Иу азы размæ ирон аив литературæйыл, ирон дзырдаивадыл, ирон поэзийыл æрцыд уæззау зиан. 2022 азы 13-æм майы Хуссар Ирыстоны дзыллæ йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодта ирон адæмы ирддæр минæвæрттæй иу, курдиатджын поэт, йæ радтæг адæмы аккаг фырт Хъодалаты Герсан Зурабы фырты. Ахæм куырыхон адæймæгтæ нæ фарсмæ куы нæуал вæййынц, уæд цыма адæймаг фæсидзæргъуыз вæййы, афтæ нæм фæкæсы. Цард дæр ахæм уæздан, куырыхон, æвæллайгæ хистæртæй фæфидауы. Ахæмты хонынц нацийы сæрыстырдзинад, национ исбон кæнæ та куырыхон лæгтæ.

Бæргæ ма йæ цæстæй фæагурæм, бæргæ ма йæм фенхъæлмæ кæсæм, фæлæ… Хатт нæм афтæ фæкæсы, мæнæ та райсомæй йæ куыстмæ æрбацæудзæн, уæззау къахдзæфтæгæнгæ та схиздзæн Мыхуыры хæдзары дыккаг уæладзыгмæ æмæ та нын мидбылхудгæйæ дæ райсом хорз зæгъдзæн. Цард куыд цыбыр у, уый алчидæр куы æмбарид, уæд кæрæдзийыл тынгдæр аудиккам, фæлæ… Цалынмæ адæймаг нæ фарсмæ вæйййы, уæдмæ йæ дзæбæх нæ фембарæм, куыд зынаргъ нын у, уый. Герсан та уыд къонайы артдзæст чи хъарм кодта, ахæм кадджын хистæр.

Хъодалайы фырт фидæны фæлтæртæн ныууагъта хъæздыг сфæлдыстад æмæ фыссæджы, поэты, публицисты кадджын ном. «Афтæ фæзæгъынц гений, дам, райгуыры хъæуы, цардæй та горæты ахицæн вæййы. Ахæм уыд Хъодалаты Герсаны хъысмæт дæр. Райгуырд Захъхъоры, уым акодта йæ фыццаг къахдзæфтæ дæр. Уым бавзæрста сидзæры уæззау цард. Нæ литературæйы Герсаны хуызæн курдиæттæ скадавар сты, Хуссар Ирыстоны сæ къухы æнгуылдзтыл банымайæн ис. Цæстуарзонæй балæггад кодта, ирон литературæйæн æмæ хъуамæ рацæуа рæстæг, цæмæй йын йæ хъæздыг сфæлдыстадæн æппæтварсон аргъ скæнæм.

Герсан Зурабы фыртимæ мах баста хæлардзинад,  бирæ хистæр мæ кæй уыд, уымæ æнæкæсгæйæ. Ноджы нæ тынгдæр æрбаввахс кодта национ поэзи, прозæ, публицистикæмæ уарзондзинад, уымæн æмæ сфæлдыстады нæй кары арæнтæ. Ам сæйраг у, иу уылæныл уæвын. Герсан уыд алывæрсыг, æргомзæрдæ адæймаг. Ме сфæлдыстады фæндагыл лæугæйæ, мæнæн тынг ахсджиаг у хистæр хæлар, литературæ æмæ публицистикæйы къабазы мын уæлдай фæлтæрдджындæр адæймаг куыд саргъ кæндзæн, уый. Æмæ мын мæ царды ахæм ахуыргæнæг уыд Герсан Зурабы фырт. Тынг аргъ кодтон  курдиатджын поэтæн ирон литературæмæ йæ æгæрон уарзондзинады тыххæй. Царды стæм хатт вæййы афтæ, æмæ адæймагæн йæ удæгасæй аккаг аргъ скæной. Фæлæ фыссæджы сфæлдыстадæн йæ удæгасæй саргъ кодтой куыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы дæр. Йæ лæвар чингуытæ аккаг бынат ахсынц мæ библиотекæйы», – радзырдта РХИ-йы сгуыхт журналист Хъуылымбегты Роберт.

