Хуыцау йæ зонæг, нæ политикæ раст нæ аразæм кæнæ йæ аххосаг цы у, уымæн, фæлæ ирон адæмæн цæргæбонты се знæгтæ цы провокацитæ кæнынц, уыдон сын сæхи аххос фæкæнынц. Стæй канд уый нæ. Исынц æмæ нын зыгъуыммæ кæнынц нæ истори, нæ культурæ.

Иу-дыууæ азы размæ Мæхъæлы разамынд сæ сæйраг горæт Магасы бахизæны стыр дамгъæтæй “Аланские ворота” куы æрфыстой, уæд стыр æнæразыдзинад расайдта ирон адæммæ. Фæдзырдтой, фæхыл кодтой æмæ… ууыл фæци хъуыддаг. Иуныхасæй, батад сын. Æмæ иугæр афтæ у, уæд ма йæ цæуылнæ хъуамæ бафæлварой ноджыдæр.

Ирон адæмæн та сæ мастыл цæхх æркæнæгау рауад Мæхъæлы республикæйы Президент Юнус-Бек Евкуровы раныхас федералон телеканал “Звезда”-йæ. Уым 15 ноябры цикл “Легенды армии”-йы фæлгæтты равдыст “Пригородный район: правда о событиях 1992 года”-йы Евкуров цъыф калæн фæкодта ирон адæмыл. Факттæ зыгъуыммæ кæнгæйæ республикæйы сæргълæууæг радзырдта, цыма хæцæнгарзæй ифтонг ирон бандитты къордтæ бабырстой мæхъæлон хъæутæм, мардтой зæрæдты, тыхми кодтой сылгоймæгтæн. Йæ аххосаг та, ома, уыд, 1992 азы Мæхъæлы ног сконд республикæ йæ арæнтæ бæстон кæныны рæстæджы, 1944 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Горæтгæрон район рæстæй кæй æрдомдта, уый.

Ацы цау та ноджыдæр стыр маст бауагъта ирон адæмы. Ахæм ныхæстæ уынджы бадæг зæронд устытæ куы кæной, уæд сын ницы нысаниуæг ис, фæлæ сæ республикæйы разамонæг куы дзура, уæд адæмы зондахаст халы, кæрæдзийыл сæ ардауы.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав ахæм архайд рахуыдта провокацион. Куыд загъта, афтæмæй уый у æрмæст сыхаг республикæты æхсæн нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы нациты æхсæн хæрамдзинад тауыны нысан: «Æз тынг бацархайдзынæн, цæмæй 24 азы размæйы цаутæ фæлхатгонд мауал æрцæуой. Уæд дыууæ адæм дæр сæ тугæй стыр аргъ бафыстой ницæй тыххæй. Ацы равдыст чи бацæттæ кодта, уый афтæ куыд нæ ахъуыды кодта, Уæрæсейы Президент цас архайы, цæмæй нæ бæстæйы адæмтæ хæларæй цæрой, уæд федералон канал та хъуамæ адæмы зондахаст хала? Æз фæдзырдтон Владимир Путины администрацимæ æмæ сын хъуыддаг бамбарын кодтон. Уый фæстæ каналы разамынд махæй хатыр ра-куырдта, равдысты автор æмæ амонæг, зарæггæнæг Александр Маршал та йæ бынатæй ист æрцыд”,- дзырдта Битарты Вячеслав.

Ацы цауы фæдыл æнæрадон æмбырд сарæзта нæ республикæйы Парламент дæр. Йæ сæрдар Алексей Мачнев куыд банысан кодта, афтæмæй официалон фыстæджытæ арвыстой федералон министрадтæм, генералон прокуратурæмæ, телеканал “Звезда”-мæ. Уыдон хъуамæ политикон аргъ скæ-ной ахæм провокацийæн. «Цæгат Ирыстоны алы нацитæ дæр цæрынц хъæрмудæй. Уыдон кæрæдзийыл ардауыны бар мах никæмæн ратдзыстæм” – загъта Алексей Мачнев. Æмбырды ма сæ хъуыдытæ загътой Парламенты иннæ уæнгтæ дæр.

Йæ раныхас æхсæнадмæ стыр æнæразыдзинад кæй равзæрын кодта, уый тыххæй хатыр ракуырдта Мæхъæлы Президент Юнус-Бек Евкуров. Йæхи куыд сраст кодта, уымæ гæсгæ, телеканалы журналисттæ факттæ раст нæ ралæвæрдтой, йæ ныхæстæ йын фæивтой. «Махæн Битарты Вячеславимæ хорз ахасттæ ис. Нæ дыууæ дæр архайæм нæ адæмы фæрныгадыл æмæ дарддæр хъуамæ æххуыс кæнæм кæрæдзийæн. Æз сидын Ирыстоны æмæ Мæхъæлы цæрджытæм, цæмæй уавæр ма вазыгджын кæной æнæбындур быцæутæ æмæ архайдтытæй», – банысан кодта Мæхъæлы Президент.

Алчидæр æй зоны, чи кæмæ бабырста, уый. Уæрæсейы æмæ дыууæ республикæйы уæды разамынд сарæзтой æппæт дæр, цæмæй лигъдæттæн сæ фылдæр хай æрбаздæха. Уæд ма цæмæн хъæуы адæмы зонд змæнтын? Кæд-дæры хæстæндзарджыты аххосæй 1992 азы дыууæрдыгæй, официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæмард 350 мæхъæлоны æмæ 192 ироны, фæцæфтæ – 457 мæхъæлоны æмæ 379 ироны, æбæрæгæй фесæфт 208 мæхъæлоны æмæ 37 ироны, Горæтгæрон районы ныппырх æмæ басыгъдысты 13 хъæуы. Уæдæ чи цы фæпайда кодта уыцы хæстæй? Рох кæнын ма нæ хъæуы иу хъуыддаг. Хæстæндзарджытæн фылдæрхатт сæхи фыдæх æрцæуы сæхи сæрыл. Зæгъын ма мæ фæнды уый: Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ныхмæ хæстытæн сæ рæс-тæджы политикон аргъ куы æрцыдаид, уæд нæм абон сыбыртт кæнын дæр ничиуал уæндид…

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.