Февралы мæйы райдианы Турчы æмæ Сирийы цы зæххæнкъуыст уыд, уым фæмард дзæвгар адæм – Турчы сæ нымæц ахызт 50 минæй, Сирийы та  – 9 минæй. Алыгъуызон цæфтæ та дзы райстой 125 мин адæймагæй фылдæр. ИНО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ рæстæмбис нымадæй Турк баййæфта зиæнттæ 100 миллиарды бæрц доллартæй, Сири та – 5,1 миллиарды доллартæй. Ам банысан кæнын хъæуы уый æмæ Сирийы баййафгæ зиæнттæ сты паддзахады мидæггагон продуктты иумийаг æрзылды 10% бæрц æмæ афтæ нымайгæйæ Туркæй егъаудæр сты йæ зиæнттæ.

Тынг бирæ æххуыс цæуы ныридæгæн дæр гæвзыккæй аззайгæ адæмæн алы бæстæтæй. Æмæ та ам дæр хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæтæ сæ хъæстæдзинад равдыстой – Сирийæн ницы æххуыс æрвитынц, ома санкциты бын стут. Афтæмæй та гуманитарон æххуыс ма хъуамæ уа санкцитимæ баст – тыхст адæймагæн знаг дæр ма баххуыс кæны. Дунейы æнæниздзинад хъахъхъæныны организаци æрсидт, цæмæй ахæм трагикон цауты рæстæджы санкцитæ ист æрцæуой æмæ хъæугæ медицинон фæлындæнтæ æмæ медикаменттæ æвæстиатæй лæвæрд æрцæуой Сирийæн. Иууыл тынгдæр дзы бынæттон цæрджытæ тыхсынц нуазыны доныл, хæлцыл æмæ хъарм дарæсыл.

Турчы бындуронæй ныппырх 50 мин бæстыхайæ фылдæр æмæ 220 минæй фылдæр та систы кæлæдздзаг, эксплуатацийæн нал бæззынц. Зæххæнкъуысты фæстæ басгæрстой æппæт арæзтæдтæ æмæ сбæлвырд кодтой тынг бирæ бæстыхæйттæ арæзтады нормæты домæнтæн дзуапп нæ дæттæг. Ӕрмæст горæт Стамбулы 10 мин адæймаджы цæрæнуæттæ чысыл зæххæнкъуыстæй дæр ныккæлдзысты. Ӕппæт ацы проблемæтæ æвæстиатæй сты скъуыддзаг кæнинаг, уымæн æмæ 14 майы Турчы уыдзысты радон президентон æвзæрстытæ æмæ Эрдоганæн фæзын уыдзæнис рамбулын. Уымæн æмæ АИШ дзæвгар æхцайы фæрæзтæ хардз кæны туркаг оппозицийыл, цæмæй Эрдоганы баивой «коммæгæс» президентæй.

Ныридæгæн фæдæвзарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн Турчы барадхъахъхъæнæг органтæ æрцахстой иу мин адæймагæй фылдæр. Аххосджынæй фауццаг арæзтæдтæ эксплуатацимæ раттыны хъуыддаджы. Ӕмæ дарддæр дæр басгæрстытæ цæуынц арæзтадон орга-низациты, цæрæн хæдзæрттæ æмæ паддзахадон бæстыхæйтты. Ахæм уавæр ис Сирийы дæр – уым дæр гъæдджын арæзт нæ уыдысты сæ цæрæнуæттæ æмæ дзы уый фæстиуæгæн бирæ адæм бабын ис. Кæмдæриддæр зæххæнкъуыстæй тæссаг у, уыцы зонæты арæзтадон стандарттæ вæййынц æндæрхуызон, æмæ аразджытæ æнæмæнг хъуамæ æххæст кæной уыцы домæнтæ.

