2-æм февралы мæ  уацы хъайтарыл сæххæст 80 азы. Æмæ 80 азы та цъус не сты, уал азы дæргъы царды рацæугæ фæндагæн саргъ кæнынæн. Мæ уацы хъайтар дæр йæ рацæугæ фæндагмæ куы акæса, уæд царды йæ къухты цы æнтыстытæ бафтыд, уыдонæй баззайдзæн райгондæй.

Хуыцау иутæн схай кæны æнцон, æвæлмас цард, иннæтæ та цæргæ-цæрæнбонты фæтох кæнынц хъысмæты фыдæвзарæнтимæ æмæ афтæмæй фæцæуынц царды дæрзæг фæндагыл, фæлæ хъысмæты фыдæнæн  бафæразынц зындзинæдтæн æмæ царды аккаг бынат æрцахсынц.

Дзабиты Зареджы ном хорз зындгонд у  куыд Ирыстоны хуссары, афтæ цæгаты дæр йæ зонадон куыстытæй. У къорд чиныджы автор, афтæ ма студентон фæсивæды хъомылгæнæг дæр. Дзабийы фырт йæ сабибонты кæд бирæ уæззаудзинæдтæ бавзæрста, бирæ мæгуыр цæрдтытæ фæкодта, уæддæр гуырагъ фæндæгтыл цæуынæй нæ фæтарст æмæ ныфсджынæй цыд йæ царды фæндагыл.

Дзабиты Зарбег Трбуйы фырт райгуырд 1938 азы 2-æм февралы Дзауы районы Чеселты хъæуы зæхкусæг бирæ сывæллонджын бинонты ‘хсæн. 1939 азы бинонтæ хуыздæр цардагур ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрбынат кодтой Ногиры хъæуы кæйдæр дæлбазыр. Фæлæ сæ цалдæр азы фæстæ бахъуыд фæстæмæ хохмæ, Чеселтмæ, лидзыны сæр. Йæ фыд колхозæн цыд уæлыгæс, Зарбег йæхæдæг дæр йемæ бамбал, афтæмæй. Афтæмæй ссис æххуысхъом йæ ныййарджытæн фæстæдæр та хæдзардарæг. Хохы адæм кодтой тыхст цард, фос дарын сын æрмæстдæр бæрцыл уагътой. Хъуамæ-иу алы хæдзар дæр  нырма колхозы фосæн æркарстаиккой, стæй та сæхи фосæн æмæ сæм уыйбæрц хъару та кæм уыд. «Мæ цардæй уыйонг сфæлмæцыдтæн æмæ 8-æм къласы ахуыргæнгæйæ, ме ‘мбал Къæбысты Таймуразимæ бацыдтæн Дзауы æфсæддон къамисариатмæ, цæмæй нæ æфсадмæ арвыстаиккой. Мах æнхъæл уыдыстæм, зæгъгæ, нæ æфсæддон ахуыргæнæндонмæ арвитдзысты. Ме ‘мбал мæнæй хистæр уыд æмæ уый арвыстой, фæлæ мæн нæ ауагътой», – æрымысын ныр Зарбег.

1952 азы Зарбег Чеселты астазон скъола каст куы фæци, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Дзауы астæуккаг скъолайы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы скъолайы ахуыр кæнгæйæ, йæ уавæртæ ноджы февзæрдæр сты. Ме ‘мкъласонтæ, зæгъ, уырыссаг æвзагæй бирæ рæвдздæр уыдысты æмæ сын æнцондæр ахуыргæнæн уыдис. Дзауы скъолайы цы æртæ азы ахуыр кодта, уыдонæй зæрдæрайæ æрæмысы, æрмæстдæр Дзабиты Синатæм цы цыппар мæйы баззад, уыдоны. Синайы царæмбал Мамида йæ рæвдыдта, сабыр рæвдыд ныхас æм кодта, раст цыма йæхи хъæубл уыд, афтæ.

Раздæрау Зарбеджы бæллиц уыд æфсæддон суæвын. Фæлæ та ацы хатт дæр йæ бæллиц нæ сæххæст, ахуырмæ ацæуынæн æй æхцайы фæрæзтæ кæй хъуыд, уымæ гæсгæ.

