Чи нæ хъуыды кæны 90-æм æмæ 2000 азты райдайæнты бæстыл цы тугуарæн дугтæ æркодта, уый. Терроризмы цаутæ афтæ арæх уыдысты æмæ адæмæн сæ сæр сæ кой ссис. Уæдæ дзы цух нæ баззад нæ чысыл Ирыстон дæр. Æрмæст Беслæны фыдохы хабар дуне нынкъуысын кодта. Фæлæ фæстаг азты уавæр фæхуыздæр. Не знæгтæ сæхиуыл æрхудтысты, æви нæхи хъахъхъæнын базыдтам? Æппæт уыдæтты тыххæй ныхас кæнæм РЦИ-Аланийы Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты фæдыл министрады, дины организацитимæ куысты æмæ экстремизмы профилактикæйы хайады хицау Цæллагты Артуримæ.

– Артур, Ирыстоны цы террористон бæллæхтæ æрцыд, уыдоны æрымысын адæймагæн тынг зын вæййы. Ныр дæр кæд нæ уавæр хуыздæр нæу, нæ фæсивæд Украинæйы сæрмагонд операцийы архайынц, бирæтæ Фыдыбæстæйы тыххæй сæ цард радтой, уæддæр нæм экстремизмы уылæн кæй фæсабыр, уый æхсызгон хабар у. Уый цæимæ баст у?

– Фыдгæнджытæ сæхи ʻгъдауæй нæ фæсæтдзысты  æмæ сæхиуыл дæр не ʻрхуддзысты. Уый у фыццаджыдæр, паддзахад кæй фæфидар ис, уый руаджы. Нæ разамынд бирæ сарæзта, цæмæй экстремизмы уидæгтæ куынæг æрцæуой. Бæстæ æмткæй фидар куы нæ уа, уæд æрмæст Ирыстонæй дзæнæт саразæн нæй. Нæ куыст знаджы ныхмæ иумæйаг у.

Уæдæ нæ республикæйы дæр уыцы куыст нывыл æвæрд у. Нæхи министрады кой уал ракæнон. Махыл ис цалдæр хæслæвæрды, цæмæй профилактикон куыст кæнæм адæмы, фæсивæды ʻхсæн. Экстремизмæн бирæ хуызтæ ис. Баст у политикæ æмæ социалон фарстатимæ, динимæ, адæмыхæттытимæ… Уымæ гæсгæ, фыдгæнджытæн æхца чи дæтты, разамынд сыл чи кæны, уыцы фæсарæйнаг террористтæ хæцæнгарзæн райстой Цæгат Кавказ. Ам алы нацитæ цæры, алы дины минæвæрттæ. Гъемæ загътой, уыцы дыууæ хъуыддаджы сæ сызмæнтæм. Зонæм æй, нæуæдзæм азты сæ къухты бирæ бафтыди. Уыцы «æнтыстытæ» адæмæн æрхастой тыхст, рыст æмæ мæлæт. Паддзахад уæд æхсæнадимæ, национ-культурон центртимæ æмæ дины кусджытимæ иумæ бавнæлдтой, цæмæй фæсарæнтæй цы сепаратизм æмæ дины тæваг цæуы, уый рæстдзинад адæммæ хæццæ кæной. Уымæн æмæ сæ фæсарæйнаг дины хъузæттæ сайдтой, сымах уæ дин раст нæ кæнут, зæгъгæ, уæ адæм æфхæрд цæуынц æмæ уын мах раст дин бацамондзыстæм. Ахæм амынддзинæдтæ бирæтæм тынг бахъардтой æмæ арæзтой алыхуызон террористон фыдракæндтæ Цæгат Кавказы, æппæт Уæрæсейы.

