Уый афтæ кæй у, уымæн ноджыдæр æвдисæн – Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд» гастролон балцы куы уыд Цæгат Ирыстоны æмæ йе сноггонд программæимæ йæ сæйраг горæты æмæ районты сценæмæкæсджыты йемæ куы базонгæ кодта, уыцы цау.

Мах иу адæм стæм. Иу у нæ культурæ, нæ фарн, не ‘гъдау. Æмæ нæ, хъыгагæн, кæд бæрзонд æгомыг хæхтæ дихтæ кæнынц, уæддæр иу цардæй цæрæм. Кæрæдзийы рисыл риссæм æмæ кæрæдзийы циныл та цин кæнæм.

Ацы сфæлдыстадон балц дзурæг у, нæ бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг зæххыл цард ногæй кæй æндидзы, стыр хъусдард здæхт кæй цæуы культурæйы рæзты фарстытæм дæр. Культурæйæн та арæнтæ кæй нæй, адæмты иугæнæг кæй у, уый фенын кодтой ансамблы гастролтæ. Алы ран дæр ныл нæ цæгаттаг æфсымæртæ æмбæлдысты стыр райгондæй æмæ хъарм зæрдæимæ. Æмæ ансамблы коллективы номæй мæн, куыд йæ директор æмæ аивадон къухдариуæггæнæг, афтæ зæгъын фæнды стыр бузныг сæ ахæм ахасты тыххæй.

Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды, бынæтты концертты организаци кæныныл чи куыстой, уыдонæн иууылдæр, сæйраджыдæр та – Цæгат Ирыстон-Аланийы Президенты æмæ Хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Челæхсаты Рустемæн. Зæгъын хъæуы, Хуссар Ир дывыдон арты куы сыгъд, уæд ардæм, уыцы фыддуджы, цалдæр хатты уый кæй æрцыд æмæ нæ адæм цы уавæры уыдысты, уымæ кæй цымыдис кодта æмæ кæй лæууыд се ‘нцой. Уыцы хорздзинад нæ адæм никуы ферох кæндзысты.

Стыр райгондæй ныл сæмбæлдысты горæт Беслæны сценæмæкæсджытæ. Ам нæ фарсмæ æрбалæууыдысты Къубалты Эльбрус, Сикъоты Тимур, Скъадты Марат.

Цины æнкъарæнтимæ ныл сæмбæлдысты Алагиры Культурæйы хæдзары кусджытæ дæр. Ам та нæ фарсмæ æрбалæууыдысты Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Герман æмæ йæ хæдивæг Дзугкаты Дзамболат.

Стыр æххуыс банкъардтам Октябрыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Гаглойты Алан, йæ хæдивæг Гæбæраты Руслан æмæ сæ Культурæйы хайады сæргълæууæг Туаты Мадинæйæ. Мæздæгмæ æрцæугæйæ та нæ уæлхъус балæууыдысты Хæбæлаты Олег, Æл-борты Мулдар, Потоцкая Юлия.

Уæдæ, гастролты рæстæджы æхсæвиуат кæм кодтам æмæ стыр рæвдыд кæмæй банкъардтам, уый та уыдис уазæгдон «Амыран»-ы хицау Мæрзойты Тамерлан.

Фæстаг хатт нæ ансамбль йæ фæндаг адардта Цæцæны Республикæмæ. Фæлæ ныл нæ цæгаттаг æфсымæрты узæлд æмæ æххуыс афтæ бандæвта, æмæ Цæцæны Республикæмæ мах цыдыстæм хорз зæрдæйы равг æмæ цины æнкъарæнтимæ.

Ноджыдæр уын стыр бузныг æмæ нын Стыр Хуыцау кæрæдзийы ныфс макуы байсæд!

ГАГЛОЙТЫ Ростик,

Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль

«Симд»-ы директор æмæ аивадон къухдариуæггæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.