Хъодалайы фыртæн стыр кад кодтой йе ‘мсисонтæ иууылдæр хуссарæй цæгатмæ – Абайты Васо, Дзугаты Георги, Джусойты Нафи, Джыrкайты Шамил, Хозиты Барис, Бестауты Гиуæрги æмæ æндæртæ. Иры разагъта кады лæг Джусойты Нафи Хъодалаты Герсаны юбилейы цытæн йæ уац «Дзаг хорæй мæ хордон»-ы цæстуарзонæй равдыста поэт стыр курдиаты хицау кæй уыд, уый.  «Къостайы ацы ныфсджын ныхас йæ бон у æмæ зæгъа йæ миднымæр йæ бирæ фыдæбонæй разыйы охыл Хъодалаты Герсан. Мæ зæрдыл ахæм хатдзæг æрлæууыд бæстон нымады фæстæ. Мæнæ ирон адæмы размæ Герсан æрхаста æнæхъæн æнусы æрдæг – 55 азы дæргъы цы бакуыста удуæлдайæ ирон дзырдаивады зиуы, уыцы фæллой. Уыдон сты æртæ стыр томы: æмдзæв-гæтæ, кадджытæ, поэтикон тæлмæнтæ, критикон æмæ публицистон уацтæ. Иу дзырдæй, Герсанæн ма йæ бон у Къостайы дыккаг стих сфæлхатт кæнын дæр «Бæркадджын мæ зæхх»!

Герсаны æмдзæвгæтæ мыхуыры куы фæзындысты фыццаг (1958), уæд æз, ныртæккæ цы бынаты кусын, уым æрвыстон мæ цæрæнбонтæ. Кастæн ын йæ чингуытæ йæ балцы райдианæй («Бæлццон», 1964 аз) йæ абоны æртæтомон рауагъды онг. Ам сæ ракастæн ногæй, æвналгæ сæм, æцæг, нæ фæкодтон, кæд редактор уыдтæн, уæддæр. Уый уымæн æмæ дзы редакторæн агаинагæй хæрзчысыл цыдæртæ федтон. Иннæ ‘рдыгæй та, курдиатджын фыссæг йæ зæрыбон йæ «фæззыгон най»-йæ цы бафснайдта йæ хордоны, уый куы хæсса адæммæ, уæд хъуамæ конкретон фиппаинæгтæй йæхи хиза редактор!

Герсан 55 азы нæ цæсты раз кусы, зиууон лæгау, зæрдиагæй, æвæллайгæйæ нæ дзырдаивады. Курдиатджын кæй уыд йе ‘взонджы бонты дæр, уый хатыдысты æмæ нымадтой нæ фысджытæ се ‘ппæт дæр. Аргъ дæр ын кодтой кæддæриддæр. Къостайы номыл Паддзахадон преми дæр ын уымæн саккаг кодтой фысджыты æхсæнад æмæ нæ хицауад. Æмæ мæнæ йæ поэты удуæлдай куысты фæстиуæг æртæтомон рауагъд. Редактор рауагъды хæрзгъæд æмæ аивтæн ницы фæахъаз. Уыдон иууылдæр поэты курдиат æмæ зонды фæстиуæг сты. Ныр мæ цалдæр ныхасы зæгъын фæнды Герсаны-поэты аивадон дунейы тыххæй. Мæ нымадæй, Хъодалаты Герсан у, ныртæккæ ирон литературæйы цы поэттæ кусы, уыдоны курдиатджындæртæй сæ иу. Поэты æнтыстыты бæрзæнд йæ иуæй-иу къуыхцытæй нæ, фæлæ йæ фидыц æмæ аивтæй баргæ у. Хохаг цæргæс хаттæй-хатт каркæй ныллæг-дæр ран æрбады, фæлæ каркæн йæ бон æмбондæй уæлдæр стæхын нæу, цæргæсæн та – уæларвы тыгъдад у йæ хæтæн бæстæ. Гъе, уымæ гæсгæ карк у хæдзарон маргъ. Цæргæс та – поэт. Ахæм у мæ хъуыды Герсаны тыххæй!».