– Дины коймæ бæлвырддæр ахиздзыстæм, фæлæ нæ кæстæрты сомбон куыд уыдзæн? Интернеты тыгъдады арф аныгъуылдысты æмæ дзы æвзæрæй цы ис, ууыл андæдзынц. Ам дæр, дам, фæзындысты мæнæ «ЧВК Редан» кæй хонынц, уыцы субкультурон змæлдæн табугæнджытæ æмæ кæрæдзи æвзæр хъуыддæгтæ фæзмынц. Уымæн æвдисæн айразмæ ам махмæ фæсивæды ʻхсæн цы быцæутæ рауад, уый. Ды рæзгæ фæлтæры хъомылады тыххæй лекцитæ кæсыс, раст фæндагыл сæ æвæрыс. Исты ахады сæ зондахастыл?

– Мах техникæйы æмæ информацион дуджы цæрæм. Ныртæккæ алы сывæллонмæ дæр ис телефон, компьютер… Пайда куыннæ хæссынц, фæлæ сæ зиан дæр чысыл нæу, алы хъылма исынц уырдыгæй. Сæ асайын æнцон у æмæ, фыццаджыдæр, не знæгтæ уыдонимæ архайынц. Цæмæй сæ къухты мацы æфта, уый тыххæй нæхæдæг райдыдтам æмбæлын студенттимæ, скъоладзаутимæ. Кæнæм сын æмбырдтæ, кæсæм лекцитæ, профилактикон æрмæджытæ сын бацæттæ кæнæм. Уыдон руаджы сын æмбарын кæнæм нæ фыдæлты намысджын истори, æгъдæуттæ, хъæбатырдзинад. Амонæм сын, сæхи сæ куыд дарын хъæуы, цæмæй хæларæй цæрой æндæр адæмыхæттытимæ æмæ дины минæвæрттимæ. Нæ фембæлдмæ æрбахонæм ахуыргæндты, барадхъахъхъæнæг органты. Алы ахуырадон уагдоны дæр уыдыстæм. Фæлæ фæлтæртæ ивынц. Кæстæртæ схъомыл вæййынц, ацæуынц æмæ та сæ бынаты æндæртæ æрлæууы æмæ та уыдонæн ногæй амонын хъæуы. Уыцы фембæлдтытæн стыр ахадындзинад ис, сывæллæттæм равзæры цардмæ раст цæстæнгас æмæ афтæмæй знаджы къухы дæр къаддæр æфты. Ды цы къордты кой кæныс, ахæмтæ раджы дæр уыд æмæ ныр дæр. Махæн нæ хæс у æмæ не ‘хсæн ма уа бынат «Синий кит», «ЧВК Редан», «АУЕ», «Скулшутинг», «Оффники», «Группы смерти» – æмæ æндæртæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ министрад уыдоны архайдмæ йæ хъус дары. Ноджы ма уæлдæр хицауад бахæс кодтой бынæттон администрацитæн, Мидхъуыддæгты министрады экстремизмы ныхмæ центрæн, Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитетæн, цæмæй интернетмæ сæ хъус дарой æмæ дзы бæрæг кæной, зæрдæ кæмæ фехсайа, ахæм æрмæджытæ. Куыддæр дзы ахæм æрмæг фæзыны, афтæ йын йæ хицауы сбæлвырд кæнынц æмæ йæ прокуратурæмæ арвитынц. Дарддæр та уыдон фæкусынц семæ æмæ тæссагыл кæй банымайынц, уыцы сайт сæхгæнынц. Сæ хызы чи бахауы, уыцы фæсивæдимæ дæр кусынц æмбæлон органтæ.

Махмæ ма уæддæр ирон æгъдæуттæ ис, бирæ кæстæртæ хистæртæм хъусынц, фæлæ Уæрæсейы стыр горæтты уавæр æвзæрдæр у. Алы адæмыхæттытæ нæ республикæйы сæдæгай азтæ цæрынц æмæ сæ мах алкæимæ дæр лымæнæй цæрæм. Мæнæ нæуæдзæм азты дæр уыцы змæст рæстæгæй мах æнцондæрæй рацыдыстæм. Уымæн æмæ, нæ кæстæрты зæрдæты фыдæх нæ тауæм, фæлæ мах æхсæн дæр разыны, закъон чи халы, ахæмтæ.

