Гаглойты Никъалайы райгуырдыл сæххæст 120 азы

Гаглойты Никъала райгуырдис 1900 азы æмбисы Дзауы районы Приты хъæуы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Цалдæр азы ацахуыр кодта хъæууон скъолайы. Фæлæ стæй æвадат царды аххосæй йæ ахуыр ныууагъта. Æнахъомæй ныллæууыд зын æмæ уæззау куыстыл… зæронд цардæвæрд, паддзахы æвирхъау дуджы æнæрæстдзинæдтæ йæхиуыл бавзæрста хæххон лæппу. Æмæ-иу хъуыдыты ацыд… Кæм ис рæстдзинад, кæм æй агура? Цæмæн хъуамæ уой иутæ бухъхъ, æфсæст æмæ иннæтæ та – стонг, ссæст?

Уыцы æмæ йæ æндæр хъуыдытæ уæгъд нæ уагътой. Æмæ 1991 азы 18-аздзыдæй Никъала бацыдис Коммунистон партийы рæнхъытæм, уымæй афæдз раздæр та – Хуссар Ирыстоны партизанон къордмæ. Уым Гаглойы фырт æввахс базонгæ ис революционертæ Айларты Знауыр, Харебаты Исахъ æмæ иннæтимæ. Никъала активон хайад иста йæ уарзон райгуырæн Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл цыфыддæр знæгты ныхмæ карз мæлæтдзаг тохты. Дыууæ хатты меньшевикты дзæмбытæм бахауд. Фыццаг ын æнцонæй бантыст раирвæзын. Фæлæ йын дыккаг хатт фыдгултæ рахастой мæлæты тæрхон. Æхсынмæ йæ куы ракодтой, уæд æй йе ‘мбæлттæ мæлæты дзæмбытæй раскъæфтой, фервæзын æй кодтой.

Ирыстоны Советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд Гаглойты Никъала кусын райдыдта сæрмагонд хайады æмæ æнæуæрдонæй тох кодта, нæ бæстæйы ма цы абырджытæ æмæ фыдгæнджытæ баззадис, уыдоны ныхмæ. 1922 азы уалдзæджы æвзонг тохвæлтæрд лæппу ацыдис Сырх Æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ. Æвзонг коммунисты арвыстой арæнхъахъхъæнæг æфсадмæ. Ам ирон лæппу равдыста диссаджы æвзыгъддзинæдтæ хæстон æмæ политикон цæттæдзинады. 1931 азы Гаглойы фырт райста йæ фыццаг хорзæх – Гуырдзыстоны ССР ЦÆК-ы Кады грамотæ æмæ номылдарæн хæцæнгарз.

Фæстæдæр Гаглойты Никъала Мæскуыйы æнтысгæйæ каст фæцис Æфсæддон Академи æмæ дарддæр службæ кодта Советон Гарзджын Тыхты рæнхъыты. 1939-1940 азты урсфинæгты ныхмæ хъазуат тохы хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Уæд куыста æхсæг корпусы политхайады хистæры хæдивæгæй æмæ уый æмрæстæджы уыдис æфсæддон цензор дæр. 1939 азы урсфинæгты ныхмæ тохы рæстæджы зынгæ уырыссаг фысджытæ Н. Тихонов, В.  Вишневский, А. Прокофьев, А. Твордовский æмæ æндæртæ куыстой централон газетæн æфсæддон уацхæсджытæй. Гаглойты фырт æввахс базонгæ æмæ схæлар семæ, уæлдайдæр – Н. Тихоновимæ.

1940 азы Мæскуыйы журнал «Знамя»-йæ 6-7-æм номырты ныммыхуыр кодта Гаглойты Никъалайы хæс-тон мемуарты стыр цикл ахæм сæримæ – «Коммиссары бонæг», – зæгъгæ.

1949 азы урсфинæгтимæ хæст куы фæцис, уæд Николай Тихонов Никъалайæн балæвар кодта йæ чиныг æмæ йын загъта, зæгъгæ, ирæттæ хъæбатыр адæм сты, сæхи тыххæй мадзура сты æмæ сыл, зæгъгæ, фылдæр фысс.

О, стыр лæджыгъæд равдыста Гаглойы фырт урсфинæгты ныхмæ лæгæвзарæн тохты. Фæлæ йе ‘фсæддон курдиат æмæ æвзыгъддзинад тынгдæр рабæрæг сты  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронты.

