2014 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны 1-æм февралы нысан кæнынц зонады бон. Бæрæгбон фидар æрцыд национ интеллигенцийы зынгæ минæвæртты архайды тыххæй мысынадæн, кæцытæ 1922 азы 1-æм февралы сарæзтой фыццаг зонадон уагдон – Зонадон-литературон æхсæнад, кæцыйæн йæ традицитæ дарддæргæнæг æмæ бындар ссис  Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. Уыцы уæззаудæр рæстæджы, 1920 азы геноциды трагедийæ дыууæ азы дæр куынæ ма рацыд, афтæмæй Национ зонады ахæм центры сырæзт ссис ирон адæмы монон тыхы, фидæнмæ йæ нысанмæтырнындзинады цæстуынгæ æвдисæн.

Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Зонады бон снысан кæнын тыххæй фарстыл уынаффæ кодтой 2013 азы. «Мах бахатыдыстæм РХИ-йы уæды президентмæ æмæ 2014 азы 30-æм январы уый йæ къух æрфыста Барамындыл 1-æм февралы зонады бон нысан кæныны тыххæй», – банысан кодта уый.

Зонадон-литературон æхсæнад арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны автономон областы сырæзты хæдразмæ. Номхуындæй, 1922 азы 20-æм азты Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад  æрæвæрдта  зонадæн бындур. «Литературон æхсæнад» æмбырд кæнын райдыдта иртасæн куыстытæ кæнын йæ бон кæмæн уыдаид, ахæм кадрты. 1922 азы 20-æм апрелы советон хицауад хуссарирыстойнаг цæрджытæн радта арæнгонд автономи Советон Гуырдзыстоны сконды. 1925 азы Зонадон-литературон æхсæнад рацарæзт æрцыд «Хуссар Ирыстоны бæстæзонæн æхсæнадмæ». Чысыл фæстдæр, 1936 азы та ссис «Хуссар Ирыстоны рухсады Наркоматы цур зонад-иртасæн институт», æмæ дыууæ азы фæстæ та, 1938 азы иртасæн куыстытæ уагъд цыдысты Хуссар Ирыстоны ЦИК-ы цур зонадон уагдон «Æвзаг, литературæ æмæ историйы Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты». 1944 азы  Советон Гуырдзыстоны зонæдты академийы цур фидар æрцыд Уанеты Захары номыл «Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт».

Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт у иууыл рагонддæр зонадон уагдæттæй иу æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Кавказы дæр. Абон ацы центры уæвынад кæнынц истори æмæ этнологийы, ног æмæ ногдæр историйы, археологи, ирон æзаг æмæ литературæйы, экономи-кæйы хайадтæ. Институты ахуыргæндты хъусдард здæхт у Ирыстон-Аланийы рагондæр æмæ рагон историйы, Нартиадæ, ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзты фарстытæм. Зонадон уагдоны къухдариуæгад стыр нысаниуæг дæтты Хуссар Ирыстонæй æддæдæр зонадон центртимæ контакттæн. Зонад-иртасæн институты минæвæрттæ регулярон æгъдауæй хайад исынц конференциты куыд республикæйы, афтæ уымæн æддейæ дæр. Ныртæккæ республикæйы къухдариуæгад бирæ аразы национ зонад сфидардæр æмæ рæзты тыххæй, ацы нысæнттæн бæрæг финансон фæрæзтæ хицæн кæнгæйæ. «Ахуырад æмæ зонады къабаз нæ паддзахадæн у уæлдай приоритетондæр, уыимæ баст у нæ бæстæйы æххæст рæзт. Æнæ зонадæй мах дард нæ ацæудзыстæм æнæ зондджын, ахуыр адæймæгтæй æхсæнадæн нæй фидæн. Уымæ гæсгæ хицауад  дарддæр дæр æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны зонадон къабазæн», – загъта Президент Бибылты Анатоли бæстæйы зонадон æхсæнады раз ныхас кæнгæйæ.

