1989 азæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы цæфтæ æмæ сахъатджынты æххуысы фонды фæхуындмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстон расидыныл 32 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты активон хайад райстой Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты æмæ Абхазы хæстон архайдтыты хайадисджытæ.

Уыдон бæрæгбонон парады рацыдысты сæ республикæты тырысатимæ. Федтой ирон къæбиц æмæ армукъайы равдыстытæ, хайад райстой цытджын æмбырды. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ цытджын æмбырды мадзаламонæг сæ хайадист куы фехъусын кодта, уæд йæ хайадисджытæ уазæгæй-фысымæй слæууыдысты къахыл æмæ сын афтæмæй æмдзæгъд кодтой.

Фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, уыцы лæппутæ тынг æхсызгон æмæ райзæрдæйæ хайад райстой нæ бæстæйæн ацы ахсджиаг бæрæгбонон мадзæлтты. Уымæй размæ хонæн гæххæт-тытæ арвыстой Абхазмæ, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæм.

«Уыцы бæстæты разамонджытæ нæ хъуыдыйыл сразы сты æмæ уымæ гæсгæ канд хæстон архайдтыты хайадисджытæ нæ, фæлæ ма сæ æндæр минæвæрттæ дæр хайад райстой бæрæгбонон мадзæлтты. Донбассы республикæты цы вазыгджын уавæр ис ныртæккæ, уый хынцгæйæ, уæддæр сæ минæвæрттæ рæстæг ссардтой нæ циндзинад немæ адих кæнынæн, рæсугъд бæрæгбонон фæндиæгтæ махæн нæхи зæххыл рæдауæй балæвар кæнынæн», – банысан кодта Мадинæ.

Семæ ныхасгæнгæйæ, ацы бæстæты хæстон архайдтыты хайадисджытæ банысан кодтой, стыр бузныг кæй сты, йæ рæстæджы Абхазы зæххыл хæстон архайдтыты æмæ ныр Донбассы зæххыл ирон лæппутæ знаджы ныхмæ хъазуатон тох кæй кæнынц. Уый, зæгъгæ, мах никуы ферох кæндзыстæм æмæ йæ ныр лæмбынæгдæр бамбæрстам, æфсымæр æфсымæрæй кæй у тыхджын.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ахæм кадджын уазджытæ бæрæгбонон мадзæлтты хайад кæй райстой, уый у Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы æххуысы руаджы. Уый тыххæй Фонды сæргълæууæг æмæ йæ минæвæрттæ стыр бузныг сты бæстæйы разамынадæй, æмбаргæ æмæ стыр хъусдард кæй здахынц ахсджиаг фарстатæ бæстон кæнынмæ.

Фонды куысты тыххæй

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты рæстæджы чи фæсахъатджын æмæ цæфтæ чи фесты, уыдоны проблемæтæ – се ‘нæниздинад æмæ цардуагон фарстатæ бæстон кæныныл иузæрдион куыст кæны фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ. Мадинæ йæхæдæг дæр активон хайад иста гуырдзиаг агрессийæн аккаг ныхкъуырд радтыны хъуыддæгты æмæ хорз зонгæ у, хæсты хайад чи иста, уыцы лæппуты проблемæтимæ. Дæргъвæтин рæстæджы та лæггад кæны, фонды номхыгъды цы æмбæстæгтæ ис, уыдонæн, уымæн æмæ алы адæймаджы зæрдыл дæр хъуамæ лæууа, нæ фарсмæ кæй ис ахæм æмбæстæгтæ дæр, кæцытæн хъæуы æх-хуыс кæнын æмæ сæ фарсмæ балæууын.

Æмгуыстад

Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты паддзахадон хæдбардзинадтæ Хуссар Ирыстон куы банымадта, уæдæй фæстæмæ бирæ фадгуыты цы æмгуыстад цæуы, уым уæлдай бынат ис, хæстон архайдтыты рæстæджы сахъатджынтæ æмæ цæфтæ чи фесты, уыдоны æнгом æмгуыстадæн.

Фонды хайадисджытæ æппынæдзух хайад исынц æрмæст ацы бæстæты бæрæгбонон мадзæлтты нæ, фæлæ Абхазы дæр. Хуссар Ирыстоны хæсты инвалидты номæй Донецкы æвæрд æрцыд фæмардуæвæг хъайтарты номыл цырт. Уый байгом цытджын уавæры нæ республикæйы разамынады хайадистæй. Ахæм цырт æвæрд æрцыд Луганскы республикæйы хъайтарты номыл дæр.

Æнæбанысангæнгæ нæй уымæн дæр, æмæ фонд кæй никуы рох кæны æфсымæрон Цæгат Ирыстоны нысаниуæгджын бæрæгбонон мадзæлттæ æмæ, хъыгагæн, трагикон цауты дæр. Уымæн æмæ, Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, йæхи патриот чи хоны, уый æнæмæнгдæр хъуамæ аргъ кæна Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты нæмттæн, хъуыды кæна нæ лæппуты хъайтардзинад æмæ лæгдзинад.

Сæйраг у æнæниздзинад

Инвалидтæ æмæ хæцæнгарзæй цæфтæ чи фесты, уыдоны æнæниздзинадмæ æппынæдзух сæрмагонд хъусдард хъæуы. Уыцы хъуыддаг хорз æмбары бæстæйы разамынад дæр æмæ улæфынмæ, реабилитацимæ æрвыст цæуынц республикæйæн æддейæ хосгæнæн санаторитæм. Баулæфынц Знауыры районы Нагутнийы хъæуы хосгæнæндон «Ныфс» – ы дæр.

Лæджымсæр сылгоймаг Мадинæ кæны хæрзиуæгон куыст, бантысæт ын ноджы фылдæр хæрзиуæгон хъуыддæгтæ бæстæйы хæрзæбон æмæ размæцыдæн.

                                КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.