Цхинвалы районы Къостайыхъæуы Культурæйы хæдзары (директор Мамиты Дзерассæ) æнтысгæйæ кусынц хæдархайгæ аивадон къордтæ æмæ кæддæриддæр алы бæрæгбонмæ дæр сæхи бацæттæ кæнынц, зæрдиагæй. Сæ репертуары вæййынц куыд ирон, афтæ уырыссаг æмæ æндæр адæмты зарджытæ æмæ кæфтытæ. Уыдонæн арæхстджын разамынад кæнынц; аивадон разамонæг Куыдзеты Янæ, хореограф Кокойты Гамлет æмæ зарджыты амонæг Гаглойты Варлам.

Стыр Уæлахизы боны хæдразмæ ацы хæдархайгæ аивадон къордты хайадисджытæ ралæу-уыдысты  сæ хъæуы сценæмæкæсджыты раз æмæ сын равдыстой сæ арæхстдзинад. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Советон Цæдисы адæмы удуæлдай тох немыцаг фашистты ныхмæ уыд æнæмсæр æмæ нын æрхастой Уæлахизы бон. Уый фæдыл уыдис йæ раныхас  Куыдзеты Янæйæн, стæй æмдзæвгæ «Уæлахизы бон» та бакаст Хуыбиаты Марат. Уый фæстæ акафыдысты «Хонгæ кафт», «Чызджыты кафт», «Хæххон кафт», азарыдысты «Нæ буц хис­тæртæ», «Катюшæ», «Три танкиста» æмæ æндæртæ. Аив сæ сæххæст кодтой Саулохты Ланæ, Джиоты Азæмæт, Хуыбиаты Аслан, Тъотъоты Амандæ, Хуыбиаты Азæмæт, Лохты Аминæ æмæ æндæртæ æмæ сын сценæмæкæсджытæ сæ алы ралæудæн дæр кодтой зæрдиаг къухæмдзæгъд.

                                                                       ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.