Хъырым æмæ Севастополь уæрæхæй банысан кодтой Уæрæсейы скондмæ бацæуыныл 10 азы сæххæсты бон. 2014 азы 16-æм мартъийы референдумы æрдæгсакъадахы цæрджытæ равзæрстой сæ фидæн – сæ Райгуырæн бæстæмæ фæстæмæ æрбаздæхыны тыххæй. Ацы хъысмæт скъуыддзаггæнæн цау æрбаиу кодта æнæхъæн бæстæйы æмæ сæндидзын кодта историон рæстдзинад.      

 Хъырым

Сау денджызы цæгаты æрдæгсакъадахмæ цæгатскæсæнæй кæлы Азовы денджыз. Йæ фæзуат у 26 мин квадратон километры. 2023 азы райдианмæ йæ цæрджыты нымæц уыд 1,9 милуан адæймагæй фылдæр. Фæлмæн климат æмæ æнцонвадат равæрды тыххæй ам адæм æрцардысты 150 мин азы размæ. Уæрæсейаг империйы скондмæ Хъырым бацыд 1783 азы, уæд Екатерина II йæ къух æрфыста бардзырдыл æрдæгсакъадахы æрбаиу кæныны тыххæй. 1954 азы Советон Цæдисы Коммунистон партийы Централон комитеты фыццаг секретарь Никита Хрущев уынаффæ райста Хъырымы Советон Украинæйæн радтыны тыххæй.

1991 азы кæрон, Беловежскаг бадзырдтæ. Украинæйы фæстаг партион разамонæг Леонид Кравчук, Хъырым Украинæйæн æнæзакъонæй лæвæрд кæй æрцыд, уый æмбаргæйæ, хъавгæйæ бафарста: – Цы, Хъырым дæр нын дæттут? – О, айс æй! – æнæмæт æмæ æнæрхъуыды дзуапп ын радта «нæртон» Борис Ельцин. Афтæмæй Хъырым фæхицæн йæ историон Райгуырæн бæстæйæ, фæлæ æппынфæстагмæ, 23 азы фæстæ рæстдзинад фæуæлахиз.

Хæдбар Хъырым

2014 азы 17-æм мартъийы республикæйы Уæлдæр совет райста уынаффæ, кæцымæ гæсгæ Хъырым нымад цыд хæдбар суверенон паддзахадыл. Уый фæстæ Хъырым бахатыд ИНО æмæ дунейы æппæт бæстæтæм ног паддзахад банымайыны сидтимæ. Уымæй дарддæр ма, уынаффæйы бахатыдысты Уæрæсемæ, Хъырымы йе скондмæ республикæйы статусимæ ног субъекты хуызы райсыны тыххæй. Севастополы горæтон совет æмхъæлæсæй аскъуыддзаг кодтой федералон нысаниуæджы горæты хуызы УФ-йы скондмæ бацæуыны тыххæй. Уыцы бон хъырымаг парламенты ном ивд æрцыд Республикæ Хъырымы Паддзахадон советмæ, æмæ Севастополы горæтон совет та – Закъондæттынадон æмбырдмæ. Афтæ ма Хъырымы Паддзахадон совет аскъуыддзаг кодта æрдæгсакъадахы уæвæг Украинæйы исад республикæйы исадыл банымайын. Уæд, 17-æм мартъийы УФ-йы президент Владимир Путин йæ къух æрфыста барамындыл Республикæ Хъырымы суверенон æмæ хæдбар паддзахадыл банымайыны тыххæй.

Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй бадзырд

2014 азы 18-æм мартъийы референдумы фæстиуджытæм гæсгæ Мæскуыйы Уæрæсейы президент Владимир Путин, Республикæ Хъырымы Паддзахадон советы сæрдар Владимир Константинов, Хъырымы министрты советы сæрдар Сергей Аксенов æмæ Севастополы сæргълæууæг Алексей Чалый сæ къухтæ æрфыстой бадзырдыл Уæрæсейы скондмæ дыууæ ног субъекты бацæуыны тыххæй. Документы бацамынд æрцыд, зæгъгæ, бадзырд аразыны рæстæджы дыууæ фарсы – УФ æмæ Хъырым дæр бындуриуæг кодтой сæ адæмты историон иумæйагдзинадыл æмæ иумиагхъырымаг референдумы Хъырымы адæмты фæндондзинадыл.

