Триумфалон уæлахизы объективон æмæ субъективон фактортæ

2024 азы президентон æвзæрстытӕ политологты æмæ социологты хъуыдымæ гæсгæ баззайдзысты Уæрæсейы историйы. Уымæн æмæ ацы æвзæрстыты хайад райстой иууыл фылдӕр адӕм – æмбæстæгты 77,44% бæрц ӕмӕ Владимир Путиныл се ‘ууæнк бафтыдтой 87,28%, æмæ уый дæр рекордыл нымад у Уæрæсейы историйы. Стæй ма ныры онг Путинæн фылдæр хъæлæс кодтой хъæууон цæрджытæ, фæлæ ныр та, æгæрыстæмæй, Мæскуыйы дæр райста 85% фылдæр. Ахæм егъау проценттæ райста иннæ стыр горæтты дæр.

Путины равзарынæн ис бæрæг объективон æмæ субъективон аххосæгтæ. Фыццаджыдæр Уæрæсейы æмбæстæгтæ Путины фарсмæ балæууыдысты ныгуылæн бæстæты знагиуæггæнæг архайды фыдæнæн. «Европæ, АИШ æмæ сæ сателлиттæ ныры онг кæд сусæгæй архайдтой Уæрæсейы ныхмæ, уæд ныр æргомæй сидынц Уӕрӕсейы скуынæг кæнынмæ, рахастой нын мингай санкцитæ. Информацион тыгъдады фенæн ис мингай уацтæ Уæрæсейы ныхмæ, комкоммæ нæ дискриминаци кæнынц, æппынæдзух ныл цъыф калынц æрмæстдæр уæрæсейæгтæ кæй стæм, уый тыххæй, æмæ ахæм хуызы архæйдтытæ, хъыгагæн, райстой тоталон характер. Ахæм уавæрты алчидæр архайы хибавæрыныл, йæ бинонты бахъахъхъæнын, йæ бæстæйы сомбоныл мæт кæны», – загъта мын телефоны мæ хорз зонгæ, Цæгат Ирыстоны цæрæг ирон лæг.

Цæмæй дæ кæстæртæн рухс фидæн уа, уый тыххæй та дæ паддзахад хъуамæ уа тыхджын, хъуамӕ йын разамынад кӕна куырыхон сæргълæууæг. Ныры дуджы Уæрæсейы ахæм раздзогыл банымайæн ис æрмæстдæр Путины. Ацы æвзæрстытæ ма ирдæй равдыстой уый дӕр ӕмӕ уæрæсейаг æмбæстæгтæ разы кæй сты Путины политикæимæ.

Ныгуылæн бæстæтæ егъау æхцайы фæрæзтæ бахардз кодтой уæрæсейаг уæйгæнджытыл, оппозицийыл, фæлæ сын æнæфтиаг фесты. Оппозицийы уæнгты, террористон æмæ экстремистон организациты архайд æрзылд сæхи ныхмæ, сæ гæды ныхæстыл сын раздæрау нал баууæндыдысты адæм. Кæд æмæ ма 2018 азы æвзæрстыты рæстæджы оппозицийы рæнхъыты дзæвгарæй уыдысты, уæд ныр сæ нымæц бæрæг фæкъаддæр ис. Стæй ма æвзæрстыты агъоммæ Украинæйы æрдыгæй цы террористон æмæ националистон гæрзифтонг тыхтæ бырстой Уæрæсемæ, уыцы цаутæ дæр адæмы ноджы бангом кодтой. Федтой йæ, сæ райгуырæн бæстæйы сын аныхъуырынмæ кæй хъавынц æддагон æмæ мидæггагон знæгтæ æмæ сæ бафæндыд сæ хайбавæрд бахæссын Уæрæсейы рухс сомбонмæ – бацæуын æвзарæн фадыгмæ æмæ Путинæн схъæлæс кæнын. Зæгъæм, кæд Белгороды областы 2018 азы æвзарæн фадгуытæм бацыдысты цæрджыты 73% бæрц, уæд ныр та сæ нымæц ахызт 87%-æй.

