Æвæццæгæн, ирон адæм, чысылнымæц уæвгæйæ, цынæ бынат басгæрстой Зæххы къоритыл, ахæм бирæ нал баззад, уæлдайдæр нæ фыдæлтæ. Историктæ æмæ сын археологтæ сæ фæдтæ кæмыты не ссардтой: Францийы, Монголийы, Евразийы, Британийы, Китайы, Сыбыры æмæ бирæ æндæр рæтты. Нæ зонын, ахуыргæндты иртасæнтæ æрвылхатт раст вæййынц æви нæ, фæлæ Хъырымы æрдæгсакъадахы, уæды Таврикæйы, нæ фыдæлтæ цалдæр æнусы кæй фæцардысты, уый алчи дæр зоны. Ууыл дзурæг сты бирæ историон æрмæджытæ æмæ археологон ссарæггæгтæ дæр.

Историон æрфытæ сгарыныл ахуыргæндтæ кусдзысты, фæлæ куыд цæры абон Хъырым Уæрæсейы скондмæ æрбаздæхыны фæстæ, цавæр бастдзинæдтæ йын ис Ирыстонимæ? Уыдæттæ базоныны тыххæй нæ уацхæссæг Ялтæйы рæсугъддæр бынæттæй иуы фембæлд Хъырымы республикон æхсæнад “Алания”-йы сæрдар, Дзæуджыхъæуы официалон минæвар Ялтæйы, æхсæнадон организаци “Ялтинская Ассоциация “Дружба народов”-ы сæрдар, Хъырымы сгуыхт архитектор, майдан “Ирыстоны Намысæн”-ы кавалер, Беслæны кадджын æмбæстаг Саулаты Валериимæ æмæ се ‘хсæн рауад зæрдæбын ныхас.

– Валери, ирон адæммæ ахæм æмбисонд ис: “Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз”. Уый тынг раст хъуыды у. Ирон адæмы дард фыдæлтæ Хъырымы зæххыл кæй цардысты, уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у, фæлæ сæйраг абоны ахастытæ сты. Гурзуф æмæ Беслæн, стæй та Ялтæ æмæ Дзæуджыхъæу æфсымæрон горæттæ кæй систы, уый стыр хъуыддаг у. Уый цæмæй къухы бафтыдаид, уымæ стыр хайбавæрд бахастай ды дæр. Ахæм историон цауæн йæ нысан цы у?

– Амынд горæттæ æфсымæрон куы систы, уæд ма Хъырым Украинæйы сконды уыд, фæлæ нæ уый ницы бахъыгдардта. Уыцы хъуыддагыл зæрдиагæй сæмбæлдысты Украинæйы уæды хицауад. Æз цалдæр хатты фембæлдтæн Ялтæ æмæ Гурзуфы разамонджытимæ, ныхас кодтон ахæм къахдзæфы ахадындзинадыл, æмæ мæ бамбæрстой. Ялтæ æмæ Дзæуджыхъæуы ‘хсæн “æфсымæр-дзинад” официалон æгъдауæй куы фидар кодтам, уæд стыр делегаци æрцыд Цæгат Ирыстонæй, сæ сæргъ уæды мэр Дзантиаты Сергей, афтæмæй. Делегациимæ уыдысты нæ аивады зынгæ архай-джытæ, журналисттæ. Уазджытыл зæрдиагæй сæмбæлдысты фысымтæ. Хъуыддаджы фембæлдæй уæлдай ма уæд Ялтæйы арæзт æрцыдысты Ирыстоны культурæйы бонтæ. Бæрæгбонон мадзæлтты уыд бирæ ирон адæм Хъырымы алы горæттæй. Уыцы фембæлдыл журналисттæ скодтой диссаджы документалон киноныв. Дыууæ æфсымæрон горæтæн та сæ сæйраг нысан у æмгуыстады бадзырд, стæй культурон бастдзинæдтæ скæнын. Стæй канд уый нæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй Беслæны трагедийы, стæй Хуссар Иры хæсты рæстæджы махæн стыр æххуыс бакодтой ацы горæттæ. Гуманитарон æххуысы уæлдай ма сæ тынг барæвдыдтой сæ уды хъармæй. Уыцы азты Ирыстонæй цалдæр фæлтæр сывæллæттæ баулæфыдысты ацы горæтты санаториты.

