Абоны бон хурныгуылæйнаг бæстæтæм куы акæсæм, уæд ирдæй фендзыстæм, сæ маргæйдзаг зæрдæтæ та кæй раргом кодтой æмæ та алы рæттæй сæ фашистон идеологи кæй æнхъизы. Сæхи æргомæй равдыстой Стыр Уæлахизы бæрæгбоны рæстæджы – бирæ бæстæты йæ нысан дæр нæ бакодтой. Ӕгæрыстæмæй ма кæмдæрты хуымæтæг цæрджытæн дæр бар нæ радтой, фашисты ныхмæ тохты сын чи фæмард, уыцы ветеранты рухс нæмттæ ссарынæн.

Ӕниу хурныгуылæйнаг бæстæты рагæй фæстæмæ уæвынад кæны фашистон æмæ нацистон идеологи. Суанг ма сын колонитæ куы уыдис, уæдæй нырмæ сæхи йедтæмæ иннæ адæмты нымайынц дыккаг сортыл, кæнæ та сæ бынтондæр фосæй нæ хицæн кæнынц. 1958 азы Бельгийы нырма уæвынад кодта ахæм зоопарк, цыран ахæсты дардтой адæймæгты алы континенттæй æмæ бынæттон цæрджытæ цыдысты сæ уынынмæ. Ӕмæ ныр ахæмтæ сæхи нымайынц демократон бæстæтыл æмæ Уæрæсейæн амонынц, раст куыд цæрын хъæуы, уый.

9-æм майы бæрæгбон æй равдыста, чи цы у, уый. Украинæйаг фашистты, нацистты æмæ террористты сæрыл чи хæцы, чи сæ ифтонг кæны æхсæнгарзæй æмæ сын сæ фыдракæндтыл йæ цæстытæ чи æхгæны, уыдон сты хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæтæ æмæ сæ сателлиттæ. Ӕмæ та ныр 77 азы фæстæ ногæй æрхъула кодтой Уæрæсейыл æмæ та йæ аныхъуырынмæ хъавынц. Раздæр ма сусæгæй архайдтой, фæлæ ныр та æргомæй дзурынц, ома нæ фæнды уе скуынæг кæнын æмæ алы мадзæлттæ дæр райсдзыстæм нæ бæллиц сæххæст кæнынæн. Дзырд санкцитыл дæр нал цæуы, фæлæ комкоммæ хæстон архæйдтытыл. Ныридæгæн бæлвырд у, НАТО-йы хæстонтæ Украинæйы комкоммæ хайад кæй исынц хæстон архæйдтыты.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты факттæм куы æркæсæм, уæд бæрæг у, Советон Цæдисмæ æрмæст Герман кæй не ‘рбабырста, фæлæ æгас Европæ. Ӕрмæстдæр грекъæгтæ æмæ сербтæ нæ райстой æхсæнгарз Сырх æфсады ныхмæ, иннæ  европæйаг адæмтæн иууылдæр сæ къухтæ тугæйдзаг сты. Арæзт æрцыдысты националон дивизитæ, кæцытæ, бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, немыцаг солдаттæй уыдысты бирæ æгъатырдæр. Зæгъæм, немыцаг танкисттæн сæ æртыккæгæм хай уыдысты чехаг солдаттæ æмæ немыцæгты уæлдай уыдон нæ ауæрстой хуымæтæг цæрджытыл дæр, дæрæн кодтой хъæууон хæдзæрттæ æмæ æндæр арæзтæдтæ дæр. Кæнæ венгриаг солдатты худинаджы ном кæйонг айхъуыст, цас фыдмитæ фæкодтой. Ӕгæрыстæмæй сæ Сырх æфсад уацары дæр нал истой, зæгъгæ ахæмтæ фосæй ницæмæй хицæн кæнынц æмæ-иу сæ бынаты ныммардтой.

