Телефоны æрныхас кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федерацийы советы уæнг Мамсыраты Таймураз.
Гаглойты Алан раарфæ кодта Мамсыраты Таймуразæн йæ райгуырæн боны цытæн.
Президент стыр аргъ скодта, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон сфидар æмæ æрбаввахс кæныны хъуыддаджы, Мамсыраты Таймуразы хайбавæрдæн. Гаглойты Алан загъта, зæгъгæ, Мамсыраты Таймураз Фыдыбæстæйæн цæсгомджын лæггад кæнынæй Уæрæсейы æмæ Ирыстоны адæмты ‘хсæн йæхицæн скодта стыр кад.
Уæрæсейы Федерацийы сенаторæн хуссарирыстойнаг паддза-хады сæргълæууæджы цæст бауарзта æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ.
Мамсыраты Таймураз бузныг загъта Гаглойты Аланæн æмæ ныфс бавæрдта, алыхатт дæр кæй уыдзæн Хуссар Ирыстоны адæмы фарсмæ.