21-æм марты, Уæлахизы 75 азы кадæн, æнæхъæн Уæрæсейы райдыдта дунеон патриотон акци “Сад памяти”. Йæ организатортæ сты змæлд “Волонтеры победы”-йы уæнгтæ. Сæ нысан у 22 июнмæ 27 милуан талайы ныссадзын алы регионты. Уыдон уыдзысты хæсты цал адæймаджы фæмард, уыдон номарæн.

Акцийы архайдта Цæгат Ирыстон дæр. 21 марты Дзæуджыхъæуы Хæстон намысы аллеяйы змæлыд бирæ адæм. Акцийы архайынмæ æрбацыдысты республикæйы разамынд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, волонтертæ, фæсивæдон организацитæ, горæты цæрджытæ…

 Уыцы бон уал фидæны дыргъдоны сагъд æрцыд 79 номарæн талайы – Уыййас Советон Цæдисы Хъæбатыртæ радта Ирыстон. Æдæппæтæй та Цæгат Ирыстоны сагъд æрцæуæдзæн 89 934 талайы. Уал хæстоны архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.

 Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бузныг загъта акцийы организатортæ æмæ архайджытæн. Куыд банысан кодта, афтæмæй ацы акци у социалон нысаниуæджы проект æмæ мах фæлтæры хæс та у хæстон хъæбатырты ном ма рох кæнын, кæстæр фæлтæры уыдон сгуыхтытыл ахуыр кæнын. “Ацы бынат æнæнхъæлæджы нæ равзæрстам. Ам йæ рæстæджы урæд æрцыд знаг, кæцы бырста нæ сæрты Хъаспы нефты гуырæнтæм. Ацы мадзал ноджыдæр иу къахдзæф у патриотизмы традицитæ адарддæр кæнынмæ. Махæн уый бар нæй æмæ советон адæмы хъæбатырдзинад ферох кæнæм. Уадз æмæ ацы аллея суæд  сабырад æмæ уæлахизы нысан нæ фæрнджын зæххыл. Акцийы сæйраг нысан у карз хæсты чи фæмард, уыдон нæмттæ сæнусон кæнын, Уæрæсейы адæмты ‘хсæн хæлардзинад фидар кæнын, адæмы, волонтерты ахæм арфæйаг æнтыстытæм разæнгард кæнын. Ацы талатæ – фидæны бæлæстæ Ирыстонæн амонд хæссæг фæуæд. Хъæбатыртæн та æнæфæцудгæ цыртдзæвæнтæ цы уой”, – загъта Республикæйы Сæргълæууæг.

Акци дарддæр цæудзæн республикæйы æмæ фæуыдзæн 22 июны.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.