Удӕй хъӕздыг вæййы, ирон удыхъæд кæмæ ис, ирондзинад  кæй дадзинты æнхъæвзы æмæ фыдæлты фарнæй фæрнджын чи вæййы, ахæм адæймаг! Ахæм адæймаг зæхмæ æрцæуы æрвон рухс хæсгæйæ. Уый райгуыры хурау тæмæнтæкалгæ зæрдæимæ æмæ йæ уды æрдхæрæны артæй срухс  кæны адæмæн сæ  царды фæндаг.

Ахæм адæймагмæ вæййы рагон ариаг зондахаст – йæхи уды дзæбæхæн цӕрын нæ, фæлæ адæмы хорзæн. Ахæм адæймаг цæттæ вæййы цыфæнды зындзинæдтæн дæр фæразынмӕ,  суанг йæ цард дæр нывондæн æрхæсдзӕн  рæстдзинады номыл æмæ йæ адæмы сæрвæлтау.  Ирон æгъдаумæ гæсгæ-иу  ахæм лæгты хуымæтæджы нæ хуыдтой  “комы лæг” кæнæ  “адæмы лæг” æмæ-иу сыл  сæ ном фидæны фæлтæртæн дæнцæгæн бахъахъхъæны тыххæй скодтой  æрдхæрæны зарджытæ.

Уыцы кадджын, нæртон адæмы хыгъдмæ бæргæ æмбæлди бахæссын Туаты Ольгæйы (Уæлгъайы) дæр, фыццаг ирон сылгоймаг-профессоры. Фæлæ, стыр хъыгагæн, Туаты Ольгæ рохуаты баззад. Йæ бирæ лæггæдтæн не скодта  афоныл аккаг аргъ не ‘хсæнад. Адæмы зæрдæтæм дæсгай азты дæргъы рухс чи уагъта, ахуырады бæрзæндтæм сæууон стъалыйау чи схызти,  йæ цард рæзгæ фæлтæртæн нывондæн чи æрхаста, уыцы зынгзæрдæ рухстауæджы  ном абон бирæтæ зонгæ дæр нал кæнынц.

Туаты Ольгæ мæнæн уыд  ме ‘рвад дæр, æмæ ме ‘мхъæуккаг дæр. Æмæ мын йæ ном, кæй зæ-гъын æй хъæуы, рагæй уыд зындгонд. Тынг  сæрыстыр дзы уыдтæн мæ сабибонтæй фæстæмæ. Уымæн мын уæлдай зын уыд рагæй дæр,  Ольгæ рохуаты кæй баззад, уый. Уыцы хъуыды мын æнцой нæ лæвæрдта æмæ уæд сфæнд кодтон йæ номимæ баст архивон æрмæджытæ ӕрӕмбырд кӕнын, Ольгæйæн йæхи зонадон куыстытæ æмæ ма йе ‘мдугонтæй удæгас чи уыд,  уыдоны мысинæгтæ.

Арвыкомы фæндагыл Бæрзæфцæджы цæгатварс хæхты рæбын æрбынат кодта Къобыхъæу. Къобы сæрмæ цымыдисаг айнæг къæдзæхы сæрыл та ис  рæсугъд хæххон хъæу Ухат. Уыцы хъæуы  1886 азы райгуырд фидæны фыц-цаг ирон сылгоймаг профессор Туаты Никъалайы чызг Ольгæ (Уæлгъа).

Чызджы бинонтæ, хуыздæр цард агургæйæ, рафтыдысты Дзæуджыхъæумæ. Ольгæйыл 12 азы куы сæххæст, уæд йæ фыд амард, æмæ йæ мад баззади дæс сывæллонимæ.

Йæ чысыл зæрдæйæ Оля тынг бæллыдис ахуырмæ. Уыцы заманы гæвзыкк, уырыд уыдис Ирыстон. Бынтон маройаг та уыдис хæххон ирон сылгоймаг. Паддзахы Уæрæсе ирон фæллойгæнджыты ‘хсæн, уæлдайдæр та – фæсивæды астæу, дин хæлиу кӕныны охыл байгом кодта Ирыстоны дины чысыл скъолатæ. Кæд скъолаты аха-дындзинад уыдис диныл баст, уæддæр сæ рæстæджы уыдон зынгæ ахъаз фесты ирон адæмы культурæйы рæзтæн.

Ахæм уыдис Дзæуджыхъæуы приходон дины скъола дæр. Куыддæр амӕлттæй Ольгӕйæн бантыст уырдæм бахауын æмæ æнæзивæгæй згъордта скъоламæ. Нæ йӕ фæтасын кодтой æххормæгтæ æмæ бæгънæгдзинад. Чысыл хæххон чызг скъоладзаутæй ахуыры йæ разæй никæй уагъта. Тыхстдæр сахаты-иу хъæддыхдæр æрбалвæста йæ риумæ чиныг, арфдæр-иу байста йæ зæрдæмæ ахуырады тæфаг.

