Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта УФ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйы директор Сергей Нарышкинæн йæ гуырæн боныл 65 азы сæххæсты цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Сергей Евгены фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боныл 65 азы сæххæсты цытæн.

 Раздæр азты паддзахадон службæйы алыгъуызон æмвæзадты цы стыр фæлтæрддзинад райстай, уый дын ахъаз кæны æнтыстджынæй æмæ эффективонæй кусын Уæрæсейы Федерацийы хæрзиуæгæн. Абоны бон УФ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйы директоры бынаты ды æнтыстджынæй скъуыддзаг кæныс бæрнон хæстæ, кæцытæ дзуапп дæттынц Уæрæсейы æдасдзинады интерестæн æддагон æртхъирæнтæй.

Дæ бæрзонд профессионализм æмæ хъуыддагыл æнувыддзинад ахъаз кæнынц дæ бæрнон бынаты дæ разылæууæг хæстæ æмæ нысæнттæ æнтысгæйæ скъуыддзаг кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны дын, цытджын Сергей Евгены фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æппæт профессионалон плæнттæ æмæ фæндтæ æнтысгæйæ реализаци кæнын, амонд æмæ фæрныгад дæуæн æмæ дæ бинонтæн».

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Дзæуæджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Архиепископ Леонидæн йæ гуырæн боны цытæн!

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Дæ бæрзонддзинад!

Зæрдиаг арфæ дын кæнын дæ гуырæн боны цытæн!

Бирæ азты дæргъы ды парахат кæныс æнусон æцæгдзинæдтæ, Чырыстонады рацаразæг тых, адæммæ сидыс архайгæ уырнынадмæ, хæрзаудындзинадмæ, æцæг уарзтмæ, æхсæннацион разыдзинадмæ. Адæммæ дæ лæмбынæг хъусдарды фæрцы, удварндзинад сæндидзын кæныныл аудгæйæ ды æндавыс æхсæнады хæрзнамысон уавæр æмæ удварн сног кæныныл.

Арфæ ма дын кæнын, Æддагон аргъуанон бастдзинæдты хайады сæрдары хæдивæджы бынатмæ нысан кæй æрцыдтæ, уый тыххæй дæр. Ныфс мæ ис фæсарæнты лæггад кæныны дæ фæлтæрддзинад æмæ уæрæх зонындзинæдтæ ахъаз кæндзысты чырыстон аргъуанты бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн.

Дæ бæрзонддзинад, мæ цæст дын уарзы æнæниздзинад, хæрзиуджытæ, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ Сыгъдæг Аргъуанæн лæггад кæныны хъуыддаджы!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.