Ацы бонты мыхуыры рацыд зынгæ фыссæг, зонадон кусæг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны чиныг-монографи «Къоста», зæгъгæ.

Чиныджы редактор у Икъаты Циури æмæ рецензент та – педагогон зонæдты кандидат, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты доцент Бежаты Фаризæт. Чиныг конд у дыууæ хайæ.

Ацы монографийы автор лæмбынæг иртасы ирон аивадон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг, ирон адæмы разагъды фырт, гениалон поэт, прозаик, драматург, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг.

Монографийы 1-аг хайы разныхасы автор фыссы: «Диссæгтæ æмæ тæмæссæгтæн сæ ном сæ уæлæ ис. Хъуыдытыл, сагъæстыл нæ уымæн фефтауынц. Фылдæр хатт нæ фæзонæм, кæцæй нæм æрæфтынц, цы хуызы бавæййæм сæ хицау, кæцæй нæм фæкæсы уыцы амонд? Æмæ нын уыцы алæмæтон диссæгтæй иу у нæхи Къостайы «Ирон фæндыр». Фыссæм ыл чингуытæ, рафæлгъауынмæ йын хъавæм йæ алы дзырд, йæ алы хъуыдыйад, дæттæм æй фæлтæрæй-фæлтæрмæ, уæддæр дзы нæхицæн не стæм æнхъæл. Ацы чиныджы хуызæн никæцы чиныг бахъардта адæмы зæрдæмæ, уый хуызæн никæцы чиныг сæнкъуысын кодта адæмы зондахаст æмæ сæ хъуыдытæ… Фæцæуæм, æрцæуæм æмæ та не ‘рмттæ ныццæгъдæм, ацы æнæрцæугæ диссаг нæм кæцæй каст, зæгъгæ, Стыр Хуыцауы цæст нын куыд бауарзта нæхи Къостайы радтын. Цы куывдæй, цы фарнæн нын æй радта, уый нæ цыма нæ уырны, афтæ дæр нæм фæкæсы. Хозиты Барисы дисæн нæй кæрон: «Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» у Аланыстоны поэты монон рагфыдыбæстæ. Цас курдиатджын адæм слæууыдысты уый фæрцы национ литературæйы тырысайы бынмæ! Къостайы аивзæлы фæндыры хæрзаудæн æндæвдад сæ хуыдта, историон ахаст кæмæн уыдис, ахæм аивадон архайдмæ. Гъе, уымæ гæсгæ «Ирон фæндыр» нымад цæуы Зæххы корийы цытджындæр чингуытæй иуыл».

Чиныгмæ хаст æрцыдысты зынгæ ирон фысджытæй генийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цы хъуыдытæ загътой, уыдон. Куыд, зæгъæм, Джыккайты Шамил,  Плиты Грис, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Джусойты Нафи, Мамсыраты Дæбе, Кочысаты Мухарбег, Дзанайты Иван, Цæгæраты Максим, Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Къубалты Алыксандр, Абайты Васо, Хъодзаты Æхсар, Епхиты Тæтæри, Гæ-диаты Цомахъ, Тыбылты Алыксандр, Æлборты Хадзы-Мурат, Гафез, Козаты Исидор æмæ бирæ æндæртæ.

 Адæймагмæ афтæ  фæкæсы цыма Къостайы тыххæй алцы дæр зонæм, фæлæ ацы монографи къухмæ райсгæйæ, базонæн ис бирæ ног зонæнтæн, бирæ ног хабæрттæн. Монографийы дзырдæуы, зæгъгæ, нацийы сæйраг цæсгомæвдисæгыл нымад цæуы мадæлон æвзаг. Æмæ Къоста не ‘взаджы цы зæллангæнæг хъæлæсæй сдзурын кодта, уый диссаг у. Нырма дæр Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты æфснайд ис, имам Шамил-иу уырысы æфсадимæ тохы фæстæ йæ райгуырæн Дагъыстаны хæхты хибар ран куы улæфыд, уæд-иу уацайрæгты сæ царды уавæртæ, сæ удыхъæды тыххæй ныхасмæ хъусын куыд уарзта, уый афыст. Иу хатт æм бакодтой æхсæз уацайраджы – 2 кæсгоны, 2 ироны æмæ 2 мæхъæлоны. Имамы фæндыд базонын, кæцыты æвзаг дзы рæсугъддæр у æмæ сæм чи хъуса, ууыл сæ чи цахæм фæд ныууадздзæнис. Фыццаг ныхас кæнын райдыдтой кæсгон уацайрæгтæ æмæ сын къæрцхъус Шамил сæ хъæлæсыуаджы ахста чысыл, æрттиваг дуртимæ сыбарсыбургæнæг сабыр къададоны рог, æхцон хъæлæс. Кæсгонтæ сæ дзурынæй куы æрлæууыдысты, уæд Шамил мидбылхудгæ афтæ: «Ай у иууыл тыхджындæр æвзаг сылгоймаг фæсайынæн!».

