Республикæйы æхсæнадон бынæтты æвæрын райдыдтой чысыл цардуагон-санитарон уагдæттæ мад æмæ сывæллонæн. Ныридæгæн уал дзы иу æвæрд æрцыд Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы.

Ацы ног проект стыр удæнцой скæндзæн мадæлтæн сæ сывæллæттимæ. Æхсæнадон бынæтты тезгъо кæнгæйæ, нæ вæййы фадат сывæллонмæ базилынæн, уый тыххæй сывæллæттимæ зивæггæнгæ цæуынц ныййарджытæ. Ныр ацы ног уагдæтты уыдзæн æппæт фадæттæ сабимæ базилынæн: туалет, душ, сынтæг сывæллон тухынæн, газы     плитæ хæринаг ахъарм кæнынæн…

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй уал ахæм уагдæттæ республикæйы фыццаг рæстæг æвæрд æрцæудзæн фондз. Уый фæстæ царды рауадздзысты ног проект.

 

                               Хæстонты  номыл

Ацы мæй та Цæгат Ирыстоны райдыдта æрвылазон акци «Сад памяти». Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, нацизмыл чи фæуæлахиз, уыдоны номыл æрвылаз дæр сагъд æрцæуы мингай талатæ. Ацы аз пъланмæ хаст æрцыд 34 мин æнгуз, тæгæр, тæрс æмæ кæрз талайы. Уæрæсейы æппæт регионты та æдæппæт сагъд æрцæудзæн 27 милуан талайы.

Куыд зонæм, афтæмæй акцийы æрвылаз дæр фæархайынц студенттæ, хæстон службæгæнджытæ, дины кусджытæ, культурæйы минæвæрттæ… Æнæуый та алкæйы бон дæр у акцийы архайын. Хъуыддагыл бæрнон чи у, уыдон скæндзысты алыхуызон викторинæтæ, флешмобтæ, сывæллæтты хуыздæр нывты равдыстытæ, æмдзæв-гæтæ кæсыны конкурстæ…

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ном æрвылаз дæр æрымысæм æмæ ныссадзæм мингай бæлæстæ. Бирæ азтæ рацæудзæн æмæ ацы бæлæстæ, куыд царды нысан, афтæ дидинæг калдзысты æмæ знагыл фæуæлахиз уæвджыты ном рох кæнын нæ уадздзысты. Уæлахиз нæ къухы цы хуызы бафтыд, сæ цард сæрибардзинады тыххæй чи радта, уыдоны нæмттæ нæ хъуамæ рох ма уой», – загъта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

 

Спектаклтæ – сахъат адæмæн

Цæгат Кавказы нæ республикæ сси фыццаг, куырм æмæ цæстцух театрдзаутæн сæрмагонд программæ кæм бацæттæ кодтой. Куырмыты тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд хъусæнтæ (наушниктæ). Уыдоны комментатор амондзæн сценæйы змæлд: декорацитæ, архайд, ныхас… Наушниктæ балхæдтой хæрзаудæн фонд «Искусство, наука и спорт». Нырма уал тифлокомментатор хуынд æрцыд Мæскуыйæ, фæлæ театры разамынды зæрды ис фидæны сæхи тифлокомментатортæ цæттæ кæнын.

Цæгат Ирыстоны куырмыты æхсæнады удæнцойæн цы æппæт уавæртæ арæзт цыд, уыдоныл ма ныр бафтыдысты аивадон мадзæлттæ дæр.

                                                           Нæ  уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.