Дзауы районы хъæутæй бирæтæ бахаудысты зын уавæрты, зымæджы фæстаг мæйы æгæр бирæ мит кæй æруарыд, уымæ гæсгæ.  Синагур, Теделет æмæ Карзманмæ фæндаг нал уыд февралы мæйы райдайæны дæр. Уæд Цхинвалы фæндæгты арæрзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны управленийы кусджытæ цалдæр хатты асыгъдæг кодтой æмæ æрбайгом кодтой фæндагон бастдзинад хъæутимæ. Фæлæ æрдзы ныхмæ тохгæнæн нæй – æруарыдис ноджы фылдæр мит.

«30 азæй фылдæр уыйбæрц мит никуыуал æруарыд æмæ ахæм фæстиуджытæм цæттæ ничи уыд. Историйы бирæ ис ахæм цаутæ, бирæ митæруарды фæстиуæгæн-иу трагеди куы æрцыд. Мæйы дæргъы мит йæ уарынæй не ‘рлæууыд æмæ-иу дзы хатт тæрсгæ дæр кодтам», – радзырдтой ацы хъæуты цæрджытæ.

Синагуры хъæусоветы сæрдар Танделаты Георги куыд загъта, афтæмæй сæвзæргæ уавæры сæ зындзинады сæ фарсмæ балæууыдысты Дзауы районы администраци æмæ Цхинвалы «Дорэкспострой»-ы управленийы кусджытæ.

«Æруарыдис нæм иу метр æмæ æрдæджы бæрц мит, хъæутæм нал уыд бастдзинад æмæ цæрджытæ тыхстысты. Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ уавæрыл батыхст, æрбарвыстой нæм æртæ иуæджы уæззау техникæ æд кусæгдых æмæ асыгъдæг кодтой фæндæгтæ.

Нырма уал фæндаг æрбайгом кодтой æрмæстдæр Синагуры хъæумæ, Куыст цæуы Карзман æмæ Теделеты хъæутæм фæндæгтæ сыгъдæг кæныныл. Синагуры онг фæндаг асыгъдæг кодтой дæс боны æмгъуыдмæ, иннæ хъæутæм та куыст фæкъуылымпы ис, техникæ арæх кæй фехæлы, уый тыххæй.

Хъæуы цæрджыты æмæ, сæрмагондæй, мæхи номæй бузныг зæгъын Фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны управленийы бригадæ Æлборты Валик, Бæззаты Гарик, Наниты Хъамбол, Джиоты Авто, сæ сæргъ Хуыгаты Казикимæ, æмæ Дзауы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæйæн, хъызтбонтæ æмæ карз уазæлтты дæр сæ куыстæй кæй не ‘рлæууыдысты æмæ хъæуты уавæр кæй фæрогдæр кодтой, уый тыххæй. Банысан кæнын ма хъæуы, кусджыты техникæ дæр кæй нæу æмбæлон цæттæ, æмæ сæхæдæг дæр æййафынц зындзинæдтæ, фæлæ ацы лæппутæ сæхи тыхтæй, кæм сæ техникæ фæцалцæг кæнынц, кæм – кусгæ æмæ афтæмæй сæ куыст кæнынц дарддæр», – загъта  Танделайы фырт.

ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.