Бæрæг куыд у, афтæмæй æрæджы РХИ-йы Президенты барамындмæ гæсгæ, райдыдта радон æрсидт æфсæддон службæмæ. Ацы аз куыд цæуы æрсидт æмæ иннæ æрсидтытæй цæмæй хицæн кæны, æппæт уыдæтты тыххæй ИА «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæн радзырдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæдивæг булкъон Æлборты Игорь, РХИ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæры хæдивæг, организацион-мобилизацион хайады хистæр Гуыцмæзты Алан æмæ РХИ-йы æфсæддон къамисар Бибылты Роберт.

Æфсæддон къамисар куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы аз дыууæ хатты – уалдзæджы æмæ фæззæджы æрсидтæуы æфсæддон службæмæ.

«Мах тырнæм, цæмæй æрсидтон кары чи ис, нæ республикæйы уыцы æвзонг лæппутæ максималонæй æфсады баслужбæ кæной. Æз зæгъдзынæн уый, æмæ фæстаг хатт ис ахæм тенденци, нæ лæппутæ бархионæй куы æрбацæуынц æфсæддон къамисариатмæ, цæмæй сæ æфсадмæ акæной, уый тыххæй. Ис ахæмтæ дæр, йæхи æфсæддон службæйæ чи иуварс кæны. Уыдонæн сæ фылдæр сты, æмбаринаг æфсон кæмæн ис (уважительная причина), ахæмтæ. Зæгъæм, Уæрæсейы уæлдæр кæнæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæны, бинонтæн иунæг сывæллон чи у. Ис ма ахæмтæ дæр, кæ-цытæ регистраци сты Хуссар Ирыстоны, фæлæ цæргæ та кæнынц республикæйæн æддейæ. Фæлæ æнæ аххосагæй йæхи чи тылиф кæны æфсæддон службæйæ, уыдонимæ дæр æмбæлон куыст цæуы», – банысан кодта æфсæддон къамисар, булкъон Бибылты Роберт.

Уый куыд загъта, афтæмæй æфсæддон-медицинон къамис дæр сбæрæг кæны, æфсæддон службæйæн чи нæ бæззы, ахæм æрсидтонты. Хорз у, æмæ уыдоны нымæц бирæ нæу, иу æрсидты дзы рабæрæг вæййы 2 – 3 адæймаджы.

Æрсидтонтæ æфсæддон службæмæ куыд цæттæйæ æрбацæуынц, уый тыххæй Бибылты Роберт куыд бафиппайдта, афтæмæй советон дуджы иумиаг ахуырадон уагдæтты ахуыр кодтой райдиан æфсæддон цæттæдзинады предмет, фæлæ, хъыгагæн, ныртæккæ уыцы предмет нал ахуыр кæнынц æмæ уый фæстиуæгæн ног æрсидтонты ахуыр кæнынмæ барвитын бахъæуы æфсæддон-ахуыргæнæн ротæмæ, цыран уыдон райсынц æмбæлон дæсныйад.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныр дæр актуалон уаид, скъолаты райдиан æфсæддон цæттæ-дзинады предмет куы ахуыр кæниккой, уæд уый.

Йæ рады Æлборты Игорь радзырдта хъахъхъæнынады министрады базæйыл æрыгæтты æфсады клуб саразыны плæнтты тыххæй, цыран куыд æфсæддонты сывæллæттæ, афтæ ма кæй фæнды, уыдоны сывæллæттæ дæр райсдзысты райдиан æфсæддон цæттæдзинад.

Пресс-конференцийы банысан чындæуыд, Хуссар Ирыстоны фæсивæд æнæзивæгæй кæй цæуынц Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигæнæг уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæмæ службæ кæнынмæ.

«Уырдæм цы æвзонг лæппутæ цæуынц, уыдон развæлгъау æвзæрст æрцæуынц РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æмæ æфсæддон къамисариаты, уый фæстæ уыдон æрæмбырд кæнынц æмбæлон документты пакет, рæвдисынц, физикон æгъдауæй куыд цæттæ сты, уый, сæ документтæ арвитынц Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадмæ. Æппæт уыцы къæпхæнтыл куы рацæуынц, уæд сæ контрактмæ гæсгæ айсынц 4-æм æфсæддон базæмæ», – банысан кодта æфсæддон къамисар æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæ адарддæр кæныны тыххæй абоны онг контракттæ сарæзтой 400 адæймаджы бæрц.

Уый банысан кодта уæрæсейаг æфсады службæйы хорздзинæдтæ дæр. Ома, æфсæддон службæгæнджытæн лæвæрд цæуы соцгарантиты æнæхъæн пакет, 10 азы службæйы фæстæ та райсынц цæрæнуат.

Йæ рады Æлборты Игорь та акцент æвæрдта æфсæддон службæгæнæджы патриотизмыл.