– Ныр рахизæм дины фарстатæм. Зæ-гъынц, экстремизм диныл йæхи æнгом бабаста. Фæлæ ис, адæмы чи æнгом кæны, ахæм дины организацитæ дæр. Фæлæ уæддæр, адæмы дины хуызæн ницы ныддихтæ кæндзæн. Дины политикæйы та зилдух кæнынц миллиардтæ æмæ кæмæндæрты стыр пайда хæссынц. Нæ чысыл республикæйæн 110 дины организацийы æгæр не сты? Уыдонæй официалон уагæй æхгæд æрцыд Иеговайы æвдисæнты архайд, иннæтæ кусынц. Уыдон сты чырыстæттæ, пысылмæттæ, евангелисттæ, протестанттæ, молокантæ, кришнаиттæ, баптисттæ, католиктæ, «фæндзайонтæ», «Æвдæм боны адвентисттæ» æмæ бирæ æндæртæ. Се ‘ппæт дæр закъоны бындурыл кусынц, стæй æхсæнадæн исты пайда хæссынц?

– Ам бамбарын хъæуы иу хъуыддаг. Экстремисттæ æмæ террористтæй кæцыдæр къордтæ баст сты национ æмæ дины алыхуызон фарстатимæ. Уымæн æмæ, иу ран бирæ нацитæ куы цæрой, уæд уыдон сты алыхуызон дин æмæ культурæимæ. Кæд хæларæй цæрæм, уæддæр сæ кæрæдзимæ фезнæт кæнæн ис, æз хуыздæр дæн, ды æвзæрдæр дæ, зæгъгæ. Афтæ сæ бон у кæрæдзийы динты дæр æфхæрын. Экстремисттæ дæр ахæм цаутæй пайда кæнынц. Мах уын сыгъдæг дин ратдзыстæм, зæгъгæ, сын дзурынц. Мах та кæстæртæн афтæ фæамонæм – адæймаг уæм куы æрбацæуа æмæ уын йæ дин куы хъара, уый хуыздæр у, зæгъгæ, иинæтæ та æвзæр, уæд ыл ма æууæндут, уый уæ кæрæдзийыл ардауы.

Ныртæккæ нæ республикæйы юридикон æгъдауæй нысангонд ис æмæ кусынц 110 дины организацийы, кæцытæ хауынц 14 дины конфессимæ. Уыдонæй тæссаг ницæмæй у, закъон нæ халынц. Адæймагæн йæ миддуне цæимæдæр баст хъуамæ уа: æгъдауимæ, æфсармимæ, динимæ. Дины кусджытæ дины руаджы хæлардзинад куы тауой, адæмæн æй раст æй куы амоной, уæд адæймаг архайы уæздандзинадыл, хиуылхæцыныл, адæмы уарзыныл æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ динæй фыдæхы тырыса куы саразой адæмы сызнæт кæнынæн, уæд уый дæр сæ къухы бафтдзæн. Бакæсæм ма Сиримæ, Украинæмæ. Уым дæр террористтæ дины æмæ национ интересты æфсонæй расидтысты хæст.

Фæлæ, куыд фæнды ма уа, уæддæр дин адæймаджы хъæуы. Мæнæ, куыд фæзæгъынц, кæрдзыны йедтæмæ ма адæймаджы цыдæр удварны хорзæхтæ дæр хъæуы, цæмæй йын царды цыдæр нысан уа. Уæдæ алкæмæн дæр йæ бар йæхи у цæмæ æмæ кæмæ кувы, закъон ма халæд, æндæр…

– Раджы чырыстон дин кодта рухстауæн куыст. Йæ раздзæуджытæ Такъæты Гай, Æгъуызаты Иуане, Гæдиаты Секъа, Цомайты Харлампи, Колыты Аксо æмæ æндæртæ тынг бирæ сарæзтой ахуырады рæзтæн. Гом кодтой скъолатæ, чырыстон дины бындурыл ахуыр кодтой сывæллæтты. Ныр та адæм хъаст кæнынц, аргъуанты алцыдæр уæййаг ссис, зæгъгæ. Абон та чырыстон дины минæвæрттæн сæ куыст цы у?

