Зæрдиаг арфæ кæнын чырыстон диныл хæст æппæт адæмæн, æмбæстæгтæн Чырыстийы райгасы боны фæдыл.

Ацы бæрæгбон адæймаджы зæрдæйы равзæрын кæны иууыл ирддæр æнкъарæнтæ, цардыл, хорздзинад æмæ рæстдзинадыл уæлахизы æууæнкдзинад. Хетæгкаты Къоста фыста, зæгъгæ, ацы бон у цардцырынгæнæн.

Куадзæн у монон удцырынады символ, лæвар кæны циндзинад æмæ ныфс, зæрдыл лæууын кæны бæрзонд хæрзæгъдауы идеалтæ æмæ æргъадтæ, кæцытæ бирæ æнусты дæргъы лæвæрд цыдысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

Ныртæккæ дунейы уавæр у тынг æндыгъд. Махæн уæлдай ахсджиаг у æууæндындзинад сфидар кæнын, Украинæйы фашизмыл фæуæлахизы сæраппонд æрбангом уæвын, цыран активон хайад исынц Хуссар Ирыстоны хæстонтæ.

Ацы ирд бæрæгбоны мах кувæм уыдон æнæниздзинадæн, тагъд рæстæджы сæ хæдзæрттæм, сæ бинонтæм æрæздæхыны тыххæй.

Ирыстоны традицимæ гæсгæ алыхатт дæр сæ хъус дардтой зын цардуагон уавæрты чи бахауд, уыдонмæ. Чырыстийы райгасы бæрæгбон йемыдзаг у хæларзæр-дæдзинад, æмæ царды зын кæмæн у, уыдонæн æххуыс кæныны тырнындзинадæй.

Ацы ирд боны уын мæ зæрдæ зæгъы амонд æмæ сабырдзинад.

Чырысти райгас!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

Зынаргъ адæм!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Чырыстийы райгасы ирд бæрæгбоны цытæн.

Ацы бæрæгбон сиды хорздзинадмæ, адæмы зæрдæтæ йедзаг кæны оптимизмæй, ныфсджын сæ кæны, рæстдзинад кæдæриддæр кæй уыдзæн уæлахиз. Æрвыл уалдзæг нын Куадзæн нæ зæрдыл æрлæууын кæны дун-дунейы  рæстаг закъæтты – хорздзинад, уарзондзинад, тыхтæ нын дæтты фæлварæнтæ æмæ зындзинæдтыл фæтых уæвынæн. Ахсджиаг у монон æргъадтæ æмæ чырыстон дины идеалтæ лæвар кæнын фæлтæрæй-фæлтæрмæ, уыдон сты хорздзинады æмæ монондзинады фидар бындур.

Куадзæны ирд боны уын мæ цæст уарзы, удæнцой, амонд æмæ фæрныгад. Уадз, чырыстон дины хорз идеалтæ лæггад кæной æппæт махæн нæ хъуыддæгты æмæ æххуыс кæной цыфæнды цардуагон уавæрты раст фæндаг ссарынæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.