Дзæуджыхъæуы уагъд цыд æрыгæтты ‘хсæн РЦИ-Аланийы гом чемпионат самбойæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Самбойы æппæтуæрæсейон боны цытæн. Хайад сæ райстой РЦИ-Алани, Хуссар Ирыстон, Цæцæн, Дагъыстан, Кæсæг-Балхъар æмæ Хъæрæсе-Черкессийы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг спортсментæй сыгъзæрин майдан рамбылдта Хъуылымбегты Феликс. Уый архайдта 88 кг уæзы категорийы. Дыккаг бынæттæ бацахстой Кобесты Таймураз (79 кг) æмæ Кокойты Таймураз (+88 кг). Ерыстæм сæ бацæттæ кодтой тренертæ Касаты Ацæмæз æмæ Хъотайты Дмитри.

Турниры ма хайад райстой Дзауы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Ерысты бронзæйон призертæ систы Бежанты Сæрмæт (60 кг) æмæ Карсанты Олег (+65 кг). Сæ тренер  у Хъоцыты Тамерлан.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон богалтæ 9 майданы рамбылдтой Грознæйы Асланбег Бисултановы номарæн æппæтуæрæсейон турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты хайад райстой 21 азы онг кæуыл цыд, ахæм спортсментæ. Ирыстоны минæвæрттæй турниры уæлахиздзау ссис Уалыты Вильям (125 кг), æвзист призертæ систы Фадзайты Марат (70 кг), Едзойты Арсен (92 кг), Карсанты Хетæг (97 кг) æмæ Хынцæгты Марат (125 кг). Бронзæ майдантæ та бафтыдысты Абайты Георги (74 кг), Хъуылаты Арсен (74 кг), Токты Сослан (86 кг) æмæ Бестауты Аланы (125 кг) къухты.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.