Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта ацы аз бюджетон къамисы дыккаг рабадт, цыран æруынаффæ кодтой 2020 азы проектировкæтыл.

Рабадты куысты хайад райстой Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег, Контролон-нымайæн палатæйы сæрдар Гæбæраты Геннади, Хицауады уæнгтæ, Парламенты минæвæрттæ.

«Цæмæй уал паддзахадон бюджеты проект хаст æрцæуа Хицауады рабадтмæ, уæдмæ æнæ-мæнгхъæуæг у лæмбынæгæй суммæйыл æруынаффæ кæнын, кæцытæ хицæн цæуынц бюджетон фæрæзты сæйраг гуырæнæй, хæрдзты статьятæ ахæм хуызы скоррекци кæнын, цæмæй хыгъд æрцæуой бюджетон фадыджы æппæт приоритетон домæнтæ», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Уый ма банысан кодта, бæстæйы сæйраг финансон документы, фыццаджыдæр, æвдыст кæй æрцæудзысты республикæйы царды социалон здæхтытæ.

Финансты министр Хæбæлаты Азæ Хицауады уæнгты хъусдард аздæхта резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ хардз кæныны регулярон хыгъдтæ æнæмæнг саразыны тыххæй.

Рабадты рæстæджы ма æруынаффæ кодтой паддзахадон бюджеты хъалонон æмæ æнæхъа-лонон æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны фарстыл, хæрдзты оптимизаци, дефицит фæкъаддæр кæнын, паддзахадон æмæ экономикæйы реалон секторы уæлæм-хас æхцайы фæрæзтæ æрбаздахыныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.