«Гарзджын тыхтæм службæ кæнынмæ чи бацæуы, æфсæддон форма чи скæны, уый у патриот, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг. Фæлæ фылдæр материалон хæрзиуджытыл чи хъуыды кæны, уымæй салдат кæнæ афицер никуы рацæудзæн. Бæрæг куыд у, афæмæй махæн ис ахæм сыхаг, кæцы нын знагиуæг кæны. Уый сæраппонд, нæ лæппутæй æфсадмæ чи цæуы, уыдоны фæнды хæстон дæсныйад райсын, цæмæй сомбон сæ бон уа сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын», – банысан кодта Æлборты Игорь.

Уый æрсидт æрсидтон кары лæппутæм, цæмæй сæхи ма тылиф кæной æфсæддон службæйæ, цæмæй сын сæ дарддæры царды проблемæтæ ма уа, уый тыххæй.

«Вæййы афтæ дæр, æмæ æфсады чи нæ баслужбæ кодта, уыдоны æрфæнды кæцыдæр тыхон службæты кусын, фæлæ сæм æфсæддон билет кæй нæ вæййы, уый тыххæй сæ нæ айсынц кусынмæ», – бахахх кодта æфсæддон ведомствойы министры хæ-дивæг.

Уый радзырдта хуссарирыстойнаг æфсады дисциплинæйы тыххæй дæр.

«Не’фсады нæй «дедовщина». Службæ кæнынмæ нæм æвзонг æрсидтонтæ куы æрбацæуынц, уæд сын бамбарын кæнæм «къух сисын», «дедовщина» цы сты æмæ сæ фæдыл цы расайынц, уыдæттæ. Уый нæ, фæлæ ма уыдон кæрæдзийæн феххуыс кæнынц, иумæ архайынц, ахуыр кæнынц æмæ афтæмæй схæлæрттæ вæййынц», – загъта Æлборы фырт.

Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæры хæдивæг, организацион-мобилизацион хайады хистæр Гуыцмæзты Алан та йæ рады радзырдта резервистты тыххæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы азы августы мæйы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр сæйрагкомандагæнæджы барамындмæ гæсгæ, 27 азы фæстæ фыццаг хатт, августы мæйы райдиан резервистты ‘хсæн  ауагъдæуыд æфсæддон сбортæ. Сбортæ уагъд æрцыдысты РХИ-йы Генштабы æмæ Гарзджын тыхты командон-штабон ахуырты фæлгæтты, 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддонты хайадистæй. Сæ нысан уыд Хуссар Ирыстоны Гар-зджын тыхты хæстон æмæ мобилизацион цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнын, афтæ ма æфсæддон хыгъды чи хъуамæ лæууа, уыдоны номхыгъд сбæлвырд кæнын.

Гуыцмæзты Алан куыд радзырдта, афтæмæй сборты мобилизаци организаци кæныны хайад райстой республикæйы районты администрацитæ, Гарзджын тыхты управленийы органтæ, Мидхъуыддæгты министрады фадыгон инспектортæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, цы резервисттæм æрсидтысты, уыдонæй хайад чи нæ райста сборты, уыдон  æфхæрд æрцæудзысты административон æгъдауæй.

Хъахъхъæнынады министрады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, ахæм сбортæ, гæнæн ис, суой регулярон.

Мадзалы дзырд цыд æфсæддон службæгæнджыты пенсион ифтонгадыл дæр.

Æлборты Игорь куыд радзырдта, афтæ-мæй Хуссар Ирыстоны æфсæддон ведомство нырма æвзонг у. Хъахъхъæнынады министрады та бирæ ис, пенси райсынæн æнæ-мæнгхъæуæг 12 азы онг йе стаж кæмæн нæ хизы, ахæм адæймæгтæ.

«Республикæ сабыр цардмæ куы рахызт, уæд æфсæддон службæгæнджытæй бирæтæ сæ службæ ныууагътой. Пенси райсыны тыххæй та хъæуы 25 азы куысты стаж, уыдонæй 12 азы хъуамæ уой æфсæддон службæйы азтæ. Уый фæстиуæгæн абон уыцы адæймæгтæн проблемон ссис пенси райсын. Ис ахæм цаутæ дæр, æмæ Хъахъхъæнынады министрады кæй службæ кодта, уый бæлвырдгæнæн документтæ бирæтæн басыгъдысты кæнæ фесæфтысты 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Цæмæй уыцы адæймæгтæн баххуыс кæнæм, уый тыххæй мах сарæзтам къамис, кæцы фæсиды, уыцы адæймæгтæ цы дæлхæйтты службæ кодтой, уыдоны командиртæм, штабы хистæрмæ æмæ уыдоны бæлвырддзырды руаджы арæзт æрцæуы æмбæлон документ», – бамбарын кодта Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь.

       ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.