3-æм декабры уыд Инвалидты дунеон бон. Бæрæг куыд у, афтæмæй инвалидтæ ис нæ республикæйы дæр æмæ нæм уый тыххæй уагъд æрцæуынц мадзæлттæ, хъусдард здæхт сæм цæуы нæ республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй дæр, сæрмагондæй та Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы ‘рдыгæй. Уый кæддæриддæр æрбалæууы тыхст бинонты фарсмæ, баххуыс сын кæны æмæ дзы баззайынц райгондæй.

Инвалидтæн алыварсон æххуыс кæй хъæуы, æхсæнадæй иппæрдгонд кæй хъуамæ ма уой, уый тыххæй æрцыд фидаргонд ацы бон дæр. Уый нысан цæуы 1992 азæй фæстæмæ æмæ бирæ азты дæргъы кæд бæстон нæ, уæддæр скъуыддзаг цæуынц сæ проблемæтæ.

Иууыл ахсджиагдæр проблемæ уый у æмæ ахæм адæймæгтæ сæ царды кæй æмбæлынц, адæмы рæгъы цæуынхъом æххæстæй кæй не сты, уыцы зындзинæдтыл æмæ уымæ гæсгæ сæ боны уæлдай хъусдард аздахынц инвалидты ахсджиагдæр фарстытæм.

Цалдæр азы дæргъы нæ республикæйы сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы фæлгæтты алыхуызон низтæй рынчынтæн кæй æххуыс кодта, уымæ гæсгæ хорз базонгæ  абон инвалидты цавæр æххуыс хъæуы, сæ фарсмæ кæм хъæуы балæууын, уыцы фарстытимæ æмæ йæ Инвалидты дунеон боны цытæн Информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центрмæ фæхуыдтой журналисттæ, цæмæй бæстондæрæй загътаит йæ хъуыдытæ.

Цхуырбаты Татьянæ куыд банысан кодта, афтæмæй æнæмæнг хъæуы саразын паддзахадон программæ инвалидты фарсмæ æрбалæууыны тыххæй, цæмæй сæхи хуыздæр æмæ ныфсджындæрæй хатой æхсæнадон царды æмæ сын уа хорз уавæртæ. Цхуырбаты Татьянæ ма РХИ-йы Парламенты куы куыста, уæд уым базонгæ бирæ сахъатджын сывæллæттæ нæм кæй ис æмæ æххуысагур кæй цыдысты уырдæм рынчынты ныййарджытæ. «Раздæр æз дард уыдтæн уыцы фарстытæм, фæлæ арæх куы æмбæлай ахæм бинонты маст æмæ зындзинæдтимæ, хæдзæрттæм сæм куы цæуай æмæ сын сæ тыхстдзинад куы уынай, уæд адæймаджы зæрдæ фæриссы æмæ цардмæ дæр уæд æндæргъуызон цæстæй ракæсы. Æз уæд федтон бирæ уæззау рынчын сывæллæттæ нæм кæй ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст коляскæтæ балхæнын уыдонæн у тынг цъус. Хорз уаид, цæмæй æхсæнады, адæмы рæгъы цæуой, иудзырдæй, цæмæй нæ республикæйы уа инк-люзи. (Инклюзи – социумы активон цард. Зæгъæм, цæмæй инвалидæн йæ бон æнæпроблемæтæй бацæуын уа театрмæ æмæ ма хъуыды кæна, йæ фарсмæбадæг сценæмæкæсджытæ йæм цавæр ахаст дардзысты, ууыл.). Мах уымæ рагæй хъæуы æрцæуын, уый канд сывæллæттæн нæ хъæуы аразын, фæлæ кардзыдтæн дæр», – загъта Цхуырбиан. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй цалдæр азы бæрц РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы фонды фæрæзтæй инвалидтæн цæуынц æлхæд æндæр æмæ æндæр медицинон ифтонггæрзтæ æмæ коляскæтæ. Цхуырбаты Татьянæйы ныхæстæм гæсгæ нæ республикæйы сахъатджын сывæллæттæн сæ фылдæр сты æппынæдзух хæдзæртты æмæ æппындæр ницы уынынц æхсæнадон царды. «Уыцы сывæллæттæй чидæртæ сæ уавæрæй æфсæрмы кæнынц, кæмæндæрты та – физикон æгъдауæй сæ бон нæу. Уымæ гæсгæ мæ тынг фæнды, цæмæй нæм реабилитацион программæтæй дарддæр кусой психологон æмæ социалон æххуысы программæтæ дæр. Уый у ахсджиаг æмæ сыл хъæуы бакусын. Алкæцы инвалиды дæр хъæуы æххуыс, фыццаг рады, психологион, уымæн æмæ сæм бæллынц æмæ сæмбæлынц стыр зындзинæдтыл. Уымæй дарддæр ма мæ фæнды зæгъын уый дæр æмæ ма бинонтæн кæй вæййы æндæр сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ фылдæр се ‘ргом аздахынц æмæ фæкæсынц рынчынтæм, уымæ гæсгæ рохуаты аззайынц иннæ сывæллæттæ, кæд æмæ сæ фæхъæуы сæ ныййарджыты стыр рæвдыд. Вазыгджын уавæр фенæм ахæм бинонты царды æмæ хъæуы бындуронæй сæ фарсмæ балæууын», – банысан кодта сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын.

Цхуырбаты Татьянæ ма фæндон бахаста, цæмæй 2022 аз райст æрцæуа инвалидты азæй, цæмæй уый фæлгæтты уагъд æрцæуой мадзæлттæ æмæ уæлдай хъусдард здæхт æрцæуа сахъатджынтæм. «Чизоны, нæ ахаст ахæм адæймæгтæм фæива æмæ арæзт æрцæуой социалон программæтæ дæр, кæцыты руаджы уыдонæн фадат уыдзæнис алыгъуызон мадзæлтты хайад райсын, уый æмрæнхъ спорты архайын дæр. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид, цæмæй  арæзт æрцæуа инвалидты æхсæнадон организаци æмæ волонтерон архайд райтынг кæнын уыдон тыххæй.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.