æмæ йæ закъæтты уæлиондзинад. Афтæмæй ацы бонæн схонæн ис паддзахады ногдæр историйы райдианыл. Ацы съезды УФ-йы Уæлдæр Советы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Борис Ельцин, æмæ растдæр иу азы фæстæ, 12 июны, Уæрæсейы уагъд æрцыдысты УФ-йы президенты фыццаг æвзæрстытæ. Сæ уæлахиздзау уыдис Ельцин.

Бæрæгбоны ног ном   йæ тыхы бацыд 2002 азы. 2001 азы Владимир Путин паддзахадон суверенитеты тыххæй Декларацийы фæдыл йæ доклады загъта: «Ацы ахсджиаг документæй райдыдта Уæрæсейы ног историйы ранымад. Закъон æмæ æмбæстагон сæрибардзинадыл чи æнцой кæны, уыцы демократон паддзахады истори». Уæдæй фæстæмæ йæ нысан кæнынц куыд паддзахады ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу, афтæ.

 

Символтæ æмæ  традицитæ

Бæрæгбоны сæйраг символтæй иу у триколор. Уæрæсейы боны æмбæстæгтæй бирæтæ сæ рудзгуытыл æрцауындзынц паддзахадон тырысайы чысылдæр халдихтæ, бæрæгбонон мадзæлтты сæ къухты фæхæссынц чысыл тырысатæ, триколортæ бакæнынц сæ машинæтыл. Уæрæсейы бон у бæстæйы алы цæрæджы бæрæгбон дæр. Ацы бæрæгбон уæрæхæй банысан кæ-нынц æппæт Уæрæсейы Федерацийы – Владивостокæй Калининграды онг, Мурманскæй Севастополы онг. Хуссар Ирыстоны бæрæгбонты æмæ мысæн бонты къæлиндары дæр хицæнæй нысан у 12-æм июнь – Уæрæсейы бон.

Уæрæсейы Федераци бахъахъхъæдта бирæнацион паддзахады статус, ам алы адæмыхатты минæварæн дæр ис æмхуызон бартæ. Уæрæсе бафæрæзта Историйы фæлварæнтæн, ныфсджынæй ахызт æхсæнадон рæзты æппæт вазыгджындæр этапты сæрты. 90-æм азты уæззау рæстæджыты Советон Цæдисы ныппырх æмæ бæстæйы бирæнымæц чысыл паддзахадтыл ныддихтæ кæнынмæ Ныгуылæны бафæлвæрдтыты фæстæ, Уæрæсейы Федераци сæндидзыдта æмæ Владимир Путины сæргълæудæй фæстæмæ раздæхта дунеон паддзахады статус. 2014 азы фыццаг хатт Уæрæсейы бон банысан кодтой Хъырым æмæ Севастополы дæр.

 

Хуссар Ирыстонæн 12 июнь у бæрæгбон

Уымæн æмæ йæ цæрджыты 98 проценты бæрц сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ. Иннæмæй та ирон æмæ уырыссаг адæмты ‘хсæн хæлардзинады тæгтæ раджы сфидар сты. Стыр Уæрæсе 1920 азтæй райдайгæйæ, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны цалдæр хатты бахызта æцæг геноцидæй. Абон хуссарирыстойнаг адæм сæ цард нæ уынынц æнæ Уæрæсейæ, ирон адæм Уæрæсеимæ цæрынц иу хъысмæтæй.

Ирон сабийæн йæ чысылæй фæстæмæ йæ сæрызонды ныффидар вæййы иу хъуыды – æнæ Уæрæсе ирон адæмæн цард нæй æмæ Уæрæсейы фæнымайы йæ дыккаг райгуырæн бæстæйыл. Иу ныхасæй, нæ цард æнгом тæгтæй баст у æфсымæрон Уæрæсеимæ.

Абон кæд цæрын фæразæм, абон кæд нæ сывæллæттæ – Ирыстоны фидæн сабыр арвы бын цæрынц, нал хъусынц знаджы алыгъуызон хæцæнгæрзты гуыбар-гуыбурмæ, уæд уый у Стыр Уæрæсейы руаджы. Ирон адæм никуы дих кодтой æмæ никуы дих кæндзысты Уæрæсе æмæ Ирыстоны. Никуы дæр ын йе стыр лæггæдтæ ферох кæндзысты.