Ольгӕ дины скъола фæуынмæ хъавыдис, афтæ фехъуыста, Дзæуджыхъæуы ирон сылгоймæгты скъолайы – приюты тыххæй. Скъола байгом 1872-æм азы. 1891-æм азы йæ «Кавказы чырыстон динæвæрæг æхсæнад» æхгæнынвæнд скодта. Ирон адæмы поэт, хæххон фæллойгæнджыты ныфс – Хетæгкаты Къоста, къæдзæхау, æрлæууыд уыцы æбуалгъ фæндоны ныхмæ æмæ уæды ирон сылгоймæгты иунæг скъола æхгæнын нæ бауагъта.

Ам дæр Ольгӕ ахуыр кодта иттæг хорз. Йæ хæрзæгъдау, йæ зæрдæргъæвддзинадæй скъолайы ахуыргæнджыты цыбыр рæстæгмæ йæхимæ æркæсын кодта. Йæ зæрды уыд дохтыр суæвын дæр, фæлæ йын уæззау царды уаг, мæгуырдзинад бар нал радтой æмæ 1905-æм азæй фæстæмæ ахуыргæнæджы куыст кæныныл ныллæууыдис.

Уый йæ разы хæс сæвæрдта уæды талынг Ирыстоны рæзгæ сабиты зæрдæтæм ахуырады рухс бауадзын, ирон культурæйы сырæзтæн феххуыс кæнын. Зылдис Ирыстоны хъæутыл. Хæрзконд, хæрзæгъдау, æхсидгæ хъаруйы хицау æрыгон ахуыргæнæг-чызджы хъæуты цæрджытæ бауарзтой сæхи хъæбулау. Уый дæр сын æвæллайгæйæ хъомыл кодта сæ сабиты. Урочы-иу йæ зæрдыл æрлæууыдысты, йæхæдæг цы зын уавæрты ахуыр кодта, уыдон. Йæ цæст-иу ахаста ирон чысыл сывæллæттыл æмæ-иу æнувыдæй архайдта, цæмæй хуыздæр сахуыр уыдаиккой, ууыл.

Ныннæрыдысты Октябры цæхæртæ. Мæлæтдзаг тохты райгуырдис ног дуне æмæ сæуæхсидау ныррухс кодта фæллойгæнджыты цæсгæмттæ.

Ольгӕ æнтыстджынæй каст фæцис аспирантурæ. Сарæзта дæсгай ахуыргæнæн чингуытæ, ныффыста цалдæр зонадон куысты, æрæмбырд кодта фондз мин ныхасæй фылдæр ирон-уырыссаг академион дзырдуатæн, сарæзта иронау кæсыны æмæ уырыссагау хынцыны чингуытæ 2-З кълæстæн, 8-æм къласæн ирон хрестомати. Радта цалдæр сæдæ ахуыргæнæджы Ирыстонæн. Йӕ къухы ахуыр кодтой бирæ зонадон кусджытæ, скъолаты директортæ, райдайгæ фысджытæ æмæ зынгæ æхсæнадон кусджытæ.

Фыдыбæстæйы хæст йæ тынгыл куы уыдис, уæд Туаты Ольгӕ фронтæй æнæсцухæй иста писмотæ.

«Мæ зынаргъ ахуыргæнæг, – фыста акъоппæй Ольгӕйы ахуыргæнинаг, курдиатджын æрыгон поэт Кочысаты Мухарбег, – ныфс мын дæттынц хæсты быдыры дæ амынддзинæдтæ, дæ бирæ рæвдыдтытæ уадзынц тых ме уæнгты. Дæ зæрдæ дар, Оля, æз цыфæнды зындзинады дæр нæ Ирыстоны кад æмæ дæ рухс цæс-гом кæй нæ фæчъизи кæндзынæн, ууыл».

Туаты Ольгæ æнтыстджынæй фæкодта æхсæнадон куыст дæр: ахуырады органты, Уæрæсейы æмæ Советон Цæдисы сæйраг Советтæм æвзарæн къамисты æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Ольгæ дзырддзæугæ сылгоймаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ фæд-фæдыл дыууæ хатты сæвзæрстой Уæрæсейы Сæйраг Советы депутатæй.

Туаты Ольгæ уыд стыр ахуыргонд æмæ стыр парахат зæрдæйы хицау. Йæ зæрдæйы, æвæццæгæн, æгас Ирыстон дæр цыдис, æрыгон фæлтæр та дзы уæлдай хъармдæр къуымы æвæрд цыдысты.

Зынгзæрдæ ахуыргонды зæрдæ йæ кусынæй банцад 1956 азы. Ныгæд æрцыд Ирыхъæуы МадыМайрæмы аргъуаны кæрты.

Ницы ис æрымысæггагæй, уæ размæ цы æрмæг рахастон Туаты Ольгæйы тыххæй, уым.  Куыд уынæм, афтæмæй абон дæр фыццаг сылгоймаг-профессор  Туаты Ольгæ у бирæ миниуджытæй фæзминаг æмæ бæззид хорз дæнцæгæн. Абон дæр ма, бæргæ, уый хуызæн ахуыргæндтæ куы уаид не ‘хсæн: ахæм сыгъдæгзæрдæ, ахæм цæстуарзон, ахæм æнувыд æмæ уæздан!

ТУАТЫ Лианӕ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.