Поэзийы сæйрагдæр миниуджытæм гæсгæ поэты цæст хъуамæ уына дун-дунейы æппæт дæр.  Герсан йе ‘мдзæвгæты уыны алцыдæр. Поэтæн йæ рагфыст æмдзæвгæтæй иу у «Гыцци». Æвæццæгæн, ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæй алчидæр зоны. «Гыцци, сбон та… Фæлæ уынджы Ды нæ зыныс райсом раджы… Хъуг нæма сахуыр дæ чындзыл Æмæ йын æхсыр нæ уадзы. Райс дæ сасир, Гыцци, фердæх, Пец ыстæвди… Арт ысхъауын… Æви дæ бынтондæр ферох, Мæн дæ армæйдзаг кæй хъæуы?.. Де суинаг сидзæр ысхъомыл, Чиныгимæ дæр фæхæлар, Фæлæ скъоламæ нæ комы, – У æмпъузинаг йæ хæлаф… Гыцци, сбон та… Гыцци, сбон та…».

Æмдзæвгæ поэт ныффыста 1964 азы. Мады уарзондзинады тыххæй ирон поэзийы бирæ аивфыст æмдзæвгæтæ ис, фæлæ ацы æмдзæвгæ йæ эмоцион мидисæй дæр, стæй йæ аив æмæ бæрзонд хуымæтæгдзинадæй дæр у сæ хуыздæртæй иу.

Герсан фидар уарзт кодта йæ Райгуырæн Ирыстоны, йæ æрдзы. Уый тыххæй дæр ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ. Уыцы æмдзæвгæтæй иу у «Æхсæвы нывтæ». Ацы æмдзæвгæ дæр ныффыста йе ‘взонджы бонты. Поэтæн ныййарæг зæххы аивтæ йæ зæрдæйы рæбын æвæрд кæй сты, ууыл дзурæг у ацы æмдзæвгæ дæр. Фæлæ ма ам, бафтауын хъæуы поэты аивадон фæткмæ ноджы иу миниуæг: æрдз канд рæсугъд нæу, фæлæ удæгас у, адæймагау цæрдхъом, æвзыгъд адæймаджы митæ кæнынмæ. Иу дзырдæй, поэтæн æрдзы дуне дæр, адæймаджы дунейау, цардбæллон æмæ цардфæлдисæг у. Ацы миниуæг поэты дуне ноджы адджындæр æмæ хицондæр кæны чиныгкæсæджы зæрдæйæн.

Поэзийы дыууæ сæйраг миниуæджы дунеуынынад æмæ дунеæнкъарынад Герсаны сфæлдыстады аив æмæ цæрдхъом кæй сты, стæй поэтæн йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ, уый дызæрдыггаг хъуамæ макæмæн уа, йæ уацмыстæй йын иу цалдæры чи бакæса, уымæн дæр. Аивады сæйраг миниуджытæй иу та у дунеæмбарынад. Ам ахсджиаг у адæмы æхсæндзардæн ивгъуыд дуджы æмæ абоны бон цы тæрхон хæссы, уый. Герсан у йæ адæм æмæ Фыдыбæс-тæйы патриот – æппæтмæ дæр кæсы, царды фæзындтæ хуымæтæджы адæймагæн, цы хæрзиуæг кæнæ цы фыдæвзарæн хæссынц, уый цæстæй. Йæ хъуыдыйы бындур амад у æхсæндзарды социалон рæстдзинад ныббиноныг кæныныл. Æмæ йæм ахæм позицийы охыл фау æрхæссæн нæй. Иу дзырдæй, Хъодалаты Герсаны поэзи нæ национ литературæйы ахсджиаг фæзынд у æмæ йæ зонын хъæуы.

Мæнæ куыд фыссы номдзыд ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг, гениалон эпикон поэмæ «Стайы цармдарæг» ирон æвзагыл аив чи сдзурын кодта, уый – Бестауты Гиуæрги: «Мæ зæрдыл ма лæууы, редакцийы дуар чъызгæ æрбакодта æрыгон бæрзонд лæппу, ныгъуылдтытæгæнгæ, æрбахаста æмдзæвгæтæ. Йæхиау хæлар, худæндзаст уыдысты йæ уыцы рагфыстытæ, афтæ зынд, цыма æвзонг поэт йæ цъæх цæстыты æмæ йæ фыццаг литературон фæлварæнты æрбахаста Ирыстоны уалдзыгон арвы уæды æбæрæг тыгъдадæй чысыл малусæггъуыз уаццæгтæ. Йе ‘мкарæн поэттимæ абаргæйæ, Хъодалаты Герсан цæттæдæрæй æрбакъахдзæф кодта поэзимæ.