1774 азы Иугонд Ирыстон бацыд Уæрæсейы скондмæ æмæ уæдæй фæстæмæ мах кæрæдзийыл гадзрахатæй никуы рацыдыстæм. Уæрæсейæн йæ тыхсты æмæ йæ цины дæр ирон адæм æдзухдæр уыдысты йæ фарсмæ. Уый афтæ кæй у, уымæн æвдисæн сты абон Уæрæсейы Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы ирон хæстонты  стыр хъæбатырдзинæдтæ. Æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ ирон сахъгуырдтæ балæууыдысты Хуссар Ирыстоны стратегион партнер æмæ æмцæдисон Уæрæсейы хæстонты фарсмæ. Абоны онг 250 ирон хæстонæй фылдæр сæ цард нывондæн æрхастой нæ дыккаг райгуырæн бæстæ – Уæрæсейы нацистон тыхтæй бахъахъхъæныны сæрвæлтау.

 

Алыхатт дæр цæттæ у баххуыс кæнынмæ

Уæрæсе алыхатт дæр цæттæ у тыхст уавæры бахауæг адæммæ йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ.

Нæ зынаргъ Уæрæсе, ацы хъуыддаг дæ ноджыдæр номдзыдæр æмæ диссагдæр кæны. Ручъы тунелыл ахизгæйæ, фæнды Цæгат Ирыстонмæ, фæнды хуссармæ цæугæйæ, Кавказы хохы рагъы дыууæрдыгæй дæр хуссарирыстойнаг адæм ам сæхи хатынц куыд сæхи хæдзары, афтæ. Стыр бузныг дын дзурæм, Стыр Уæрæсе, уымæн æмæ ды мæлæтæй бахызтай хуссарирыстойнаг адæмы. 2008 азы августы тугуарæн хæсты дæр фыццаг цæф сæхимæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ райстой. Уыдонæй бирæтæ се нусон бынат ссардтой Ирыстоны зæххыл. 2008 азы августы Стыр Уæрæсе бахъахъхъæдта  Хуссар Ирыстоны, номхуындæй, йæ уый стыдта гуырдзиаг лæгхорты тугæйдзаг дзæмбытæй æмæ ирон адæмы бахызта бынтон скуынæг кæнынæй. Уæрæсе, ды нын балæвар кодтай рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм æмæ бæллыдыстæм, уыцы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, Ирон адæм сæм бæллыдысты æмæ тырныдтой дæргъвæтин азты дæргъы, сæ хуыздæр фыртты æмæ чызджыты сафгæйæ.

Мах нæ сæртæй ныллæг кувæм уæрæсейаг фидауынгæнджытæн цалдæр сахаты дæргъы уыдон, сæхи цардыл æнæ хъуыдыкæнгæйæ, удуæлдай тох кодтой фыдызнаджы ныхмæ. Æнусон кад уæрæсейаг æмæ ирыстойнаг лæппутæн, кæцытæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой Ирыстоны æмæ Уæрæсейы фидæны тыххæй.

Гуырдзыйы агрессийы фæстæ нæ бæстæйы пырх æмæ сыгъд адæмон хæдзарад дæр Уæрæсейы æххуысæй æндидзы. Абон Стыр Уæрæсейы руаджы нæ горæт бонæй бонмæ ивы йæ хуыз. Цхинвалы уынгтæ æндидзыд цæуынц. Махæн Владимир Путин æмæ Дмитрий Медведев сты  нæ Хуыцæуттæ. Стыр хæрзты бацыдысты ирон адæмæн. Уæрæсейы къухдариуæгад ницы æвгъау кæны Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн. Нæ фыдæлтæ зондджын адæм уыдысты æмæ уымæн сæ хъысмæт сбастой Стыр Уæрæсеимæ. Алчидæр  æй хъуамæ æмбара, æнæ Уæрæсе махæн цард кæй нæй, уый.

