Нæ уаз кувæндæттæ нын, табу сæхицæн, зындгонддæртæ æмæ æнæзындгонддæртыл, тыхджындæртæ æмæ æдыхдæртыл дихгæнгæ ма хъуамæ уой. Уымæн æмæ алы дзуар, алы кувæндон дæр, фыдæлтæй фæстæмæ йæм чи кувы, уыдонæн иууыл зындгонддæр æмæ иууыл табуйагдæрыл нымад æмæ зынаргъ у, алы дзуар дæр йæхи бархъомысмæ гæсгæ тыхджын у.

Фæлæ куыдфæндыйæ дæр Ирыстонæн йæ хуссар хайы рагæй фæстæмæ дæр уæлдай зынд­гонддæр æмæ адæмæн иууыл иумæйагдæр дзуарыл нымад цæуы Джеры дзуар. Ирыстонæн йæ хуссар хайы столицæйы, ома горæт Цхинвалы цæрджытæн та горæты кувæндæттæ æмæ уаз бынæттæй  иууыл зындгонддæр æмæ иумæйагдæр уыд æмæ у Сырх дзуар. Æгæрыстæмæй ныр дæр, йæ агъуыстæн йæ фæд куы нал зыны, уыцы рæстæджы дæр.

Кæд ма уæ зæрдыл лæууы, чи бамбыд æмæ скæлæддзаг, уыцы уазæгдон «Ирыстон» ныппырх кæнын æмæ йæ бынаты ног, нырыккон домæнтæн дзуапп чи лæвæрдтаид, ахæм ног уазæгдон саразыны уынаффæ куы рахастæуыд, уæд хицæн партитæ, хицæн адæймæгтæ бæстæ сæ сæрыл куыд систой, сидт сидты фæдыл куыд къæрцц кодтой, алыгъуызон конференцитæ æмæ тымбыл фынгтæ куыд уагътой. Ныр уыцы кæлæддзаг агъуысты бынаты сырæзт, æрмæст йæ иу бакастæй дæр зæрдæ хуры фарсмæ кæмæн бады, ахæм диссаджы уазæгдон: йæ фыццаг уагыл, йæ архитектурон     хуыз нæ фехæлд, афтæмæй. Фæлæ иу азы размæ фæдис чи хъæр кодта, уыдон ныр сæ дзыхтыл цъуттатæ сæвæрдтой… Ныр цæмæннæуал исты дзурынц? Æмæ цы хъуамæ зæгъой? Бузныг зæгъын сæ ничи домы, хатыр ракурыны лæгдзинад та сын Хуыцауы цæст нæ бауарзта… Цæуыл дзурæг та у уый? Æрмæстдæр ууыл æмæ сæ уазæгдоны мæт бынтондæр кæй нæ уыд, æндæр цыдæр æви сæ æндæр кæйдæр мæт уыдис, кæмæндæр адæмы йæ ныхмæ скæныны мæт. Ахæмтæн табуйаг ницы ис æмæ ницы уыдзæн, бынатмæ баирвæзын, цардæй исты ратона кæнын йедтæмæ сæ ницы æмæ ничи æндавы. Æрмæст, хицау чи уа, уымæй се уонджы мигъ бады, зæгъгæ, уæд бæстыл арт куы сирвæза, уæддæр сæ сым-сым нæ райхъуысдзæн, донæй сабырдæр, кæрдæгæй – ныллæгдæр уыдзысты.

Кæд афтæ нæу, уæд кæм уыдысты, Сырх дзуар куы ныппырх кодтой æмæ йын йæ бынат раууатмæ куы æркодтой, уæд. Æви ирон адæммæ уазæгдон дзуарæй табуйагдæр æмæ ахсджиагдæр уыд!

Уазæгдæттæ, уыдысты æмæ уыдзысты, гæнæн ис саразæм къахдзæфæн уазæгдон, куы нæ ба­хъæуа, уæд, фæлæ дзуæрттæ иугæйттæ сты, уыдон аразгæйæ не сты, уыдон арæзт сты, дугты, царды фæлтæрæнты райгуыргæ сты, æмæ уыдонмæ афтæ æвналгæйæ нæу. Фыдæлтыккон дзуар, кувæндон ныппырх кæнын дæ сыхаджы æмбондыл фалдæр бахæцынау нæу, уый, æруадзæн цæмæн нæй, ахæм      хъуыддаг у, уымæн йæхи закъон, йæхи карз æфхæрд ис. Фæлæ хатт, цæмæдæр гæсгæ, кæмæндæрты ахæм цыдæртæ сæ галиу цæсты рдыгæй аззайынц. Дзуармæ æв­налæн æрмæст уый тыххæй нæй, табуйаг кæй у. Махæн, куыд фæзæ­гъынц, мæгуыры сис сæрвасæн дæр хæзнайыл нымад у. Махæн истори стыр бынтæ, стыр горæттæ æмæ цыртдзæвæнтæ нæ ныууагъта, махæн нæ дурæйамад рæсугъд кувæндæттæ нæ, фæлæ хуымæтæджы хъенсагъд дуртæ дæр историон бынтæ, культурон-архитектурон хæзнатæ сты. Фæлæ уымæн бынтондæр ничи аргъ кæны, кæй куыд фæнды, афтæ сæм æвналы. Æппæтадæмон, национ исадмæ чидæртæ ахæм уæлæнгай цæстæй акæсынц, цыма сын сæ сæ фыдæлтæ бынæн ныууагътой. Æмæ уыдæттæ никæй æндавынц, бæлвырддæр зæгъгæйæ, никæй æвдæлы, уымæн æмæ лыстæгдæр хъуыддæгтыл сбукъ вæййæм.

