1998 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Мады дунеон бон нысан фæцæуы ноябры мæйы фæстаг хуыцаубоны. Ацы аз Мады бон æрхаудта 24-æм ноябрмæ. Мад… Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ… Мад… Уый диссаг у, æвæдза. Мад йæ хъæбулы улæфт дардмæ дæр хъусы. Йæ хъæбул та зæрызæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны æмæ йын хурбоны хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон та – суазалæй. Мад, куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас, дæ аудгæ ахаст!?

Бирæ нæм ис ахæмтæ, кæцытæ сæ ныййарæг мæдтæн кодтой æмæ кæнынц аккаг кад æмæ аргъ. Æмбисондæн баззадысты Дзауы районы Танделты хъæуы цæрæг Джергаты æфсымæртæ. Уыдон сæ рынчын уатон мадмæ цыфæнды чызгæй дæр хуыздæр зылдысты цалдæр азы дæргъы.  Кæй зæгъын æй хъæуы, мад алкæмæндæр иууыл æввахсдæр, йæ иууыл уарзондæр адæймаг хъуамæ уаид, фæлæ алыхатт афтæ нæ вæййы. Мадæн лæггад кæнын кæй хъæуы, уæлдайдæр та йæ зæрыбонты, уый бирæтæй бынтондæр айрох вæййы.

Æрхæсдзынæн уын цалдæр цæвиттоны, цыран нæй иунæг æрæмысæггаг ныхас дæр. Нæ горæты цардысты дыууæ цардæмбалы. Уыдонæн хуыцауы цæст  æртæ хъæбулы – дыууæ фырты æмæ иу чызджы куы бауарзта, уæд ма сæхицæй амондджындæр кæй æнхъæлдтой. Цыдысты азтæ. Дыууæ цардæмбалыл азтæ сæ  уæззау фæд æруагътой. Фыццаг уал йæ цардæй ахицæн сæ фыд. Уæдмæ уатон рынчын фæцис сæ мад дæр æмæ афтæ ахаста  дæргъвæтин азты дæргъы. Лæппутæ, цыма æппындæр хæс-джын нæ уыдысты, уыйау сæ мадыл сæхи атигъ кодтой, ницæмæ йæ дардтой, раст цыма сыхæгты ус уыд, ахæм ахаст æм дард-той. Мадмæ йæ ныййарджыты хæдзары зылд йæ чызг, фæлæ уый дæр хъыг каст йе ‘фсымæртæм. Иу бон куы уыд, уæд ын  æфсымæртæй сæ иу фидарæй загъта, зæгъгæ, ацу ардыгæй дæ мады дæр демæ акæн, афтæмæй. Иу ныхасæй куыдзы сырд сæ ракодта, йæ ныййарджытæ сæ къухты тугвæллойæ цы хæдзар фæарæзтой, уырдыгæй. Цы гæнæн ма йын уыд, чызг акодта йæ мады, чындзы кæдæм фæцыд, уыцы хæдзармæ æмæ йæм уым зылд цалдæр азы дæргъы йæ цардæмбалимæ. Дыууæ азы размæ мад йæ цардæй ахицæн. Йæ амæлæты хабар ын фехъусгæйæ  фырттæй сæ иу йæ мады мард буар æрбаласын кодта,  йæ удæгасæй йын бынат кæм нæ уыд, уыцы  хæдзармæ æмæ йæ уырдыгæй афæндараст кодтой йæ фæстаг фæндагыл. Зианмæ æрцæуджытæй сыл алкæйы зæрдæ дæр фæхудт, алчидæр сæ ахъуыды кодта, зæгъгæ, сæ мадæн хист скодтой сабæттаджы тыххæй. Фæлæ Хуыцау уæлейæ кæсы æмæ алыхатт нæ ныббары ныййарджытæм хъæбулты ‘рдыгæй ахæм фыдракæндон ахаст. Хæдзарæй сæ чи расырдта, уыцы лæппу йæхæдæг дæр уæззау рынчын фæцис æмæ йæм кæсæг нæ уыд. Уæд та йæ хойы зæрдæ нал фæлæууыд æмæ та ацы уæззау фыдæбон дæр райста йæ уæхсчытæм æмæ йæм абон дæр сывæллонау зилынц йæ хуыцаусконд цардæмбалимæ.