Уæрæсеимæ интеграци

2014 азы 18-æм мартъийæ 2015 азы 1-æм январмæ Хъырымы архайдта фæлдзæуæн рæстæг, кæцыйы рæстæджы скъуыддзаг цыдысты республикæйы экономикон, финансон, кредитон æмæ барадон системæйы интеграцийы фарстатæ, афтæ ма  УФ-йы паддзахадон хицауиуæгды органты системæ дæр. Уæрæсейы скондмæ Хъырымы райсыны бонæй республикæйы территорийыл æппынæдзух цæрæг адæймæгтæ нымад æрцыдысты УФ-йы æмбæстæгтыл æмæ райстой уæрæсейаг паспорттæ æртæ мæймæ. Уымæй дарддæр ма райстой пенситæ, пособитæ æмæ æндæр социалон æххуыстæ райсыны бар. Хъырым æмæ Севастополы территоритыл æхцайы иуæг ссис уырыссаг сом. 2014 азы 11-æм апрелы Республикæ Хъырым райста Конституци, кæцымæ гæсгæ паддзахадон æвзæгтæ сты уырыссаг, украинаг æмæ хъырымаг-тæтæйраг æвзæгтæ. 2014 азы 29-æм декабры къухтæ æрфыстæуыд  «Республикæ Хъырымы бæрæгбонты æмæ мысæн бонты тыххæй» закъоныл, кæцымæ гæсгæ Уæрæсемæ Хъырымы баиуы бон нысан цæуы 18-æм мартъийы. Хъырым æмæ Севастополы паддзхадон хицауиуæгады органтæм æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты 2015 азы сентябры.

Хъырым хъуамæ суыдаид НАТО-йы централон базæ

2014 азы майы кæронмæ Хъырым регионы хъуамæ суыдаид НАТО-йы централон базæ, америкæйæгтæ сæхæдæг куыд дзырдтой, афтæмæй стационарон æнæфæдæлдонгæнæн хæдтæхджытæхæссæг нау хъуамæ уыдаид уырыссаг æмбонды цур. Уæд уый тыххæй æрдæгсакъадахы райдыдтой æнæзмæлгæ исады объектты цалцæггæнæн куыстытæ, кæцытæ æвзæрст цыдысты НАТО-йаг æфсæддон службæгæнджыты, штабты, æфтауцдæтты æмæ æндæр инфраструктурæ равæрыны тыххæй. 15 маймæ та хъуамæ фехъусын кодтаиккой Сау денджызы фæдыл бадзырды денонсацийы тыххæй æмæ уæд æрдомдтаиккой, зæгъгæ, Сауденджызон флот Уæрæсейы территоримæ  раконд æрцæуæд.

 «Украинæ-НАТО»-йы план

2004-2008 азты Украинæйы президент В.Ющенкойы секретариат бакуыста документ «Украина-НАТО»-йы план. Ацы документы алы пункт дæр фиксаци кодта Украинæйы Уæрæсейæ атоныны тыххæй. Æппæт уыдæтты ныхмæ Уæрæсе хъуамæ цейтнотон уавæры равдыстаид фæндвидардзинад.  Хъырымы фæдыл фарста скъуыддзаг кæнын хъуыд æвæстиатæй.

Владимир Путины схемæ америкæйæгты ныхмæ

Владимир Путин сарæзта америкæйæгты ныхмæ æндæр схемæ. Хъырымы хицауад йæ къух æрфыста бадзырдыл сæрмагонд æфсæддон кампаниимæ æрдæгсакъадахы æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй. Ацы операци æрдæгсакъадахы сифтонг кодта стабилондзинад суанг референдум ауадзыны боны онг. В.Путин ауагъта диссаджы операци Хъырымы Уæрæсемæ æрбаздахыны тыххæй. Ацы операци æнтыстджынæй æххæст кæй æрцыд, уый бахъахъхъæдта хъырымæгты физикон æгъдауæй скуынæг кæнынæй. Уымæн та æвдисæн сты, Донецк æмæ Луганскы Адæ-мон республикæты цы цаутæ æрцыдысты æмæ ныр дæр цæуынц, уыдон.