Уæрæсейы егъау горæтты раздæрмæ абаргæйæ Путинæн бирæ фылдæр хъæлæстæ кæй радтой, уымæн дæр ис объективон аххосæгтæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианы тынг бирæ оппозиционертæ алыгъдысты фæсарæнтæм. Уыдоны ‘хсæн æрмæст оппозиционертæ нæ уыд, фæлæ ма хъæздыджытæ æмæ тæппудтæ дæр. Æмæ куыд зонæм, афтæмæй оппозицийы уæнгты фылдæр хай кæддæриддæр вæййынц егъау горæттæй. Хъæздыг адæмы фылдæр хай дæр цæрынц стыр горæтты.

Хæст куы райдыдта, уæд ацы категорийы æмбæстæгтæ фæтарстысты сæхицæн æмæ алыгъдысты сабырдæр бæстæтæм – Сомихыстонмæ, Казахстанмæ, Гуырдзыстонмæ ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм. Кæцыдæртæ дзы нæ басастысты сæ тæппуддзинадыл æмæ сæхи раст кодтой уымæй, ома Путины политикæимæ разы не стæм æмæ уымæн алыгъдыстæм. Уый фæстиуæгæн, егъау горæттæ «асыгъдæг» сты уæйгæнджытæй æмæ æввонгхортæй. Зæгъæм, 2018 азы Мæскуыйы Путин райста 59%, ныр та 66,73%. Ахæм уавæр уыд Санкт-Петербургы дæр – 2018 азы 63,87%, 2024 азы та 74,38%.  Уый  парадоксалон  хъуыддаг у, æвæдза. Егъау горæтты цæрджытæ кæмæн фæдæттынц хъæлæс, ома,адæм хуыздæр, комфортондæр уавæрты кæм цæрынц иннæ æмбæстæгтæм абаргæйæ, уым тынгдæр вæййынц бæстæйы разамынады ныхмæ.

90-æм азтæй фæстæмæ Украинæйы кæй райрæзтысты нацистты æмæ фашистты фæдонтæ, æмæ дзы уырыссаг нацийы минæвæртты бирæ азты дæргъы кæй дæлдзиныг кодтой, уыцы хъуыддаг тынг æндæвта уæрæсейæгтыл. Хуымæтæг уæрæсейаг адæм раздæр дæр разы уыдысты бандеронты бафхæрыныл æмæ Украинæйы цæрæг уырыссаг æвзагыл дзурджыты бахъахъхъæныныл. Фæлæ «элитæтæ» кæй хонынц, ома хъæздыджытæ æмæ стыр горæтты бухъхъ цардгæнджытæ, уыдон разы нæ уыдысты сæ комфортон уавæртæй фæиппæрдыл. Ома фӕсарӕйнаг уырыссӕгты хъысмæт махмæ нæ хауы, цыфæнды дæр кæнæт. Путинæн бантыст «элитæты» фылдæр хайы æргом йæхирдæм разилын. Æмæ йæ ныр куыд уынæм, афтæмæй Уæрæсейы хъæздыджытæ дæр разæнгардæй æххуыс кæнынц фронты хæстонтæн æмæ Донбассы цæрджытæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, разындис дзы Пугачева æмæ æндæр ахӕм фæлывд æмбæстæгтæ, фæлæ ахæмтæй цас тагъддæр фервæзæм, уыйбæрц æхсæнадӕн хуыздӕр уыдзӕн.