Нæ горæты цард иунæг сылгоймаг, кæцыйæн йæ цардæмбал раджы амард æмæ йæ иунæг фырт та цард Уæрæсейы горæттæй сæ иуы. Ацæргæ сылгоймагмæ сæ хъус дардтой йе фсымæры лæппуйы цардæмбал æмæ хъæбултæ. Йæ фырт-иу сæрдыгон мæйты куы æрцыд Цхинвалмæ, уæддæр-иу йæ мады цур никуы æрлæууыд, кæд-иу ын йæ мад лæгъстæ кодта, зæгъгæ, æрлæу мæ цуры æмæ дæ уындæй  бафсæдон, уæддæр. Ацыд-иу йæ уды дзæбæхæн-иу рæстæг кæм арвыстаид, уыцы хиуæттæм. Иу цалдæр азы размæ ацæргæ сылгоймаг йæ цардæй ахицæн. Йæ мадмæ ахæм уазал ахаст кæй дардта, уый та нæ батад ацы нæлгоймагæн дæр. Йæхæдæг дæр уатон рынчын фæцис, суæлæхохыл сты йæ цардæмбал æмæ йæ чызг дæр æмæ афтæмæй, иунæгæй йæ мæлæт æрцыд. Афтæ у, хæс фидгæйæ у.

Иу сылгоймаджы йæ хъæбул ахæм над фæкодта æмæ уатæй нал рахызт цасдæр рæстæджы дæргъы. Куыд дзурынц, уымæ гæсгæ йæ марынмæ хъавыд йæ фырт, фæлæ мад куыддæрты ралыгъд хæдзарæй æмæ кæмдæр бамбæхст. Æмæ цал ахæм цæвиттон ис æрхæссæн. Ахæм дурзæрдæ адæймæгтæ цæмæннæ ахъуыды кæнынц, мадæн лæггад кæнын кæй хъæуы, ууыл. Цы фæцис хуымæтæджы адæймагдзинад? Тæригъæд кæй никæмæн тайы, уый та алчидæр хъуамæ æмбара.  Афтæ нæм фæкæсы, цыма нæ ныййарджытæ цæрæнбонты нæ фарсмæ уыдзысты, фæлæ царды закъон афтæ нæу æмæ нæ цуры куынæуал вæййынц, уæд ма фæсмонæй нæхи фæхæрæм, фæлæ…  Мæ мады йæ удæгасæй  рохуаты никуы ныууагътон (цард мæ хомæ Дзауы поселочы), арæх-иу æй бабæрæг кодтон, уæддæр мæхи фæсмонæй хæрын арæхдæр æм кæй нæ цыдтæн, уый тыххæй. Абоны онг дæр ын æнкъарын йæ къухты хъарм, æппынæдзух йæ рухс фæлгондз мæ цæстыты раз ис æмæ та  цæссыгтæ фемæсынц æнæвгъау. Уый хыгъд ын мæ кæстæр хо йæхæдæг, рынчын уæвгæйæ, стыр лæггæдтæ фæкодта, уатмæ йæм зылд цалдæр азы дæргъы. Нæ мады разæй йæ дзыхмæ къæбæр дæр  не схастаид.

Адæймджы мад фæхъæуы, цыфæнды кары  ма уа, уæддæр. Ацæргæ адæймаг дæр йæ фыртыхстæй йæ мадмæ фæхъæр кæны, йæ мады фæагуры. Цæй уæдæ, мад кæмæн ис, уыдон сæм фылдæр хъусдард здахæд, тынгдæр сыл аудæт. Адæймаг йæ мадæн куыд лæггад кæна, афтæ йын лæггад кæндзысты сомбон йæ сывæллæттæ дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.