АДÆМЫ ИУГÆНÆГ СИМВОЛ

Алы бæстæйæн дæр йæ паддзахадон символтæй сæ иу у тырыса, æмæ алкæмæн дæр у æндæр æмæ æндæргъуызон. Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса у расткъуымон кæттаг, кæцы конд у æртæ æмыйас уаццæгтæй. Уæллаг уаццагæн йæ хуыз у урс, астæуккагæн – сырх æмæ бынаг уаццагæн та бур (сыгъзæрингъуыз).

Куыд паддзахадон символ, афтæ фидар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны 1992 азы 13 январы райсгæ Закъонæй, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы Президиумы 1992 азы 30 марты Барамындæй та фидар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы тыххæй Уагæвæрд.

Тырысайы хуызтæ бæрæг кæнынц ирон адæмы национ дунеæмбарынады æртæ ахсджиагдæр æргъады. Урс хуыз иу кæны рæстдзинады, удварны сыгъдæгдзинады идея, сырх хуыз – тыхы, æхсары, хъомысы, хицаудзинады æмбарынадтæ æмæ бур хуыз та баст у сабырад, хæрзиуæг, амонд, фæрныгадимæ, иу ныхасæй, фарнимæ. Уыцы хуызты æвæрд æмбарынадтæ ирæттæн сты æвæджиаг æргъæдтæ, ирдæй зынынц нæ традицион культурæйы æмæ сæ иу кæны нæ национ тырыса.

Ацы æртæ хуызы иры рагфыдæлтæн дæр æцæгæлон нæ уыдысты. Уыцы хуыз ахорæнтæй ахуырстой сæ фатты, нымадтой сæ сæ хуры хуызтыл. Сæ кой ис ирон эпикон таурæгъты. Баззадысты рагон историкты фыстытæ дæр. Цæвиттон, рагон бердзенаг историк Геродот кæй радзырдта, уыцы легендæмæ гæсгæ рагон скифаг паддзах Таргитайæн уыд æртæ фырты æмæ уыцы заманы арвæй зæхмæ æрхаудысты сыгъзæрин дзаумæттæ – гутон æфсондзимæ, æхсаргард æмæ нуазæны кæхц. Ацы æртæ дзаумайы систы рагон скифты архайды æртæ символы – хæдзарадон архайд, æфсæддон архайд æмæ удварн. Уый ирдæй разынд Нарты эпосы дæр. Нартæ дих кæнынц æртæ стыр мыггагыл – Æхсæртæггатæ, Алæгатæ æмæ Борæтæ. Æхсæртæггатæ сты тыхджын мыггаг. Уыдонæй сæйраджыдæр, уыдысты нарты хъайтартæ. Уыдон хаудысты сырх – тыхы æмæ хицауиуæггæнæджы хуызмæ. Алæгатæ хъахъхъæдтой нарты рухс æмæ сыгъдæг кувæндæтты. Уыдонмæ уыдысты, нартæм æвæджиауæй цыдæриддæр уыдис, уыдон –  алæмæттаг кæхц Нартамонгæ, гъе та Уацамонгæ, афтæ Алæгаты стыр хæдзар, цыран кодтой куывдтæ, сæ хистæртæ æмбырд кодтой Ныхасмæ. Уыдонæн урс хуыз кæддæриддæр нымад цыдис урварны сыгъдæгдзинадыл. Традицимæ гæсгæ ирæттæ сыгъдæг бынæттæм, кувæндæттæм цыдысты урс дарæсы, сæ кувинæгты дæр хастой урс хъуымацы. Гæдиаты Секъа фыста, зæгъгæ, дзуары  лæгтæн сæ сæртæ баст уыдысты урс, цикъæ хæцилæй. Борæтæ та нарты ‘хсæн зындгонд уыдысты, куыд бирæ фос чи дардта, дардыл зæххытæ кæмæ уыдис, ахæмтæй, ома, уыдысты хъæздыг адæм. Уыдонæн та сæ хуыз уыдис бур хуыз. Афтæ,  ирон тырысайы æртæ хуызы сты нæ рагфыдæлты æртæ хуызы архайды символтæ.

Нæ рагфыдæлтæ сæ паддзахадондзинад историйы тымыгъты фесафгæйæ, аууонмæ ахызт сæ тырыса дæр. Æмæ нæм æрбаздæхт æрмæстдæр ивгъуыд æнусы 90-æм азты, Хуссар Ирыстоны национ-сæрибаргæнæн змæлд куы сытынг, уæд. Куыд риуылдарæн нысан, афтæ фæзынд 1989 азы майы мæйы. Уæдмæ гуырдзиаг нацио-налисттæ активонæй райдыдтой ирон адæмы ныхмæ тох кæнын, æфхæрын æмæ сын сæ национ сæрыстырдзинад дæлдзиныг кæнын. 1989 азы 26 майы Хуссар Ирыстоны уæды паддзахадон институты гуырдзиаг факультет Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны цытджын æмбырд уадзынмæ куы хъавыд, уæд ирон студенттæ протесты нысанæн рацыдысты уынгтæм, сæ риуыл æртæгъуызон лентæтæ, афтæмæй. Бацыдысты 13 коммунары ингæнмæ æмæ йыл дидинджытæ сæвæрдтой. Уый фæстæ фæзындысты ахæм уаццæгтимæ тырысатæ дæр. Цæгат Ирыстоны, куыд официалон тырыса, афтæ фæзынд фæс-тæдæр æмæ ссис паддзахадон символ. Уый ноджыдæр дзурæг у, нæ адæм иу кæй сты, иумæйаг историон-культурон традицитæ, иу æвзаг æмæ нын иу истори кæй ис.

Цыбыртæй зæгъын æмбæлы нæ иннæ паддзахадон символты тыххæй дæр. Уыдон сты Паддзахадон герб æмæ Паддзахадон гимн. Паддзахадон герб райст æрцыд 1998 азы 2 декабры, паддзахадон гимн та – 1995 азы 5 майы. Йæ ныхæсты автор у Кокайты Тотрадз, музыкæ та йын ныффыста Æлборты Феликс.

19 сентябры у нæ республикæйы Паддзахадон тырысайы бон. Уый нæ адæмæн бæрæгбон у. Нæ тырыса у нæ иунæг, æнгомгæнæг æмæ, нæ сæрмæ фæйлаугæйæ, уый хоны мах сæрибар, амондджын, фæрнæйдзаг фидæнмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.