Адæм Путиныл се ‘ууæнк ногæй кæй бафтыдтой, уымæн ма фæахъаз ис ноджы иу фактор. Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй æмæ бирæнымæц санкциты фæстиуæгæн уæрæсейæгтæй бирæтæ фæтарстысты, ома ныр мæгуыры лæдзæг райсдзыстæм, зӕгъгӕ. Фæлæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй 2022 азмæ абаргæйæ абон адæмы цард ницæмæй февзæрдæр, æгæрыстæмæй, уæрæсейаг экономикæ ноджы фæтыхджындæр. Хæстон архæйдтыты хайадисджытæ æмбӕстӕгтӕн систы хъайтартæ, Уæрæсейы нымайын райдыдтой хъомысджын паддзахадыл æмæ Путины хуызæн президентмæ тæхуды кæнынц æгас дунейы бæстæты хуымæтæг цæрджытæ. Уæрæсейы æмбæстæгтæ сæрыстыр сты сæ Фыдыбæстæйæ æмæ йæ разамынадæй æмæ уыцы хъуыддаг ирдæй рабæрæг æвзæрстыты.

Æвзæрстытæ нырма нæ ацыдысты, афтæмæй сæ ныгуылæн бæстæтæ хонын райдыдтой «æнæдемократонтæ». Ома, куыд фæнды ма тырн æргом æвзæрстытæ ауадзынмæ, уæддæр дын развæлгъау тæрхон рахæсдзыстæм. Æвæццæгæн, сæ бон куы уыдаид, уæд сæ ауадзын дæр нæ бауагътаиккой. Æвзæрстытæ æмбæлон уагыл ауадзынæн иууыл фылдæр цæлхдуртæ æвæрдтой Прибалтикæйы бæстæты.

Латвийы разамынады минæвæрттæ комкоммæ æртхъирæн кодтой, ома æвзæрстыты хайад чи райса, уыдон æфхæрд баййафдзысты, зæгъгæ. Уæрæсейы минæварады бæстыхайы раз сæвæрдтой пъæлицæйы пост æмæ барæй адæмы æнхъæлмæ кæсын кодтой æртыгай сахатты бæрц. Сæ фарсмæ слæууын кодтой Уæрæсейæ алидзгæ тæппудты æмæ уæйгæнджыты алыгъуызон плакаттимæ. Уыцы иу рæстæджы ма Ригæйы централон уынгты рацыдысты Гитлеры фæдонтæ – «Ваффен СС»-ы легионерты хъузонтӕ. Кӕуылты цыдысты, уым сӕвӕрдтой пъӕлицӕйы постытӕ, ома сӕ мачи бахъыгдара. Афтӕмӕй та Латвийы разамынад антифашистон митинг ауадзынӕн бар нӕ радтой. Алкӕмӕн нӕ бантыст йе ‘мбӕстагон хӕс бафидын Латвийы цӕрӕг уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕй – чи уӕндгӕ нал бакодта, кӕй ахсгӕ ӕркодтой. Фӕлӕ дзы чи схъӕлӕс кодта, уыдоны 70% фылдӕр се ʻууӕнк бафтыдтой Путиныл.

Эстонийы дӕр тынг бирӕйӕ бацыдысты ӕвзарӕн фадгуытӕм – рады лӕугӕйӕ-иу сӕ кӕ­рон ахӕццӕ иннӕ уынгтӕм. Фӕлӕ ам дӕр ӕнӕ провокаци не ‘рлӕууыдысты – Навальныйы   фарсхӕцджытӕ ауагътой акци Уӕрӕсейы минӕварадмӕ æввахс. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ акцийы хайадисджытӕ прессӕимӕ аныхас кӕныныл не сразы сты. Эстонийы дӕр Путин райста 75% фылдӕр.

Иууыл фылдӕр провокацитӕ бацӕттӕ кодтой Литвайы. Ӕвзарӕн фадгуытӕм чи цыдис, уыдонӕн тыххӕй хъардтой плакаттӕ Путины ныхмӕ фыстытимӕ ӕмӕ нывтимӕ, пъӕлицӕгтӕ сын сгӕрстой сӕ гӕххӕттытӕ, алыгъуызон ӕфсӕнттӕй сӕ ахстой. Уымӕ гӕсгӕ Литвайы ӕвзарӕн фадгуытӕм бирӕтӕ нал бауӕндыдысты ӕмӕ дзы хъӕлӕс та радтой ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсейӕ алидзгӕ релоканттӕ. Ахӕм уавӕрты Путинӕн схъӕлӕс кодтой ӕрмӕстдӕр 29% бӕрц.

Евроцӕдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты комиссар Жосеп Боррель хъынцъымгӕнгӕ загъта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы цӕрджыты бартӕ хӕлд цӕуынц ӕмӕ сын аккаг кандидатӕн схъӕлӕс кӕныны фадат нӕй. Германы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Анналена Бербок дӕр та ног æрбаиугонд регионты ӕвзӕрстытӕ рахуыдта дунейы барадхалæг. Афтæмæй та бирæнымæцон фӕсарӕйнаг хъусдарджытӕ Херсоны ӕмӕ Запарожьейы областты, Донецкы ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕты ницы фӕткхалӕн цаутыл фембӕлдысты.

Германы разамынад официалонӕй фехъусын кодта, ома разы не сты ӕвзӕрстыты фӕстиуджытимӕ, уымӕн ӕмӕ уӕлахиздзау развӕлгъау зындгонд уыд. Уый фӕдыл сын Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Мария Захарова дзуапп радта, ома Ангела Меркель ӕмӕ Гельмут Коль уыдысты фӕйнӕ цыппар хӕттыты канцлертӕ, ӕмӕ Олаф Шольцы та канцлерӕй снысан кодтой гуырысхойаг бадзырды фӕстиуӕгӕн. Шольц Путинӕн нӕ раарфӕ кодта ӕвзӕрстыты фӕуӕлахизы фӕдыл, ӕгӕрыстӕмӕй ма официалон документты дӕр нӕ хъавынц «президент» терминӕй пайда кӕнынмӕ Путины кой кӕнгӕйӕ. Ацы факты тыххӕй дӕр Захарова дзуапп радта, зӕгъгӕ, «Маугли»-йы мультфильмы хъӕддаг сырдтӕ артӕй тынг тарстысты ӕмӕ йын йӕ ном комкоммӕ зӕгъын нӕ уӕндыдысты.

Францы ӕвзарӕн фадгуытӕм дӕр ӕрбацыд тынг бирӕ адӕм, кӕд ӕмӕ уыд уазал боныгъӕд, уарыд къӕвда ӕмӕ-иу сӕ хъуыд бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕддӕр 5 мин адӕймаджы бӕрц схъӕлӕс кодтой ӕмӕ сӕ фылдӕр се ‘ууӕнк бафтыдтой Путиныл. Фӕлӕ уыцы факттӕ Францы президент Эммануэль Макрон нӕ федта, уый дӕр та райдыдта демократийы кой кӕнын. Францӕй дӕр уыд хъусдарджытӕ ӕмӕ уыдон дӕр банысан кодтой, ӕвзӕрстытӕ кӕй ацыдысты бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

Ӕппӕтдунеон хъусдарджытӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, ӕвзӕрстытӕ ацыдысты ӕргомӕй, сӕрибарӕй, рӕстдзинад ӕмӕ ӕппӕт бартӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Фӕсарӕйнаг минӕвӕртты тынгдӕр цымыдис кодтой ног регионты уавӕр ӕмӕ ам дӕр федтой, демократон нормӕтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм ӕвзарӕн процесстӕ.

Ныгуылӕн бӕстӕты разамынадӕн арвы цӕфау уыд Путины фӕуӕлахиз.  Фырадӕргӕйӕ Евроцӕдисы бӕстӕты фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ «мыстыты» ӕмбырд ацарӕзтой ӕмӕ та ног санкцитӕ рахӕссыны фӕндон бахастой. Дипломаттӕ ма бадзырдтой, цӕмӕй Европӕйаг сабырады фондӕй 5 миллиард евройы рахицӕн кӕной Украинӕйӕн хæцӕнгарз балхӕныны тыххӕй. Уый та дын ӕцӕг демократи.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.