Уæд Дзабийы фырт  бацыд Сталиниры педагогон институты ирон хайадмæ. Фæлæ та ам дæр «йе ‘мбæлццон» ссис зын цард, тухийы цард йæ иувæрсты нæ ахызт. Фыццаг курсы йæ къах тынг бахъыгдард, фæлæ уæддæр йæ ахуыр нæ ныууагъта.  2-аг курсы январы фæлварæнтæ куы радта, уæд уæззау рынчын фæцис æмæ афæдз æмæ æрдæг фæсад. Фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд сарæзта драмкружок æмæ арæх бæрæгбонты æвдыстой чысыл спектаклтæ.

3-аг курсы куы ахуыр кодта, уæд ын Мамиты Гига бахæс кодта, цæмæй студентон зонадон конференцимæ бацæттæ кодтаид доклад ахæм темæйыл: «Коцты Бега æмæ йæ рæстæг», зæгъгæ. Фæстæдæр ацы доклады бындурыл Дзабийы фырт ныффыста чиныг «Чеселтгом». Ацы рæстæджы йæ Бекъойты Димитр раздæхта æвзаджы ‘рдæм æмæ 4-æм курсы куы ахуыр кодта, уæд ын студентон зонадон конференцимæ бахæс кодта доклад саразын – «Суффикстæ – гæ æмæ гæйæ», 5-æм курсы та зонадон конференцийы йæ доклады темæ уыд: «Хъуыдыйады хуызтæ хъæлæсы уагмæ гæсгæ». Фæстæдæр уый дæр мыхуыры рацыд.

«1960 азы Сталиниры ном ивд æрцыд Цхинвалæй, уый адæмæн уыд карды рæхуыстау. Уæд нæма зыдтам, топоним Цхинвал рагон персаг дзырд кæй у, уый. Уыцы рæстæджы фæхицæн стæм цыппарæй: Икъаты Володя, Æлборты Хадзы-Умар, Козаты Хазби æмæ æз. Ахæм лæгтау телтæ лæвæрдтам Хрущевмæ, цæмæй Сталиниры схуыдтаиккой Фарн, Къоста кæнæ Аланир. Æрцыд ахæм ныхас, цыма Плиты Иссæ æмæ Хетæгкаты Георгийы фæнды, цæмæй студенттæ, фæсивæд зæгъой сæ ныхас æмæ цæгатимæ баиу уæм, фæлæ нæ Бекъойты Димитр, Хъуылымбегты Гигуц æмæ æндæртæ сыбыртт кæнын дæр не суагътой, зæгъгæ, уæ нæхиуæттæ  æрцахсдзысты æмæ уæ бирæгъты дзыхы атъысдзысты. Уыцы рæстæджы Хъæбæлойты Билар цъус нæ фæтох кодта бынæттон чиновниктимæ, фæлæ уыдонæн сæ ныхас уыд «мах гуырдзыимæ æвзæр нæ цæрæм».

1962 азы Дзабийы фырт каст фæцис инстиут æмæ кусын райдыдта Чеселты астазон скъолайы ахуыргæнæгæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ колхозы гæстæн хъæуы адæммæ уыд æвзæр ахаст æмæ сæ ныхмæ кæй слæууыд, уымæ гæсгæ йыл æрæмысыдысты посты давд. «Цæмæй Чеселтмæ фæндаг сарæзтаиккой, уый тыххæй хъаст кодтам æз æмæ Дзабиты Вася. Чиаты Иосиф ууыл сразы æмæ æхца рахицæн кодтой. Колхозы сæрдар йæ дуармæ фæндаг сарæзта, иннæ адæмы хъуыды дæр нал æркодта æмæ тыхстысты. Уæд æз (Вася уым нал куыста) æмæ хъæусоветы ног сæрдар Коцты Садул, скъолайы директор Багаты Герсан, ахуыргæнæг Чилæхсаты Ахмæт æнæхъæн комы сызмæлын кодтам æмæ 6 километры фæндаг сарæзтой лæгдыхæй. Ацы хъуыддаг колхозы гæсты акарста æмæ мыл фæсвæдæй сарæзтой акт, цыма баназын, расыгæй лæбурын æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ сæ районы прокуратурæ æмæ милици ницæмæ æрдардтой. Фæстагмæ Сыхты хъæуы колхозы гæсты аххосæй æрцыд лæгмарыны æртæ цауы сæхиуæттæй. Уæд мæ бахъуыд  мæ куыст ныууадзын, – радзырдта йæ мысинæгтæ Зарбег.