Мæхъæлонты ныхас уыд æгæр даргъ. Хъуыстысты се ‘рдæгскъуыдтæ хъæлæсон мыртæ. Сулæфыдысты-иу стæм хатт æмæ та-иу сæ ныхас дарддæр кодтой. Æмæ Шамил тарæрфыгæй афтæ: «Хъулгъайы æвзаг иууыл ахадæндæр у адæмы ‘хсæн фыдæхдзинад байтауынæн».

Ирæтты фидарбын, ивазгæ дзырд зæлыд. Æмæ Шамил ныхъхъуыды кодта, стæй зæгъы: «Ацы æвзаг растдæр у царды хъуыддæгты зондджын уынаффæтæн». Æмæ уыдæттæ кæсгæйæ, зæрдыл æрбалæууынц Къостайы дзырдтæ, 1899 азы сусæны мæйы 19-æм бон Байаты Гаппомæ йæ фыстæгæй, зæгъгæ, æмдзæвгæйы «… не должно быть ни одного лишнего звука или недостатка в нем и где каждая буква занимает, рассчитанное заранее автором место». Ахæм домæнтæ цы æвзаджы раз æвæрай æмæ дын сæ сæххæст кæнынæн зæрдæ-зæгъгæ фадæттæ кæм уа, уый æвæджиаг æвзаг у, уæдæ, цы, – фыссы чиныджы автор.

«1890 азы, ирон чызджытæ кæм ахуыр кодтой, уыцы иунæг скъолайы сæрыл сдзурын куы бахъуыд, уæд Къоста уæндонæй рабаста йæ гæрзтæ Терчы зылды хицæутты æмæ Гуырдзыстоны динамонджыты, æлдæртты ныхмæ. Скъола сæхгæнын нæ бауагъта, фæлæ йын йæхи фæсырдтой Терчы зылдæй æмæ фондз азы дæргъы йæ райгуырæн бæстæ, йæ уарзон адæмы нал федта», – дзырдта Нафи. «Куырыхон Нигер нын йæ рæстæджы  амыдта: Цалынмæ ирон дзыхæй дзурæг уа зæххыл, уалынмæ Къостайы койæн æнæкæнгæ нæй. Къоста Ирыстон æмæ ирон адæмæн у æнустæм цæрæццаг, ногæй ногдæр чи кæны, уыцы хур».

Иудзырдæй чиныг у тынг хъæздыг Къостайы тыххæй алыгъуызон цымыдисон хабæрттæй. Чиныгкæсæг æй йæ къухмæ куы райса, уæд æй тынг æхсызгонæй бакæсдзæн кæронмæ.  Къостайы цардвæндаг æмæ сфæлдыстады тыххæй лæмбынæгдæр базонын кæй фæнды, уыдоны хæдзары æнæмæнгæйдæр хъуамæ уа ацы  ахсджиаг æмæ хъæуæг монографи. Æнæдызæрдыгæй, чиныг тынг рабæздзæн астæуккаг скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн. Бузныг зæгъын хъæуы йæ автор Хъазиты Мелитонæн, радон хуын та ирон литературæйы къæбицмæ кæй бахаста, уый тыххæй. Бантысæд ын ноджыдæр фылдæр сфæлдисын. Чиныгæн балхæнæн уыдзæн нæ горæты чингуытæ уæйгæнæн магазинты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.