Националон дивизитæ Гитлеры раз цæмæй сæхи хорзæй равдисой, уый тыххæй кæрæдзиимæ быцæу кодтой, чи фыддæр фыдмиттæ бакæндзæнис, уымæй. Ӕмæ сæ куыдфæстагмæ немыцæгтæ сæхæдæг дæр сæхи хизын райдыдтой, нæ сæ фæндыд, цæмæй уыдоны тыххæй немыцаг хæстонтыл лæгсырдты ном сбада. Искуы-иу ацы дивизитæ исты æвирхъау митæ куы фæкодтой, уæд-иу немыцæгты къухдариуæгад æвиппайды Сырх æфсадмæ фехъусын кодтой, ома немыцæгтæ нæ уыдысты.

Уыдоны æдде ма Советон цæдисы ныхмæ хæцыдысты Райгуырæн бæстæйы уæйгæнджытæ дæр. Сæ худинаджы ном айхъуыст ахæм дивизитæн, кæцытæ конд уыдысты литвæйаг, латвиаг æмæ эстойнаг æмбæстæгтæй. Уæвынад ма кодтой ахæм легионтæ дæр, куыд гуырдзиаг, туркестайнаг æмæ æндæртæ, кæцыты нымæц хæццæ кодта 400 минмæ. Кæнæ дивизи «Галичина», кæцыйы сконды та уыдысты хурныгуылæн Украинæйы æмбæстæгтæ 250 минæй фылдæр.

Иу ахæм факт баззадис иторийы, – 1943 азы хурныгуылæн Украинæйы немыцæгтæ барвæндонæй истой хæс-тонтæ «Галичина»-йы дивизимæ æмæ сæ хъуыд æрмæстдæр 17 мин адæймаджы. Фæлæ немыцæгтæ дисы бафтыдысты, цыбыр æмгъуыдмæ мобилизацион пунктмæ 70 мин адæймагæй фылдæр куы æрбацыд, уæд. Уæдæ бæрæг у, хурныгуылæн Украинæйы цæрджыты фылдæр хай рагæй фæстæмæ уæйгæнджытæ кæй сты, æмæ сын абоны бон сæ митыл дис кæнын нæ хъæуы.

Райгуырæн бæстæйы уæйгæнджытæ нымад нæ цыдысты æфсæддон уацайрæгтыл æмæ-иу сæ уайтагъд раттой æфсæддон трибуналмæ, кæцыйы фæстиуæгæн-иу фылдæр хатт рахастой мæлæты тæрхон. Уыцы хъуыддаджы европæйаг бæстæты хæстонтæн сæ уавæр хуыздæр уыд. Хæстон архæйдтыты рæстæджы немыцаг уацайрæгты нымæц ахызт 2 миллуанæй, япойнæгтæ уыдысты 600 минæй фылдæр æмæ венгриæгты нымæц дæр уыд 500 мины бæрц. Уацайрæгты ‘хсæн ма бирæ уыд румынæгтæ, австриæгтæ, чехтæ, словактæ, поляктæ, италиæгтæ, французтæ, голандиæгтæ, финнтæ, испайнæгтæ æмæ афтæ дарддæр. Адонæн иууылдæр балæвар кодтой цард æмæ сæ ауагътой сæ хæдзæрттæм. Фæлæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй бузныгæй нæ баззадысты, лæггад нæ бамбæрстой.

Абоны мах Стыр Уæлахизы бон куы нысан кæнæм, уæд европæйаг бæстæтæн та сæ хъуыдыты æндæр цыдæртæ вæййы. Уыдонæн сæ бæллицтæ нæ сæххæст сты, нæ сын бантыст Уæрæсейы басæттын, ныддæрæн кæнын æмæ 77 азы дæргъы хъуыды кæнынц æрмæстдæр сæ маст райсыныл. 9 май уыдоны бæрæгбон нæу. Стыр Уæлахизы бæрæгбон у æрмæстдæр нæхи æмæ йæ цалынмæ нысан кæнæм, уæдмæ уæвынад кæндзыстæм.

Джиоты Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.