– Уæд куыд фехъуыстон, афтæмæй Беслæны трагедийы хъыгдард баййафджытæн сæрма-гонд поезды маршрут скодтой Хъырыммæ…

– Ахæм маршрут уыд историйы фыццаг æмæ фæстаг хатт. Уыцы бонтæ мæ никуы ферох уыдзысты. Беслæны терактæй рацыдаид мæйы бæрц. Украинæйы Паддзахадон программæйы фæлгæтты санатори “Гурзуфский” æмæ дунеон центр “Артек”-ы беслæйнаг сывæллæттæй 300-йæн æрцæттæ кодтам бынæттæ цыппор боны æмгъуыдмæ. Поезд æрцæуын афон бирæ адæм æрбамбырд Симферополы вагзалы. Уым уыдысты Хъырымы хицауад, ирæттæ алы горæттæй, реабилитацион центрты кусджытæ, санаториты разамонджытæ, хуымæтæг адæм. Алчи дæр уыд тыхстхуыз. Уалынмæ æбаввахс поезд “Беслан – Симферополь”. Сывæллæттæ куыд хызтызты, афтæ адæм сæ цæссыг нал урæдтой. Акодтам сæ санатори “Гурзуфский”-мæ. Уым ныл фем-бæлдысты санаторийы директор Игорь Алферьев йæ коллективимæ, ирон диаспорæйы хистæрты советы сæрдар Атайты Петр, летчик – космонавт Павел Попович æмæ бирæ æндæр зындгонд лæгтæ. Уыдон æрбацыдысты сывæллæтты барæвдауынмæ, ныфсытæ сын авæрынмæ, фæлæ сын уый æнцон нæ уыд. Куырыхон хистæртæ, хæст æмæ мæлæт чи федта, уыцы æфсæддон разамон-джытæ сабитæм кæсгæйæ æнæдзургæйæ куыдтой. Уый фæстæ ма беслæйнаг сывæллæтты уыцы санаториты баулæфын кодтам 2005, стæй 2007 азты. 2008 азы та ирон диаспорæйы минæвæрттæ бахатыдысты Ялтæйы горсоветмæ æмæ уæд та исын райдыдтам хуссарирыстойнаг сабиты. 2006 азы Хуссар Ирыстойн референдум куы расидт хæдбар республикæйы статус райсыны тыххæй, уæд æй дунеон æмæхсæнад нæ банымадтой, фæлæ хъæппæрисджын адæймæгтæ Хъырымы цæр-джытæм фæхæццæ кодтой рæстдзинад. Уæд Хуссар Ирыстонимæ æм-зæрдæдзинады охыл стыр митинг арæзт æрцыд Симферополы. Æз уым мæ раныхасы загътон: “Мах фæнды, цæмæй нæ дунеон æмæхсæнад фехъуса æмæ референдумы бæрæггæнæнтæ банымайа”. Уым райстам æмбæл-гæ резолюци. Мæн стыр бузныг зæгъын фæнды Украинæйы уæды разамынд æмæ Хъырымы ныры разамындæн, ирон адæммæ сæ хъарм ахасты тыххæй.

– Хъырым Уæрæсейы скондмæ куы æрбаздæхт, уæд рай-дайæны зындзинæдтæ æвзæр-ста, Украинæ сæ цæмæй ифтонг кодта, уыдон æрæхгæдта æмæ сын фæзын. Уæд ирон адæм дæр, цас сæ бон уыд, уымæй се ‘ххуысы хай бакодтой…