Бонæй-бонмæ рæзт æвзонг авторы курдиат, уæрæх кодтой йæ поэтикон авналæнтæ æмæ 1964 азы йæ фыццаг чиныг «Бæлццон» куы фæзынд, уæд дызæрдыггаг нал уыд, ирон поэзи йæхицæн ныфс кæмæй бавæра, ахæм оригиналон автор нæм кæй фæзынд, уый. Хъодалаты Герсаны æз зонын æцæг поэтæй: афтæ мæм кæсы, цыма ирон поэзийы Герсан куынæ кусид, уæд уаид бирæ мæгуырдæр».

1975 азы Гафез фыста: Къостайы юбилейон бæрæгбоны рæстæджы Къостайыхъæуы мах, фысджыты иу къорды, Цыбырты Людвиг Абайты Васоимæ куы зонгæ кодта, уæд Васо æхсызгонæй загъта: «Хъодалаты Герсан?! Хъодалаты Герсаны чиныг райсын, бакæсын æмæ йæ фæстæмæ сæвæрын! Райсын, бакæсын æмæ та йæ фæстæмæ сæвæрын!». Хъодалаты Герсан у нæ абоны ирон поэтты хуыздæр минæвæрттæй иу. Йе сфæлдыстады хуыздæр миниуджытæ сты нæ абоны цардыл рæстæй дзурын, куысты хорз адæймæгтæн кад кæнын».

«Хъодалаты Герсанмæ поэтикон стыр курдиат кæй ис, ууыл никуы гуырысхо кодтон. Цалдæр хатты йыл фысгæ дæр кодтон æмæ йын аккаг аргъ кодтон йæ куыстытæн», – загъта Дзуццаты Хадзы-Мурат.

Зынгæ ирон поэт Мæргъиты Къоста йæ рæстæджы афтæ фыста: «Амæйразмæ бауадтæн мæ хæстæгмæ. Ацæргæ лæг у, иунæгæй вæййы хæдзары, æмæ йæ, зæгъын абæрæг кæнон. Дуарыл куы бахæцыдтæн, «баййæфтон æй пецы фарсмæ бадгæ, йæ къухы иу бæзджынтæ конд чиныг, афтæмæй. Герсаны чиныг кæсыс? – кæд æй мæхи цæстæй федтон, уæддæр æй афарстон. – О, Герсаны. Æз æй лæгæй-лæгмæ нæ зонын, фæлæ йын йæ чиныг кæсын.

Æз чысыл фæдисаугонд дæн. Ацæргæ лæг, ирон лæг, æмæ кæсы ирон æмдзæвгæтæ…-Кæсын æй, æмæ дын раст куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ цæуы. Мæхицæн дзы цыдæр æхцондзинад исын.

Æмæ цал æмæ цал зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæйы ис ацы чиныджы, иууыл сæ чи фæнымайдзæн. Фæлæ мæм уæддæр иууыл хуыздæр кæсынц, йæ сабийы бонтыл, Ирыстоны рæсугъд æрдзы нывтыл, йæ адæмы цард æмæ зæрдæйыуагыл цы уацмыстæ ныффыста, уыдон, – загъта мын мæ хæстæг лæг».

Йæ уацы кæрон Мæргъиты Къоста фыссы: «Æмæ ма ноджы. Æрæджы республикон библиотекæйы бæстыхайы цы юбилейон изæр уыд уым загътон, зæгъын, дын, Герсан дæттын сæдæ азы цæрæнбон æнæниз æмæ дзæбæхæй. Фæлæ афтæ цы зæгъай, кæсыс, Къостайы цæст мын уæд, фылдæр азты цæрæнбон нæ бауарзта, фæлæ æз ныр йæ фыддæрадæн 110-120 азы дæр цæрын, уыцы амонд  Дын хуыцау зæгъæд».

Бæргæ Къостайы арфæтæ куы сæххæст уыдаиккой æмæ æппынкъаддæрæй 90 азы уæддæр куы фæцардаид, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа. Уый йæ фæстæ ныууагъта хорз бинонтæ æмæ уыдон хæдзары фарн дарддæр кæндзысты. Хъодалаты Герсаны рухс ном та æнустæм цæрдзæн йе ‘мсис хæлæрттæ æмæ йæ радтæг ирон адæмы зæрдæты.  Рухсаг у!

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.