«Литературон æхсæнад» саразынмæ чи æрæвнæлдта, уыдон ‘хсæн уыд йæ организатортæй сæ иу – Тыбылты Алыксандр. Уыцы уæззау рæстæджыты, материалон æмæ интеллектуалон бындур, финансон фæрæзтæ куынæ уыд, ахæм уавæрты Тыбылты Алыксандр æмæ «Литературон æхсæнад»-мæ бацæуæг зонадон кусджытæ æрæвнæлдтой сыгъд æмæ пырх бæстæйы экономикон æмæ монон æндидзынадмæ. Зонадон центры архайды азты Тыбылты Алыксандр зындгонд ссис куыд рухстауæг, ахуыргонд, ирон æзаджы, лингвистикæ, орфографи размæгæнæг, куыд ирон зонадон центры организатор, афтæ. Центрæн бындур æрæвæрыны бонæй фæстæмæ уый слæууыд сæрмагонд терминологон къамисы сæргъ. Зонадон центры фыццаг рабадты æвæрд æрцыд фарст иугонд ирон литературон æвзаджы тыххæй. «Литературон æхсæнад» (фæстдæр бæстæзонæн институт) кодта стыр куыст ацы проблемæйы фæдыл. Æмæ 1925 азы æвзонг иртасæг æрбавдыста йæ фыццаг зонадон куыст – «Ирон æвзаджы æппæт къабæзтæн иугонд литературон æвзаг», зæгъгæ, ахæм номимæ. Зонадон центры Тыбылты Алыксандр слæууыд историон-культурон хайады сæргъ. Æмæ уыцы рæстæджы афтæхуыйнæг культурон революцийы уавæрты æппæт бæстæйы райдыдта фыссынады латинизаци. Фыссынад латинаг графикæмæ кæй ракодтой, уый бирæ азтæм бафæстиат кодта ирон адæмы культурон рæзт.  Ирæттæн алфавиты реформæ, растдæр зæгъгæйæ, уыд рæдыд къахдзæф, латинизаци пайда уыд арабаг графикæ кæмæн уыд, уыцы адæмтæн. Тыбылты Алыксандр активон хайад иста областон алыгъуызон конференциты, æмбырдты, ралæууыд-иу докладтимæ ирон терминологи, орфографи, ахуырадон системæйы ирон æвзаг ныббиноныг кæныны, терминологон дзырдуæттæ саразыны æмæ æвзаджы æндæр проблемæты фæдыл. Тыбылты Алыксандр институты советы æххæст кодта алыгъуызон хæслæвæрдтæ дзырдуæттæ, проекттæ саразыны, орфографи, терминты нормæтæ бакусыны фæдыл. Систематикон æгъдауæй ацы фарстытыл уынаффæ кодтой Цæгат Ирыстоны бæстæзонæн институтимæ. Институты зонадон куыстыты фыццаг æмбырдгондмæ хаст æрцыд советон хицауад сфидар кæныны 10 азы æмæ институты зонадон архайды 10 азы боны цытæн Тыбылты Алыксандры уац, цыран хатдзæгтæ арæзт æрцыдысты институты кусджыты зонадон иртасæнтæн. 1931 азы институты терминологон къамис Тыбылты Алыксандры къухдариуæгадæй бацæттæ кодта дзырдуат «В помощь коренизаци советского аппарата и школ»-ы дыккаг том. 30-æм азты институты кусджыты иртасæн куыстыты ‘хсæн уыд йæ уац «Литературæ æмæ лингвистикæ» дæр.

Тыбылты Алыксандр у зынгæ рухстауæг, фыццаг зонадон организатортæ æмæ аразджытæй иу. Уымæн ирон æвзаджы æмæ иумиагæй ирзонынады рæзты йæ лæггæдтæн саргъгæнæн дæр нæй. Уый уыд уникалон гоймаг æмæ йæ хъуамæ зоной æмæ йæ сæ зæрдыл дарой Ирыстоны фæлтæртæ.

«Кæд нæ куысты цахæмдæр зындзинæдтыл æмбæлæм, уæддæр зонад-иртасæн институты ис ахæм ахуыргæндтæ, кæцытæн сæ бон у дарддæр дæр нæ зонад размæ кæнын. Зæгъæм, Дзиццойты Юри, Битарты Зоя, Дзугаты Къоста æмæ  æндæртæ. Мыхуырмæ цæттæ у Дзиццойты Юри æмæ Цхуырбаты Замирæйы «Хуссар Ирыстоны топоними». План æй кæнæм Мæскуыйы рауагъдад «Зонад»-ы ныммыхуыр кæнын. Куыст цæуы археологийы фæдыл уырыссаг-ирон дзырдуатыл æмæ къорд æндæр ахæм куыстытыл. РХИ-йы Зонад-иртасæн институт стыр хъусдард здахы æндæр бæстæты зонадон центртимæ бастдзинады рæзтмæ, фыццаг рады уæрæсейаг уагдæттæ æмæ фондтимæ. Зæгъæм нæ кусджытæ активон хайад истой фундаменталон иртасынæдты уæрæсейаг фонды проектты. Махæн æмгуыстады тыххæй бадзырдтæ арæзт ис УФ-йы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центримæ, афтæ ма æвзагзонынады институт, Мæскуыйы археологийы институтимæ æмæ афтæ дарддæр. Контакттæ нын ис Абхазы гуманитарон иртасынæдты институтимæ дæр.  Фæнд кæнæм Сербийы къорд зонадон центртимæ æмгуыстад сорганизаци кæнын дæр. Хуссар Ирыстон йæ зонадон архайд  не ‘рурæдта Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ иууыл уæззаудæр азты дæр», – банысан кодта зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ ацы аз 1-æм февралы зонад-иртасæн институтыл кæй сæххæст 100 азы, фæлæ   пандемийы аххосæй юбилейон мадзæлттæ хаст æрцыдысты фæстæдæр æмгъуыдмæ.

                              ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.