Дзабийы фырт  Дзæуджыхъæуы аспирантурæмæ фæлварæнтæ радта. Кусынмæ йæ барвыстой газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы литературон кусæгæй, фæлæ, дам, мæ корректорæй уæлæмæ кæй нæ уагътой, уымæ гæсгæ, дам, кусынмæ бацыдтæн областон библиотекæмæ, куыста туризмы советы скъолайон туризмы хаххыл. Уыцы рæстæджы ныффыста йæ диссертаци ахæм темæйыл: «Ирон адæмон медицинæйы терминологи» æмæ йæ бахъахъхъæдта Тбилисы университеты 1978 азы. Фæлæ йæ дæсныйадыл куыст никуы ссардта. Бекъойты Димитр уæззау рынчыны фæстæ фæхъуыд æмæ йын йæ сахаттæ радтой Зарбгæн. Фæкасти сæ 5 мæйы дæргъы, стæй йын сæ фæстæмæ райстой кæд æмæ конкурсы рамбылдта, уæддæр. Пединституты ма йын уыд сахаттæ «почасовой оплате» кæй хонынц, уыдон. Тъехты Баграт зонад-иртасæн институты директор куы ссис, уæд Дзабийы фырты кусынмæ фæхуыдта йæ дæлбар уагдонмæ. Уырдыгæй та йæ йæхимæ ракодта Цыбырты Людвиг институты ректор куы ссис, уæд.

Дзабиты Зарбеджы куыстытæ фæзындысты журнал «Фидиуæджы» «Чиныгкæсæджы трибунæ»-йы рубрикæйы бын. Мыхуыры йын рацыд ахæм чингуытæ: «О терминологии осетинской народной медицины», «Ирон адæмон хостæ», «Ирон æвзаджы фразеологи» (уый уыд йæ докторон диссертаци, фæлæ йын нал бантыст йæ бахъахъхъæнын, (бæстæ кæй сызмæст, уый аххосæй), «Ирон æвзаджы синонимты дзырдуат», «Ирон æвзаджы ононимты дзырдуат», «Рагон топонимтæ» (ацы чиныджы тыххæй йæ гуырдзы сæ газеты схуыдтой «гуырдзыйы историйы къæрных»), «Уацтæ ирон æвзаджы тыххæй», «Дзырдбаст æмæ фидар дзырдбастыты тыххæй», «Чеселтгом».

Хицæнæй мæ зæгъын фæнды йæ чиныг «Ирон адæмон хостæ»-йы тыххæй. Автор бакодта саргъгæнæн дæр кæмæн нæй, ахæм куыст. Иронау æрæмбырд кодта низты нæмттæ æмæ сын цахæм зайæгойтæй хос кодтой, уыдоны. Чиныгæн ис практикон нысаниуæг. Абоны онг дæр уынджы Дзабийы фырты æрлæууын кæнынц не ‘мбæстæтæй бирæтæ æмæ йæ фæфæрсынц иу кæнæ иннæ кæрдæгæй куыд хос кæнын хъæуы, уыдæтты тыххæй.

Зонадæй дарддæр ма Зарбег йæ хайбавæрд бахаста аивадон литературæмæ дæр, мыхуыры йын рацыдысты ахæм чингуытæ: «Хæхты бæркад», «Фæдис, хæлы нæ хæдзар», «Зылындзых уæйыг», «Арвистон», «Дзабиты мыггаг» (ацы чиныг ныртæккæ ис типографы). Йæ уацтæ æмæ зонадон куыстытæ мыхуыр æрцæуынц газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл дæр. Иу дзырдæй Дзабийы фырт егъау хайбавæрд бахаста ирон æвзаджы рæзтмæ.

Дзабиты Зарбег 1980 азæй фæстæмæ кусы ХИПУ-йы   ирон æвзаг æмæ иумиаг æвзагзонынады кафедрæйы æмæ  йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амоны Ирыстоны фæлтæртæн. У «РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг», хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй, у куысты ветеран.

Дзабийы фырт йæ цардæмбал дзæнæттаг Хуыбецты Дуняимæ  схъомыл кодтой хорз кæстæртæ. Йæ фырт Къоста у Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл активон тохгæнджытæй сæ иу. 2008 азы 6-æм августы знаджы къухæй фæцис уæззау цæф æмæ йæ бахъуыд Мæскуыйы рынчындоны хос кæныны сæр.

Юбилярæн нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ царды хорздзинæдтæ. Бирæ азты  фæцæр дæ уарзон адæмы ‘хсæн.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.