Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуджы» иуæндæсæм номыр.

Журнал дарддæр аразы Цæгат Кавказы республикæты фысджытимæ хæлардзинады бастдзинæдтæ. Журналкæсджыты цæстуарзонæй зонгæ кæны сæ уацмыстимæ. Цæгат Кавказы республикæты литературон журналтæ дæр ирон поэттæ æмæ прозаикты сфæлдыстадимæ рагæй зонгæ кæнынц сæ кæсджыты.

Ацы номыры журналкæсджыты размæ хаст æрцыд Кæсæг-Балхъары балхъайраг æмæ кæсгон фысджытæй Муталип Беппаев, Хасан Шаваев, Мадинæ Хакуашева, Зубер Тхагазитов, Магамед Кудаев, Аминæ Газзаева, Владимир Мокаев æмæ Светланæ Моттаевайы цыбыр биографитæ, сæ къамтæ, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, новеллæтæ æмæ эссе.

Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг, журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор, фыссæг Скъодтаты Эльбрус ацы аз нысан кæны йе 60 азы юбилей. Уый тыххæй «Нæ юбиляртæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын журналы мыхуыргонд цæуынц редакцийы кусджыты арфæтимæ иумæ йе ‘мдзæвгæты цикл.

«Карз хæсты фæндæгтыл – уæлахизмæ» ацы рубрикæйы бын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 75 азы цытæн журнал мыхуыр кæны æрмæджытæ Ирыстоны хъæбатыр фырттыл. Журналкæсджытæ бакæсдзысты рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор Тъехты Тамерланы уац «Нæмыг туджы куы фыхтис…», Гуыбаты Неведяйы æмæ Тимофейы тыххæй.

Прозæйæ журнал мыхуыр кæны УФ-йы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Тлаттаты Бексолтаны радзырдтæ.

Рубрикæ «Æрыгæтты сфæлдыстад»-ы бын мыхуыр æрцыдысты Сæлбиты Дианæйы литературон этюдтæ.

Хетæгкаты Къостайы райгуырды 160 азы юбилеймæ бæхты театр «Нартæ», сæвæрдта спектакль «Бæрæгбон хæхты», зæгъгæ. Инсценировкæйы автор у поэт Кокайты Тотрадз, йæ режиссер – УФ-йы паддзахадон премийы лауреат, РЦИ-Аланийы адæмон артист Сихъоты Тимур. Ацы спектакль тынг фæцыд аивадуарзджыты зæрдæмæ. Рубрикæ «Мах дуджы»  равдыст»-ы мыхуыргонд æрцыдысты спектаклы хицæн сценикон нывты къамтæ.

Журнал ма мыхуыр кæны филологон зонæдты кандидаттæ Джусойты Клавдия æмæ Брытъиаты Анжелæйы зонадон уацтæ. Уацты дзырд цæуы  Къостайы, Джусойты Нафийы æмæ Дауыраты Зояйы сфæлдыстадтыл.

«Ирон прозæйы антологи», зæгъгæ, журналкæсæджы зонгæ кæны зындгонд журналист, фыссæг, тæлмацгæнæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Малиты Хасаны прозаикон уацмыстимæ.

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст» дæр.

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.