9 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр Берлины регионалон парламенты депутат Гуннара Линдерманны фæхуындмæ гæсгæ æрцыд Берлинмæ.

Берлины Медойты Димитр хайад райста мадзæлтты Берлины къул сисыныл 30 азы сæххæсты цытæн. Сæйраг мадзæлттæ уагъд æрцыдысты Бернауэр-штрассы уынджы, цыран ныры онг дæр лæууы къулы фрагменттæй сæ иу.

Германы уæвгæйæ, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр фембæлдзæни Берлины политикон æмæ хъуыддагон минæвæрттимæ.

Ныгуылæневропæйаг бæстæтæм йæ визиты фæлгæтты  план цæуынц мадзæлттæ ирон диас-поратæ æмæ Хуссар Ирыстоны хæлæртты клубты минæвæртты хайадистæй.

23-æм декабры скусдзæн Хъырымы æфсæнвæндаджы хид æмæ йыл Санкт-Петербургæй Севастополмæ ацæудзæн фыццаг поезд 14  сахатыл. Поезды бынатмæ бацæуынæн бахъæудзæн 43,5 сахаты. Севастополмæ бацæудзæн 24-æм декабры 23:30 сахатыл. Ацы поезд сфæлхатт кæндзæн историон рейс, кæцы Санкт-Петербургæй Севастополмæ ацыд 125 азы размæ. Уæд поезд фæндагыл бахъуыд æртæ суткæйы. Дыккаг бон та поезд ацæудзæн Мæскуыйæ 23:45 сахатыл. Кæройнаг пунктмæ бацæуынæн поезды ба-хъæудзæн 33 сахаты. Поездтæ сты дыууæуæладзыгон, цæуæн сыл ис максималон комфортонæй.  Поездтæ цæудзысты æрвылбон дæр Мæскуыйæ – Казаны вагзалæй æмæ Санкт-Петербургæй та – Мæскуыйаг вагзалæй. Плацкартон вагоны билетты аргъ уыдзæн 3 мин сомы æмæ уымæй уæлæмæ æмæ фыццаг къласы вагоны та – 10 мин сомæй уæлæмæ. Бæлц-цæтты ласдзысты «Таврия» поездтæ. Хъырымимæ æфсæнвæндаджы бастдзинад куы байгом уа, уæд фæкъаддæр уыдзæн хиды автомобилон хайы машинæты змæлд, кæцы скуыста ивгъуыд аз æмæ йыл цæуынц тынг бирæ транспортон фæрæзтæ. Керчы донкъубалы автомобилон фæндагыл ныридæгæн ацыдысты 8 милуан машинæйы, уыцы нымæцы 100 мин автобусы æмæ 800 мин уæзласæн машинæйы.

Поезды билеттæ уæй кæнын райдыдтой 8-æм ноябры райсомы 8 сахатыл æмæ фыццаг суткæйы ауæй кодтой 5 мин билеты. Бæлццæттæ слæууынц рады 8 сахатæй раздæр. Хъырымы хиды æфсæнвæндаджы хайы арæзтадмæ æрæвнæлдтой 2016 азы февралы мæйы æмæ  фæуыдзæн ацы азы кæрон. Ныртæккæ специалисттæ аразынц сигнализаци, централизаци, афтæ ма æххæст кæнынц æндæр куыстытæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.