– Ныр дæр хорз архайынц. Адæмы миддунейы æнæниздзинад хъахъхъæныныл кусынц. Дæттынц сын ныфс дзæнæты цæрынæн. Аразынц социалон æмæ культурон проектæ. Ныртæккæ хæсты быдыры чи ис, уыдонæн æххуыс кæнынц, ацæуынц сæм, Хуыцауыл сæ фæдзæхсынц, гуманитарон æххуыс сын цалдæр хатты арвыстой. Афтæ æххуыс кæнынц пысылмон дины минæвæрттæ дæр.

Ам æмбарын хъæуы иу хъуыддаг: уыдонæн бюджетæй æхца ничи фиды æмæ адæймаджы та цæмæйдæрты цæрын хъæуы. Мах дæр дзуары бынмæ куы ацæуæм, уæд дзы нæ мысайнаг нæ сæвæрæм? Уым дæр афтæ. Не сконд афтæ у æмæ нæ цардæн йе ʻмбис у динимæ баст. Æппындæр адæймаг куы ницæуыл æууæнда, уæддæр тыхст уавæры кувы Хуыцаумæ. Искæмæн та йæ дин байсæн нæй, алкæмæн йæ бар йæхи у.

Зæгъæм, дыууæ адæймаджы исчи кæрæдзийыл куы сардауа, ды пысылмон дæ, уый та чырыстон, зæгъгæ, уæд дзы чи хъæуы? Сауджын æмæ имам. Уыдон иумæ алыг кæнынц быцæугæнджыты фарста. Нæ республикæ у бирæнацион, ис сын ам сæхи диаспорæтæ æмæ уыдонимæ дæр æмгуыст кæнæм. Зæгъæм, æндæр адæмыхаттæй исчи куы фæрæдийы, уæд йемæ фæкусынц сæхи национ диаспорæйы уæнгтæ. Бацамонынц аххосджынтæн, раст кæй нæ кæнынц, Ирыстоны адæм уазæгуарзаг кæй сты, сабырдзинад сæйраг кæй у… Æмбырдтæм дæр сæ фæхонæм æмæ иумæ бауынаффæ кæнæм бирæ хъуыддæгтыл. Уыцы иумæйаг куыстæн ис стыр ахадындзинад.

– Æгайтма бирæ адæмыхаттытæ не ʻхсæн сабырдзинады æмæ дины уырнынады удæнцой арынц. Мæхи та мын, раст зæгъгæйæ, атеистты рæнхъытæм ахæссæн ис, фæлæ, бæгуыдæр, æз уарзын нæ фыдæлты дин.  Мах æмхуызон кувæм чырыстон æмæ муртатаг динтæм, фæлæ нын уæддæр, сæйраг хъуамæ нæ фыдæлты дин уа.  Стыр æхсызгонæй æрæвæрын ме ʻртæ чъирийы фынгыл. Уыцы фыдæлты фарны ис нæ культурæ, нæ истори, не ʻгъдау æмæ сæ рох кæнын нæ хъæуы, стæй йæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æндæрыл ивын дæр нæ хъæуы. Мах уыдоныл нæ къух куы сисæм, уæд нæ гыццыл наци дунейы стыр тыгъдады фесæфдзæн.

– Нæ фыдæлты дин не ʻгъдауæн йæ хай у. Ахуыргонд адæмы ʻхсæн ис ахæм ныхас: ис дунеон динтæ, ис национ динтæ. Фæлæ æз арæх бафæрсын, алæма, нæ ирон динæй ма мын истытæ радзур, зæгъгæ, æмæ мын не ‘гъдæутты кой райдайынц. Махæн нæ дин æмæ не ʻгъдæуттæ кæрæдзийыл афтæ баст сты æмæ сæ радих кæнæн нæй. Æмæ йын нæй фесæфæн, цалынмæ ирон адæймаг цæра, иронау дзура, йе ʻртæ кæрдзыны кува, уæдмæ. Нæ республикæйы хицауад дæр ацы фарстатæм йæ хъус дары.