Никъала разамынд кодта бронетанкон хæйттæн. Уыдон немыцаг фашистон тыхæйисджыты ныхмæ карз тохы кæй фесгуыхтысты æмæ стæй хæстон операциты сæ командир йæхæдæг хъæбатырдзинад æмæ стыр лæджыгъæд кæй равдыста, уый тыххæй йын Советон паддзахад саккаг кодта 20 орден æмæ майданы. Уыдоны нымæцы ис Ленины орден, Сырх Тырысайы æмæ Фыдыбæстæйон хæсты дыгай ордентæ, стæй – Сæйраг командæгæнæг И. В. Сталины 12 арфæйы.

Хæсты фæстæ Гаглойты Никъала æрвыст æрцыдис Одессæмæ. Нысан æрцыд механизацигонд полчы сæргъ æмæ уый æмрæстæджы уыд гарнизоны хистæр дæр.

Æрдæг афæдзы фæстæ йæм Мæскуымæ фæсидтысты æмæ йæ Германмæ службæ кæнынмæ æрвыстой. 1949 азы та йæм Мæскуымæ фæдзырдтой æмæ йæ арвыстой бронетанкон техникæ аразыны фæдыл зонадон-иртасæн организацимæ. Уым фæкуыста 1953 азы фæудмæ. Кодта активон æхсæнадон куыст дæр. Уыдис Советон Цæдисы Коммунистон партийы Мæскуыйы горкомы лектор.

Мæскуыйæ  йæ уарзон  райгуырæн Ирыстонмæ цæрынмæ æрыздæхгæйæ, Гаглойты Никъала, стыр хæстон æмæ царды фæлтæрддзинады райста æмæ йын уый бабæззыд сабырадон дуджы дæр. Уый ныллæууыд журналисты, фыссæджы хæрзиуæгон куыстыл. Йæ аивадон уацмысты, йæ уацты, йæ бонæгты зынын райдыдтой ивгъуыд дуджы цаутæ.

1954 азы мыхуыры фæзынд Гаглойты Никъалайы роман «Уæхски-уæхск»-ы фыццаг хай. Дыууæ азы фæстæ фæзынд йæ дыккаг хай. 1957 азы йын рацыд чиныг «Арт æмæ зынджы». Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценæйыл æвæрд æрцыд йæ пьесæ «Исахъ». Уый фæстæ йын нæ рауагъдады мыхуырæй рацыдысты йæ чингуытæ зынгæ ирон революционерты тыххæй: «Серо» (Сана-хъоты Александр), «Адæмы уарзон» (Дзадтиаты Александр),  «Хæдахуыр» (Козаты Разден), «Ирон бригадæйы командир» (Гаглойты Серги), «Уæлахизы тырыса» (Хуссар Ирыстоны дыккаг бригадæйыл) очеркты æмбырдгонд «Революцийы уадфидиуджытæ». Уыдоны бæлвырд, фактон æрмæджыты фæрцы лæмбынæг æвдыст æрцыдысты ирон адæмы сæрхъызойты хъæбатыр тох æмæ царды реалон нывтæ.

Йæ уацмысты ‘хсæн ахсджиаг бынат ахсы роман «Арт æмæ зынджы». Цæмæн, уый бæрæг у. Автор иттæг хорз зоны хæстоны цард, йæ зæрдæйы уаг, йе ‘нкъарæнтæ, йæ миддуне, йæ психологи. Романы зæрдæмæхъарæн нывтæй, йæхæдæг æвдисæн кæмæн уыд, ахæм удæгас эпизодтæй аив æвдыст цæуы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты эпопеяйы иу къабаз. Уацмыс фыст у авторы автобиографийы бындурыл. Йæ цытджын тохы фæндаг æвдисгæйæ…

Гаглойты Никъала не ‘хсæнæй ацыд 1991 азы. Хистæр фæлтæр куыд  зæгъынц, афтæмæй уый уыдис диссаджы æнæрынцой зæрдæйы хицау. Кæддæриддæр-иу æнæзивæгæй цыдис лекцитæ, докладтæ кæсынмæ фæсивæдæн, фæллойгæнджытæн. Семæ-иу фæкодта зæрдæбын ныхас, цæстуарзонæй сын-иу амыдта йæ зонындзинæдтæ, йæ хъæздыг царды фæлтæрддзинад.

Ахæмæй баззадис, сæ зæрдæты чи йæ зыдта, уы-донæн.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.