– Раст у, уæд хъырымæгтæ тынг тыхстысты. Фæндыд мæ, сæ бирæ хорздзинæдтæ сын истæмæй куы бафидиккам. Æрцыдтæн Ирыстонмæ æмæ фембæлдтæн уæды разамындимæ. Бамбарын сын кодтон хъуыддаг æмæ зæрдиагæй сразы сты. Фылдæр хъæппæрис та равдыстой адæм сæхæдæг. 2014 азы мартъы мæйы Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд стыр митинг «Крым, Осетия с тобой!», зæгъгæ, Хъырымæн баххуыс кæныны тыххæй. Уыимæ ирон адæм æрæмбырд кодтой æхца, дзаумæттæ, медикаменттæ æмæ бирæ æндæр товартæ. Цалдæр уæзласæн машинæ товарæй йедзагæй, сæ уæлæ “Осетия – Крыму”, зæгъгæ, фыст, афтæмæй Симферополмæ куы ныххæццæ сты, уæд сыл адæм æмбырдтæ кодтой, сæ цинæн кæрон нæ уыд. Гуманитарон æххуысимæ иумæ æрцыдысты Национ ахастдзинæдты министр Фрайты Сослан, Парламенты депутат Уататы Зе-лим æмæ амалхъом Колыты Михаил. Æз сæрыстырæй кастæн ме ‘мзæххонтæм. Уыцы балцы рæстæджы хæлц æмæ æнæ-мæнгхъæуæг дзаумæтты уæлдай Ялтæйы рынчындон Ирыстонæй æххуыс райста 2 милуан сомы, 1,5 милуан æмæ 700 мин сомы та райстой Гурзуф æмæ Алуштæйы администрацитæ. Афтæ у. Æфсымæр æфсымæрæн йæ тыхсты рæстæджы йæ уæлхъус хъуамæ æрбалæууа.

– Дыууæ Ирыстоны трагикон цауты тыххæй цы къамты альбом æмæ чиныг рауагътай, уыдон фенын, хъыгагæн, мæ къухы нæ бафтыд…

– Мæ чиныджы цыбырæй сты, æвдисæн цæмæн уыдтæн, уыцы цаутæ, мæ хъуыдытæ, мыси-нæгтæ, мæ зæрдæйы риссæгтæ амынд цауты тыххæй. Къамтæ та фæистон алы азты алы рæттæй. Зæгъæм, æрвылаз дæр сентябры райдайæны æрцæуын Беслæнмæ фыдохы мадзæлттæм, сисын къамтæ дæр. Бирæ мæм ис Хуссар Ирыстонæй дæр. Къамтæй равдыст сарæзтон Алуштæйы исто-рион музейы. Бирæ адæм фæцыд сæ уынынмæ æмæ дзы æнæцæссыгæй иу дæр нæ аздæхт. Ацы къамтæй рауагътон чиныг-альбом. Хъырымаг адæмæн мæ зæгъын фæндыд, ирон адæм цы æвирхъау трагедитæ баййæфтой, уыдоны тыххæй, уымæн æмæ сæхæдæг экономикон зындзинæдтæ æвзаргæйæ стыр æххуыс бакодтой махæн. Рæстæгæй-рæстæгмæ ма рауадзын газет дæр, сæрмагондæй ирон-хъырымаг ахастыты, стæй хъырымаг ирæтты цард æмæ куысты тыххæй “Крымская Ала-ния”,  зæгъгæ, ахæм номимæ.

– Уыцы фыдбоны азты Ирыстонæй Хъырымы цы сывæл-лæттæ улæфыд, уыдонимæ уын бастдзинæдтæ уыд?

