Æрæджы мæ мадæн йе ‘нæниздзинад цæхгæр февзæрдæр æмæ тынг фæтыхст. Рауад афтæ, æмæ уыцы рæстæджы уый хæдзары уыд ме ‘фсымæры чысыл лæп-пуимæ. Мæхæдæг кæд горæты нæ уыдтæн, уæддæр-иу мæ мадмæ арæх радзырдтон телефоны, мæ зæрдæ йæм æппынæдзух кæй æхсайдта, уымæ гæсгæ. Радон хатт та йæм куы фæдзырдтон, уæд æй йæ ныхасы гъæдæй уайтагъд фæхатыдтæн, йæхи æвзæр кæй хаты, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг стыхстæн, цы ацарæзтаин, уы-мæн ницыуал зыдтон. Дзæуджыхъæуæй уайтагъд не ‘рхæццæ уыдаин æмæ уымæн та хъуыд æвæстиатæй баххуыс кæнын.

Уæд фæдзырдтон мæ мады хомæ æмæ йын хъуыддаг бамбарын кодтон. Уый уайтагъд таксийыл æрбахæццæ мæ мадмæ æмæ йын йæ тыхст уавæр куы федта, уæд фæдзырдта «Тагъд æххуыс»-ы станцмæ. Сæ цæрæнбон бирæ ацы медицинон уагдоны кусджытæн, уайтагъд æрбалæууыдысты мæ мады уæлхъус æмæ йын кæд фыццаг медицинон æххуыс бакодтой, уæддæр йæ уавæр уыйбæрц ницы фæхуыздæр. Аластой йæ республикон соматикон рынчындонмæ, цыран ын бакодтой æмбæлон медицинон æххуыс.

Дохтырты руаджы мæ мад аирвæзт фыдбылызæй. Фыццаг рады мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды, уыцы бон “Тагъд æххуыс”-ы станцы радгæс чи уыд, уыцы кусджытæн: дохтыр Дзæгъиаты Виолеттæйæн, медицинон хо Тасойты Майяйæн, шофыр Хачатуров Къа-хайæн. Бузныг зæгъын ма мæ фæнды республикон соматикон рынчындоны неврологон хайады курдиатджын дохтыр Къудухты Валентинæйæн дæр. Уый аудгæ ахаст равдыста мæ мадмæ æмæ ныр йе ‘нæниздзинад бæрæг фæхуыздæр. Абон мæ мад кæд рынчындоны нал хуыссы, уæддæр æм йæ хъус дары, бадзурæм æм телефоны дæр æмæ нын бацамоны,   ныр та йæ цы саразын хъæуы, уый тыххæй.

Хуыцау зæгъæд, æмæ уæлдæр цы хуыцауысконд адæймæгты кой скодтон, ахæмтæ фылдæр цы уа нæ радтæг Ирыс-тоны зæххыл. Уæд нæ цард уыдзæн бирæ рæсугъддæр.

Дзукъаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.