Райста стратегион контроль Сауденджызон регионыл

Хъырымы Сауденджызон флоты арендæйы тыххæй Уæрæсе Украинæйæн фыста азы дæргъы 100 милуан доллары. Фæлæ Хъырым Уæрæсемæ куы æрбаздæхт, уæд ивд æрцыдысты Хъырымы Сауденджызон флоты арендæйы тыххæй уæрæсейаг-украинæйаг бадзырдтæ. Абоны онг Сауденджызон флот райста дæсгай ногдæр хæстон хæцæнгæрзтæ. Уæды онг Уæрæсейæн бар нæ лæвæрдтой Сауденджызон флоты ног хæцæнгæрзтæй сифтонг кæнынæн.

Уæрæсе райста стратегион контроль æппæт Сауденджызон регионыл, афтæ ма æрвылаз дæр экономи цæуы 100 милуан доллары Севастополы базæйы арендæйы тыххæй. Уыимæ Уæрæсемæ рахызт æрдæгсакъадахы æппæт æфсæддон исад. Афтæ ма сакъадахы бирæ ис нефть æмæ газы фæсауæрцтæ, кæцытæ афæдзы дæргъы дæттынц 5 миллиард кубометры газ.

Дæс азмæ Хъырымы арæзт æрцыд

Хъырым Уæрæсеимæ куы æрбаиу, уый фæстæ дзы арæзт æрцыдысты сæдæгай инфраструктурон объекттæ. Фæлæ иууыл стырдæр проект та у Хъырымы хид, кæцы ссис Хъырымы Уæрæсеимæ æрбаиу кæныны символ.

Уыцы иурæстæджы Республикæ Хъырым у Уæрæсейы егъаудæр туристон æмæ санаторон-курортон центртæй иу. Тагъд темптæй рæзынц æнæниздзинад æмæ ахуырады системæтæ. Симферополь, Евпатори æмæ Севастополы арæзт æрцыдысты дадзинты центртæ. 2020 азы йæ дуæрттæ бакодта Семашкойы номыл клиникæ, кæцыйы арæзтад слæууыд 10 миллиард сомы.

Республикæйы арæзт цæуы ног фæндæгты хызæг. Уæлдай банысан кæнын хъæуы ахсджиаг инфраструктурон проект – федералон трассæ «Таврида»-йы арæзтад. Ацы нырыккон трассæйы дæргъ у 250 километры. Сæрмагонд хæстон операцийы фæстиуæгæн скъуыддзаг æрцыд хъырымæгты донифтонгады фарст æмæ донхæры дон цæуын райдыдта æрдæгсакъадахмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хъырымæн Хуссар Ирыстонимæ кæй ис хорз ахастытæ. Ирыстоны цæрджытæн Хъырым у сæ историйы иу хай. Æрдæгсакъадахы раджыйы рæстæджы цардысты скифтæ æмæ алантæ. 1787 азы ам æрцыд ахсджиаг цау уæрæсейаг-ирон бастдзинæдтæ сфидардæр кæныны тыххæй. Уыцы аз Хъырыммæ æрбацыд Екатерина II æмæ уым фембæлд Цæгат Кавказы адæмты минæвæрттимæ. Ирон делегацийы сæргъ лæууыд Мамиты Хъарадзау. 2019 азы апрелы Республикæ Хъырым æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджытæ сæ къухтæ æрфыстой базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмгуыстады фæдыл Сразыдзинадыл. РХИ-йы фæсивæды минæвæрттæ сты Хъырымы уагъдцæуæг форумты æдзухон хайадисджытæ. Хуссарирыстойнаг сывæллæттæ æрвылаз дæр баулæфынц хъырымаг санаториты. Ам ма баулæфыдысты хуссарирыстойнаг волонтертæ дæр, кæцытæ коронавирусы рæстæджы куыстой «сырх зонæйы».

Дæс азы  Хъырымы цæрджытæ арвыстой Ныгуылæны ‘рдыгæй карз санкциты бын, фæлæ бафæрæзтой æмæ сæ цард кæнынц, сæхи куыд фæнды, афтæ. Уырны нæ, Республикæ Хъырым дарддæр дæр кæй рæздзæн æмæ размæ кæй цæудзæн, уый.

Æрдæгсакъадахы хæдзармæ æрбаздæхыны фæндаг 2022 азы сфæлхатт кодтой Донбасс æмæ Новоросси дæр. Хуыцау зæгъæд æмæ уыдонæн дæр сæ хъуыддæгтæ сæхи фæндиаг цы ацæуой!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.