Фæлæ уый æндæр фарст у, абон та нæ уд нæ хъуырмæ кæмæй схæццæ, уыцы риссаг фарстатæм хауы…

Дзырд цæуы дыууæ табуйаг дзуары, дыууæ уаз кувæндоныл. Кæд абон Сырх дзуарæн йæ арæзтад нал ис, уæддæр æй бирæтæ хорз хъуыды кæнынц. Зынтæй ферох уыдзæн адæмы цæстныдзæвæнæй. Стæй баззад къамты дæр. Уыцы къамтæм гæсгæ дæр бæрæг у, Джеры дзуар æмæ Сырх дзуар кæй сты иу къухæй арæзт, кæнæ та иу адæймаджы фæндонмæ гæсгæ. Афтæ чи зæгъа, уæды заманы цæй архитектурон уынынад æмæ æнгæсдзинадыл хъуа­мæ цыдаид дзырд, уыдон тынг фæрæдидзысты, уымæн æмæ ныры дугæй рагзаманты стырдæр нысаниуæг лæвæрдтой архитектурæйæн, кæд уæды рæстæджы арæзтадтæ бынтон кадавар уыдысты, уæддæр. Ацы дыууæ дзуарæн сæ архитектурон æнгæсдзинад æрмæст сæ арæзтадмæ гæсгæ нæу, фæлæ ма сæ равæрдмæ гæсгæ дæр. Æрмæст дзы рахатæн ис дыууæ хицæндзинады: Джеры дзуарæн йæ агъуыст, ома йе мбæрзт у иуварсон къулаив æмæ уымæй та у, Ирыстонæн йæ цæгат хай, Цъæйы комы чи ис, уыцы дзуар Рекомы кувæндоны æнгæс.

Чизоны афон у, ацы дыууæ кувæндоны æнгæсдзинад цæуыл дзурæг у, уымæн бæстондæр, историон-зонадон анализ саразынæн. Царды æнæнхъæлæджы ницы вæййы, чи зоны, ацы фарстæн, мах æнхъæл дæр кæмæн не стæм, ахæм ахсджиагдзинад ис. Æниу уый сæйраг нæу. Дзуæрттæ дзуæрттæ сты, табу сæхицæн ис сын бар, цæмæй сын уа сæхи сусæгдзи­нæдтæ.

Абон уал нæ цы тыхсын кæны, уый: цы фæцис чъребайæгты уарзон дзуар? Чи йæм бахаста йæ ныфс æмæ йын цæмæн батадис, дунейы барадхъахъхъæнджытæ æмæ нæм рæстдзинады сæрыл тохгæнджытæ куы ис, уæд?.. Иннæ фарст: чи йын скъахта йæ бындур, цы уынаффæмæ гæсгæ, цы закъонон барады бындурыл? Æмæ ма дзы иу фарст ис: куыд дзурынц, афтæмæй ног дзуарæн макет дæр арæзт у, интернеты тыгъдады дæр æрзылд уыцы макет – чырыстон аргъуан куыд вæййы, ахæм æрттиваг цъуппытимæ, кæцыйæн бынтондæр ницы иудзинад ис Сырх дзуаримæ. Æвзæры фарст: исчи, кæнæ исчитæ Сырх дзуар ногæй саразын сфæнд кодтой æви йын йæ бынаты чырыстон аргъуан аразынмæ хъавынц. Æмæ сæ кæд ног чырыстон аргъуан хъæуы, уæд æй кæмфæндыдæр саразæнт, адæмæн табуйаг бынат, Сырх дзуары бынаты йæ цæмæн хъуамæ саразой?

Иу ныхасæй, цалынмæ йæм официалонæй нæ бавнæлдтой, уæдмæ цы уагыл уыд, уыцы уагмæ уал æй æркæнæнт, чи йæ ныппырх кодта, уыдон, самайæд æй фæстæмæ, æмæ йын стæй йæ дарддæры хъысмæт адæм сæхæдæг аскъуыддзаг кæндзысты…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.