Сейсмологтæ ацы зæххæнкъуысты аххосаг бæттынц литосферон плитатимæ. Турчы территори лæууы цалдæр литосферон плитæйы арæныл æмæ ахæм бынаты зæххæнкъуыстытæ тынг арæх вæййынц. Аравийаг плита цæгатырдæм æлхъивы Анатолийаг плитайы. Фæстиуæгæн  амбирæ азты дæргъы æрæмбырд вæййы дзæвгар энерги æмæ йын суæгъд кæнынæн та ис æрмæстдæр иу хос – зæххæнкъуыст. Плитæтæ фезмæлыдысты сæ бынæттæй æмæ Турчы территори 3 метры бæрц феккуырстис хуссар-хурныгуылæнырдæм. Ӕрмæст фæрсырдæм нæ феггурстис, фæлæ æгас Турчы территори астæуккаг нымадæй 5-6 метры бæрц æрбадтис æмæ уымæн тæссаг у донивылдтыты фæстиуæгæн. Ӕмæ æцæгæйдæр æрæджы ацы территориты уыд донивылдтытæ æмæ дзы фæмардысты цалдæр адæймаджы. Горæт Искендерун денджызы донæй йедзаг кæнын райдыдта æмæ йын тагъд рæстæджы йæ фылдæр хай дон байсдзæнис. Ахæм æрдзон катаклизмтæ дзы дарддæр дæр цæудзысты æмæ йæ цæрджыты бахъæудзæнис ног уавæрты цæрынæн исты мадзæлттæ агурын.

Дыууæ плитайы кæм æндзæвынц кæрæдзийыл, уым зæххæнкъуысты фæстиуæгæн сырæзтис ком 200 метры фæтæнæн, 30 метры арфæн æмæ 150 километры дæргъæн. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ зæххæнкъуысты тых абарæн уыдис 300 атомон бомбæйæ иумæ срæмудзынимæ. Ахæм катастрофæтæ Турчы территорийыл фыдæлтæй фæстæмæ цæуынц – тæссаг зонæйыл нымад у. Азгай фыстытæм куы æркæсæм, уæд нæ эрæйы агъоммæ 900 азæй фæстæмæ ацы территорийы уыдис дзæвгар зæххæнкъуыстытæ. Статистикæмæ гæсгæ тæссаг зонæйы рæстæмбис нымадæй зæххæнкъуыст вæййы алы 200-250 азы. Фæлæ йæ практикæ куыд æвдисы, афтæмæй кæмдæрты арæхдæр вæййы, иннæ рæтты та æрæгмæдæр. Ацы бынаты ма ахæм тыхджын зæххæнкъуыст фæстаг хатт уыд 1939 æмæ 1944 азты æмæ йæ тых уыд 7,5 баллы бæрц. Ӕнæуый та 1900 азæй фæстæмæ Турчы территорийыл 13 хатты тыхджын базмæлыд зæхх, кæцыты тых-иу ахызт 7 баллæй.

6 февралы Турчы æмæ Сирийы зæххæнкъуыстимæ иумæ æгас планетæйыл рабæрæг кодтой 200 зæххæнкъуыстæй фылдæр – Байкалæй суанг Курилы сакъадахты æмæ Нью-Йоркы онг. Зæххæнкъуыст уылæны хуызы ацыд æппæт литосферæйы плитæтыл æмæ кæмдæриддæр зæххы бын энерги æмбырд уыд, уыдон суæгъд кодта. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, ацы зæххæнкъуыст адæймаджы саразгæ уыд. Фæлæ егъау масштабты зæхх базмæлын кæнын тынг зын у, стæй дын кæд бантыса, уæддæр æнæзындгонд нæ баззайдзынæ.

