Къостайы тыххæй дзургæйæ, цас æмæ цас рухс хъуыдытæ равзæры адæймаджы сæры! Цас тыхджын æнкъарæнтæ райгуыры нæ зæрдæты!

Ирон литературæйы бындурæвæрæджы райгуырды 160 аз банысан кодтой Цхинвалы районы Дменисы хъæуы дæр. Къостамæ уарзондзинадæй райгуырд рæсугъд æгъдау – æппæтадæмон бæрæгбон – йæ кадæн. Ахæм стыр амонд æрмæстдæр уымæ кæсы, йæ адæмы хуыздæр миниуджытæй хайджын чи вæййы, æрдзæй ахæм стыр курдиат чи рахæссы, йæ цард æппæтæй дæр адæмы хъысмæтимæ фидар чи сбæтты, уымæ…

Культурæйы хæдзары сценæ фæлыст уыд Къостайы цард æмæ сфæлдыстад æвдисæг нывтæ, къулынгазет, плакаттæ, чингуыты равдыст, зал уыд бæрæгбонхуыз.

Бæрæгбонон мадзалмæ æрбацыдысты хъæуы цæрджытæ, хъæууон администрацийы кусджытæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Мадзал байгом кодта æмæ Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цыбыртæй æрдзырдта Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси.

– Æрмæстдæр йæ ном сдзургæйæ, адæймаджы цæстыты раз æрлæууы мæгуыр адæмы сæрхъызой, сæ бартыл, сæ рухс фидæныл карзæй чи тох кодта, йæ цард æгасæй дæр йæ адæмы сæрыл чи радта, уыцы номдзыд Къостайы цардæгас хуыз, – зæгъы Икъаты Ануси.

Йæ «Ирон фæндыр»-ы, йе сфæлдыстады æгасæй дæр уый æвдыста – фæллойгæнæг адæймаджы уæззау уавæр æмæ кæй хъуыд тох кæнын йæ цард ын фæхуыздæр кæнынæн. Йæ хъуыдытæ, йæ катайдзинад уый æвдыста йе ʻмдзæвгæтæ æмæ поэмæты, йæ прозæ æмæ йæ драмон уацмысты, йæ публицистикæ æмæ йæ диссаджы аивадон нывты.       

– Цæудзысты азтæ, æнустæ, фæлæ ирон адæм сæрыстыр кæмæй у, уыцы хъæбулы ном никуы ферох уыдзæн. Хетæгкаты Къостайы, куырыхон æмæ æнусон сфæлдыстадæй кæддæриддæр сæрбæрзонд уыдзысты нæ адæм, – загъта ма раныхасгæнæг.

Къостайы райгуырæн бон ирон адæмæн ссис æцæг бæрæгбон. Бæрæгбон та циндзинадæй фидауы. Афтæ уыд уыцы бон Дменисы дæр. Сæ арæхстдзинад æрæмбырдуæвджыты раз æвдыстой хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

Уыдон сценкæ равдыстой Къостайы «Сидзæргæс»-мæ гæсгæ. Мадзалмæ æрбацæуджытæн сæ цæстытыл уад, уæды рæстæджы адæм цы мæгуырдзинад æмæ æххормагдзинад æвзæрстой, уый. «Ирон фæндыр»-æй æмдзæвгæтæ аив кастысты Лолоты Гурам, Андрей, Сергей æмæ Давид, Бестауты Дианæ, Дудайты Марат, Элинæ, Къæбулты Ланæ æмæ æндæртæ. Хæдархайгæ къорд азарыд зарæг «Хъуыбады». Сценæйыл ма сæ арæхстдзинад равдыстой кафджыты къорд дæр.

Бæрæгбонон мадзал барæсугъд кодтой хъæуы рæвдауæндоны (йæ директор – Джиоты Мананæ) сывæллæттæ дæр. Уыдон аив кастысты Къостайы æмдзæвгæтæ, кафыдысты æмæ зарыдысты.

Зæгъын хъæуы, мадзал кæй рауад цымыдисон.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.