Иу дзырдæй, бирæ сты Уæрæсейы лæггæдтæ Хуссар Ирыстоны раз. Уырны нæ Уæрæсе алыхатт дæр нæ фарсмæ кæй уыдзæн æмæ нын дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæн, уый. Ноджыдæр стыр бузныг,  не стыр ныфс Стыр Уæрæсе. Мах дын кæд дæ лæггæдтæ æххæстæй нæ бафидæм, уæддæр дыл æнувыд уыдзыстæм æмæ дыл гадзрахатæй никуы рацæудзыстæм. Тыхст рæстæджы алыхатт дæр уыдзыстæм дæ фарсмæ.

Хуыцау зæгъæд æмæ ирон адæмы иннæ æнусон бæллиц дæр цы сæххæст уа æмæ тагъд рæстæджы Уæрæсейы скондмæ цы бацæуæм. Уадз, дыууæ Ирыстоны ‘хсæн таможнæйон арæнтæ мауал уæнт! Зынаргъ æмбæстæгтæ, алчидæр уæ йæ зæрдыл дарæд, хур ныл Уæрæсейы ‘рдыгæй кæй кæсы, уый… Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Джиоты Екатерина

 

***

Хуссар Ирыстоны адæмæн кæддæриддæр æхсызгон вæййы, хорз зæрдæ сæм чи дары, йе ‘нтыстытыл ын чи фæцин кæны, зындзинæдты рæстæджы сæ уæлхъус чи балæууы, уыцы адæмты хорз хъуыддæгтæ уынын æмæ сыл зæрдийæ фæцин кæны се ‘нтыстытæ æмæ сæ размæцыдыл. Нæ адæмæн ахæм цæдисн æмбал æмæ бæстæ у Уæрæсе æмæ нæ зæрдæтæ цины æнкъарæнтæй байдзаг вæййынц, хъомысджын бæстæйы алы æнтысты тыххæй дæр. Афтæ ма кæмдæр зын уавæры куы бахауы, йæ рисæй нæ адæм дæр айсынц, æрбалæууынц йæ фарсмæ æмæ йын сæрбахъуыды рæстæджы се ‘ххуысы хай дæр бакæнынц.

Ирон адæмæн рагæй фæстæмæ сæ иу-зæрдион хæлар Уæрæсе у. Æрмæст адджын ныхасæй нæу Уæрæсе нæ иузæрдион æмбал, фæлæ нæм йе ‘ххуысы къух кæддæриддæр фæдары тыхст рæстæджы дæр æмæ сабырадон уавæрты дæр. Зæгъын хъæуы, уыцы æфсымæрон æмæ хæларадон ахастытæ рагæй фæстæмæ дæр фидар тæгтæй сты баст æмæ рæстæджы цыдимæ кæнынц ноджы хуыздæр æмæ фидардæр. Æрмæст зæгъынæн фаг у уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстон ивгъуыд æнусы гуырдзыйы ‘рдыгæй хотыхджынты аххосæй цы уæззау хъизæмæрттæ бавзæрста, уыдонæн кæй нæй ферохгæнæн. Цы уыдаид нæ адæмы хъысмæт уæд, уый зын зæгъæн у, фæлæ йæ æргомæй зæгъæм: нæ уыдаид зæрдæйы фæндиаг.

Лæггад дыууæрдæм у, фæзæгъынц. Нæ адæм сын уыцы æххуыс æмæ хорздзинæдтæ кæддæриддæр хъуыды кæнынц æмæ фæстæ нæ фæлæууынц бахъуыды рæстæджы. Бæргæ хæст куынæ уаид, фæлæ знаг йæ хотыхтæ куы раздæхта Уæрæсемæ æмæ йæ аныхъуырынмæ куы æрхъавыд, уæд йæ фарсмæ æрлæууыдысты ирон лæппутæ дæр æмæ тох кæнынц уæрæсейæгтимæ сæ иумиаг знаджы ныхмæ.

Уæрæсемæ рагæй фæстæмæ бирæ знæгтæ хъавыд, фæлæ сын сæттын никуы бакуымдта, кæддæриддæр йæ къухты æфтыд уæлахиз. Афтæ уыдзæн ныр дæр æмæ та уæд йæ адæм æмæ йæ хорзмæбæлджытимæ цæрдзæн сабыр арвы бын. Уæд кæндзæн ноджы хъомысджындæр æмæ æфтаудзæн дидин.

                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.