– Алы рæтты кувæндæттæ кæй ацаразынц, уый дæм куыд раст кæсы? Кæмæндæрты та дин дæр æхцайы гуырæн не сси?

– Раджы æхца алкæмæ нæ уыди æмæ дзуæртты мысыдысты, кæмæн куыд йæ уавæр амыдта, афтæ. Йæ ном йæ уæлæ ис: «мысайнаг», «мысын дæ», ома, мæ зæрдæйы дæ, Дуне Сфæлдисæг Иунæг Кадджын Хуыцау! Советон рæстæджы та æвæрдтой мысайнаг æртæ суарийы. Сæ бынты куы фæцæйцæуы ирон лæг, уæд скувы, йæ бæхæй, машинæйæ рахизы. Раджы кæд сыгъдæгзæрдæйæ сыгъдæг мысайнаг æвæрдтой, уæд ныр та бирæтæ, кæмæ фылдæр ис æмæ йæхи чи аххосджындæр хаты, афтæ калы йе ʻхца дзуæртты бын, цæмæй йын хатыр кæной æмæ йæ бахъахъхъæной.

Æнæуый та уыцы мысайнæгтæм нæ министрад ницы бар дары. Уыдоны тыххæй дзуапп дæттынц дзуары лæгтæ æмæ æхсæнадон организацитæ.

– Цы аразут ныртæккæ æмæ уæм цавæр ног пълантæ ис? Уæ куыстмæ исты ногдзинæдтæ бахæссынмæ хъавут?

– Алы аз дæр ног пълан скæнæм. Ивгъуыд азы цы раиртасæм, уыцы лыггæнинаг фарстатæ æмæ хатдзæгтæ ахæссæм иннæ азмæ.  Раздæр фæсивæдæн æрмæст профилактикон лекцитæ кастыстæм, буклеттæ, брошюрæтæ сын арæзтам, ныр ма сæм бафтыдтам баннертæ, телеуынынады равдыстытæ, радиоэ-фиртæ, тымбыл стъолтæ, зонад-иртасæн конференцитæ, семинартæ, цæмæй адæмæн сæ зондахасты фидар кæна, экстремизмы ныхмæ цавæр мадзæлттæ хъæуы, уый. ЦИПУ-йы дæр бакодтой Экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ зонадон центр. Ныртæккæ нæ институтты цы фæсарæйнаг студенттæ ахуыр кæнынц, уыдонимæ дæр кусын райдыдтам. Нæ амынддзинæдтæ сæм хуымæтæг ныхæстæй бынтон хорз нæ хæццæ кæнынц æмæ сын уæд æрхъуыды кодтам ахæм мадзал: автобус райсæм æмæ сæ аласæм æрдзы хъæбысмæ, музейтæм, фенын сын кæнæм нæ историон, архитектурон, культурон цыртдзæвæнтæ… Ирыстоны сæхи куыд дарой, уый сын амонæм.  Æмæ афтæ зонгæ кæнынц нæ цард æмæ нæ историимæ.

– Артур, стыр бузныг уæ зæрдиаг архайдæй.

Дзырд дæр ыл нæй. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй адæймаджы хæлцæй дарддæр бирæ удварны хорзæхтæ хъæуы, йæ царды йын стыр нысан кæмæн ис, ахæмтæ. Адæймаг хъуамæ цæуылдæр æууæнда, йæ царды йын цыдæр нысан уа. Фæлæ, мæнмæ иууыл растдæр кæсынц, рухсыбадинаг Джыккайты Шамил арæх кæй дзырдта, уыцы ныхæстæ: «Дуне фервæзын кæндзысты æрмæстдæр фæллой, ахуырад, фидауц æмæ уарзт». Уæд ахæм æхсæнады нæ уыдзæн бынат экстремизм æмæ терроризмæн дæр.

                                         Ныхас кодта ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.