21-æм январы Сухумы Абхазы Национ нывты галерейы уыд егъау зынгсивæрзт – басыгъд егъау культурон артдзæст æмæ ныр ацы стыр трагеди æфсымæрон республикæйы адæмы æппары катайы, уымæн æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фесæфтой сæ бирæ азты фыдæбон, сæ историйыл дзурæг аивадон хæзна. Æдæппæтæй галерейы уыдис цыппар мин куысты бæрц æмæ уыдонæй аирвæзт æрмæстдæр 150. Ацы зынгсивæрзты цы бирæ куыстытæ басыгъдысты, уыдонæн раздахæн нал ис, фæлæ ма дзы чи баззадысты, уыдон среставраци кæныны тыххæй ныфс æвæрынц Уæрæсейы Федерацийы реставратортæй.

Специалистты фыццаг къорд цалдæр боны размæ æрхæццæ сты Абхазмæ. Ацы делегацийы сæргъ лæууы Уæрæсейы Федерацийы Музейтæ æмæ æддагон бастдзинæдты департаменты директоры хæдивæг Наталия Чечель. Реставратортæ бынаты уынынц, зынгсивæрзтæй ма чи аивæрзт, уыцы нывты æмæ документты уавæр.

Абхазæгты стыр рис æмæ катай хуссарирыстойнаг адæм тынг хорз æмбарынц, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон XX æнусы 90-æм азты цы уæззау хъизæмæрттæ æмæ дугивæнтæ бавзæрста, уый æмрæнхъ нæ культурон уагдæттæ дæр куыд фæцудыдтой, уымæй адæмы зæрдæтæ куыд тынг фæрыстысты. Егъау маст ма нын æрхаста, цалдæр азы размæ театрыл арт куы сирвæзт æмæ куы басыгъд, уыцы æвирхъау цау. Ныр дæр ма йæ хорз хъуыды кæнæм, уæд канд театры кусджытæ нæ куыдтой æргомæй, фæлæ цæрджытæ дæр сæ цæссыгкалгæ фæдисы лыгъдысты Театралон фæзуатмæ æмæ сæ иумæйаг мастыл маст кодтой. Адæм уæд æмбæрстой, кæй фесæфтой сæ табуйаг бынат, сæ театр æмæ сагъæс кодтой йæ сомбоныл, цы хуызы ма сæндидздзæн, ууыл.

Ныр та сагъæссаг фесты абхазæгтæ æмæ сæ фарсмæ балæууыны тыххæй  культурæйы министр Зæгъойты Рада уайтагъд аскъуыддзаг кодта, цæмæй министрады æмæ йæ дæлбар ведомствотæ æрæмбырд кæной æхцайы фæрæзтæ æмæ уымæй баххуыс кæной æфсымæрон Абхазы Республикæйы культурæйæн. Сæвзæргæ ситуацийы нал ис уый гæнæн æмæ компенсацигонд æрцæуой, Абхазы республикæйы культурæ цы стыр хæзна фесæфта, уыдон. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны культурæйы архайджытæ æнæмæнгхъæуæгыл нымайынц се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнын абхазæгтæн сæ уæззау уавæры рæстæджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй цы æхцайы фæрæзтæ æрбамбырд кæной, уыдон иууылдæр ахынцыд æрцæудзысты сæрмагонд хыгъдмæ, кæцы конд æрцыд ног экспонаттæ самал кæныны тыххæй, æххуыс бакæныны хъуыддагæн.

Ам дзырд цæуы æрмæст финансон æххуысыл нæ. Цæвиттон нæ паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан аскъуыддзаг кодта, цæмæй Абхазы Республикæйы культурæйы министрадмæ арвита абхазаг нывгæнджыты дыууæ нывы, кæцыты йын йæ коллегæтæ балæвар кодтой æндæр æмæ æндæр рæстæджыты.

Культурæйы министрад сиды æмæ уыимæ иумæ курæг сты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй, цæмæй абхазаг нывгæнджыты куыстытæ кæмæ ис, уыдон бафæзмой Дзуццаты Тамерланы æмæ Абхазы республикæйæн фæстæмæ балæвар кæной лæварæн кæй райстой, уыцы экспонатты.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, цæй æмæ æрбалæууæм æмæ баххуыс кæнæм æфсымæрон Абхазы Республикæйы адæмæн æмæ сæ культурæйæн ахæм уæззау рæстæджы.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.