Ахуыргæндтæ рагæй архайынц, цæмæй зæххæнкъуыстæн рагацау базонæн уа æмæ адæм къаддæр зиæнттæ æййафой. Фæлæ абоны онг нырма сæ къухты ницы æнтыст бафтыдис. Практикон æгъдауæй ницы техникон фæрæзтæ ис рагацау æй сбæлвырд кæнынæн. Ӕрмæст базыдтой тæссаг бынæттæ æмæ кæмдæр кæд ахæм сейсмикон бынаты зæххæнкъуыст рагæй нал уыд, уæд прогноз саразынц, ома дзы рæхджы базмæлдзæнис. Æмæ уыцы «рæхджы» гæнæн ис æмæ ахæсса дæсгай æмæ сæдæгай азтæ дæр. Уымæ гæсгæ ахæм тæссаг бынаты, куыд Турк, зæххæнкъуыст куы вæййы, уæд ахуыргæндтæм диссаг нæ фæкæсы. Диссаг нæ уыдзæнис Хъырымы кæнæ Кавказы дæр тыхджын зæххæнкъуыст куы уа, уæд. Дыууæ регионы дæр хауынц 9-10 баллон сейсмикон активондзинады зонæтæм.

Ис гæнæн смартфонты датчиктæ сæвæрын, цæмæй чысыл базмæлд дæр фиксаци кæной. Фæлæ егъау горæтты уыцы датчиктæ метроты æмæ уæзласæн автотранспортты хъæлæбамæ дæр реакци дæтдзысты æмæ адæм æппынæдзух тасы мидæг цæрдзысты. Уымæ гæсгæ ахæм методæй дæр нæй спайда кæнæн. Зæххæнкъуысты размæ суадæттæ сызмæнтынц кæнæ сæ ад фæивы, зæххы бынæй фæцæуынц алыгъуызон газтæ æмæ уæд прогноз саразæн æнцонтæй вæййы. Фæлæ фылдæр хатт зæххæнкъуысты размæ ахæм цаутæй ницы рабæрæг вæййы, базмæлы максималон тыхæй, æмæ ахæм уавæрты развæлгъау ницы базонынц ахуыргæндтæ. Турчы æмæ Сирийы дæр зæххæнкъуыст йæхи развæлгъау ницæмæй раргом кодта.

Ӕрмæстдæр цæрæгойтæ зæххæнкъуысты размæ сдыгъуырццæг вæййынц, фæагурынц æдас бынæттæ. Ахуыргæндтæ сбæлвырд кодтой, цæрæгойтæ кæй хатынц зæххы микробазмæлдтытæ æмæ стыхсынц, сæ уагахст фæивы. Зæгъæм, 1973 азы китайаг горæт Хайчэны цæрджытæ сæрæгасæй баззадысты цæрæгойты фæрцы. Катастрофæйæ бонраздæр уырытæ æмæ кæлмытæ горæтæй æддæмæ лидзын райдыдтой æмæ адæм ацы фактмæ сæ хъус æрдардтой. Горæты мэры рекомендацимæ гæсгæ адæм эвакуаци æрцыдысты æмæ дыккаг бон зæхх базмæлыд 7,3 баллы тыхæй. Фæлæ мэрмæ алчи нæ байхъуыста æмæ чидæртæ баззадысты сæ хæдзæртты. Сæдæгай бæстыхæйттæ бындуронæй ныппырх сты æмæ дзы фæмардис 1328 адæймаджы. Цæрæгойтæ куы нæ уыдаиккой, уæд фæмаруæвджыты нымæц бирæ фылдæр уыдаид.

Мæлдзгуытæ, хæфсытæ, цъиутæ, хæдзарон цæрæгойтæ дæр рагацау базонынц зæххæнкъуыст, æмæ уый фæдыл рагæй цæуынц иртасæн куыстытæ. Ахуыргæндты иу хай йæ æмбарын кæны, зæгъгæ, базонынц æй электромагнитон уылæнты фæрцы – адæймагæн сæ йæ бон рахатын нæу. Уæдæ сейсмикон тæссаг зонæйы куы цæрай, уæд æнæмæнг хъуамæ дарай хæдзарон цæрæгойтæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.