– Хъыгагæн, ис дзы ахæм ирæттæ дæр æмæ сæ фæрсгæ дæр никуы ничи бакодта. Фæлæ иумæйагæй сисгæйæ, ирон диаспорæйы уæнгтæ рохуаты никуы ныууагътой æфхæрд сабиты. Санаторитæм сæм цыдысты иннæ адæмыхаттытæ дæр æмæ сæ рæвдыдтой. Нæ мæ рох кæны иу цау: фыццаг хатт Беслæнæй «Артек»-ы цы сывæллæттæ улæфыд, уырдæм иу изæр бацыдыстæм æз, мæ цардæмбал Дзгойты Фатимæ æмæ Атайты Петр. Фæндыд нæ истæмæй сæ бахъæлдзæг кæнæм. Æз мæ фæндыр ахастон мемæ, кæд мын æй Петр нæ уагъта, уæддæр. Лагеры кæрты ничиуал уыд, фынæй кæнынмæ сæ арвыстой. Мах уынджы бандоныл æнкъардæй æрбадтыстæм. Æз сабыргай фæндыры тæнтæ айвæзтон æмæ талынг кæрты аивылд ирон зæлвидыц. Уайтагъд, цыма уымæ æнхъæлмæ кастысты, уыйау алы рæттæй уадысты сывæллæттæ æмæ ныл цингæнгæ æрхъула кодтой. Чысыл фæстæ сын бацайдагъ хъазт. Æз уæд бамбæрстон, сæ улæфт æнæхъуаджы кæй нæ фæцис, уый.

Уыцы азты Хъырымы ирæттæй хæсты æфхæрд адæмæн чи баххуыс кодта, абон дæр стыр патриот чи у, уыдон бирæ сты. Цыфæнды хъуыддаджы дæр мæ фарсмæ æрбалæууынц Дзангуыбегты Георги æмæ Джемал, Севастополы диаспорæйы сæрдар Гацолаты Валери, Колыты Светланæ, Туаты Аслан, Мысыккаты Майæ, Лолаты Ибрагим, Абайты Зарæ, Хуыбецты Алыксандр, Баймæтаты Руслан, Æлборты Сослан æмæ иннæтæ.

Уæдæ Ялтæйы ирон мæсыг аразын кæй райдайдзысты, уый кæуылты хорз хъуыддаг у. Йæхи фæрæзтæй йæ аразы Хъарданты Валодя. Уый уыдзæн ирæтты æмбæлæн бынат алы ахсджиаг хъуыддæгты фæдыл, ирон бæрæгбонты дзы скувæн уыдзæн æртæ уæливыхæй. Хъырымы горæттæй иуы æвæрд æрцæудзæн Мамсыраты Хадзы-Муратæн цырт.  Уый тыххæй бар ракуырдтам Хъырымы губернатор Сергей Аксеновæй. Уый ма нын бар радта хæстæг рæстæджы ирон культурæйы бонтæ саразынæн дæр.

– Валери, нæ ныхас фылдæр æнкъард хабæрттыл уыд æмæ мын дæхи тыххæй ницы загъ-тай. Хъырымæй Ирыстоны ‘хсæн хæлардзинады хид басгуыхтæ. Дæ бинонтæ дын дæ ахæм архайдмæ цы цæстæй кæсынц?

– Тынг хорз. Мæ фырт Алан æдзух мæ фарсмæ ис алы ахсджиаг фембæлдты, архайын, цæмæй ирондзинадæй иппæрд ма уа. Сæрмагондæй йæ рарвитын Ирыстонмæ мæ райгуырæн хъæу Елхотмæ, цæмæй ирон æвзаг æмæ æгъдæуттыл ахуыр кæна. Мæ чызг Нинæ дæр каст фæци Дзæу-джыхъæуы хæххон – металлургион институт, цæмæй йæ фыдызæхмæ хæстæгдæр уа. Уый фæстæ ахуыр кодта Киевы университеты аивæдты факультеты. У архитектор, нывгæнæг. Йæ нывты равдыс-тытæ вæййынц алы горæтты.

35 азы размæ Ленинграды аивæдты академи каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыдтæн Ял-тæмæ æмæ цæргæйæ баззаддæн уым, фæлæ Ирыстонимæ мæ бастдзинад никуы фехæлд. Мæ бон цас у, уымæй архайын ирон адæмы сæ фыдæлты зæхмæ фæхæстæгдæр кæнын, дыууæ адæмы ‘хсæн хæлардзинад тауын, горæттæ æфсымæрон скæнын. Уыдæттыл ахуыр кæнын мæ кæстæрты дæр.

Ныхас кодта Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.